Ног хабæрттæ
«Скъолæйы мын дзурынц, цæмæй æз дæн æндæр хъæуæй æрцæугæ» - лигъдон Ксуисæй
Чысыл Леуахигомæй лигъдон 15-аздзыд Гудадзе Нино августы хæсты фæстæ Хурвалеты хъæуы цæры. Йæ райгуырæн хъæу Ксуисы 2008 азы 8-æм августы ныууагъта æмæ йæ ныййарджытимæ иумæ Гурмæ æрцыди. Дзуры, цæмæй йæ чысыл кармæ æнæгæсгæйæ уыцы периоды æрцæугæ хабæртты тынг хорз хъуыды кæны. Уæлдайдæр тынгдæр та йæ зæрдыл лæууы Гуры æрхаугæ бомбæты хабар.

«Хæдзары уыдыстæм хæст куы райдыдта æмæ фыццаг бон ныккæнды сбон кодтам. Хъуыды кодтам уыцы рæстæджы ныккæнд æппæтæй æдасдæр бынат кæй уыд. Стæй Гурырдæм рацыдыстæм æмæ та уым дæр бомбæты бын бахаудыстæм. Уый фæстæ Рустаумæ рацыдыстæм, цъус фæстæдæр та Ныгуылæн Гуырдзыстонмæ. Уым хæрзчысыл рæстæг фестæм æмæ хæст куы фæци уæд нæ Хурвалеты лигъдæтты цæрæнуаты æрцæрын кодтой», - зæгъы коймаг æвзонг чызг.

Лигъдон рæстæджы æрвыст азтæ уымæн æнæзæрдæмæдзæугæ цаутимæ ассоцир кæнынц. Конкретонæй та, куыд йæхæдæг зæгъы, 10 азы аивгъуыдмæ нæ гæсгæйæ Хурвалеты хъæуы уыдон уæддæр арæх æвзарынц. Уый информацимæ гæсгæ, темы провоциргæнæг сæйрагæй хистæр фæлтæр у, фæлæ кæстæр кары уæдтæ дæр арæх сæ ныййарджыты уагахаст фæлхатт кæнынц æмæ лигъдæттырдæм дискредитацийы æвдисынц.

«Æнæгæсгæйæ уымæ, æмæ 10 азы рацыди, абоны онг нæ æвзарынц бынæттонтæй. Уый сæрагæйдæр хъæуты цæуы, æмæ скъолæты дæр абоны онг ис адаптацийы проблемæ. Абоны онг нæ сæхиуæттыл нæ нымайынц æмæ нын арæх фæдзурынц, цæмæй мах кæй стæм æндæр хъæуæй æрцæугæ æмæ кæй цæрæм сæ территорийыл», - зæгъы Гудадзе Нино.

Лигъдон æвзонг чызг активонæй хайад исы æмбарады фæдыл арæзт фембæлдтыл æмæ цæрæнуаты уæвæг уавæртыл арæх фæныхас кæны. Дзырд лигъдоны хъусгæйæ уымæн æвзæрын кæны æнæзæрдæмæдзæугæ æнкъарынад æмæ йæ фæнды, цæмæй йе мгæрттимæ æмæ хистæр фæлтæримæ æмахастыты йæхи ма æнкъара æндæр къуымы минæварæй.

«Æмбарады» тыххæй тренинг уагъд цæуы организаци «Картлоси»-йы инициативæй .

Print