Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Петриашвили Гено: «Мæнæн дæр мæ зæрдæ риссы афтæ мæ райгуырæн бæстæйыл, куыд алы гуырдзиагæн»
Дунеон чемпион æмæ уæгъдибар стилæй хъæбысæйхæцджыты æмбырдгонды уæнг, Петриашвили Гено социалон хызы рапарахатгонд фототы тыххæй, хъусинаг парахат кæны. Уый ныхасмæ гæсгæ, Тедеты Джамболаты (Джабо) хуызджын майкæйы скæнгæйæ хуызтæм йæ хъус не рдардта.

«Уæ бонтæ хорз. Социалон хызты рапарахатгонд мæн æмæ мæ командæйы уæнгты фотойы тыххæй мæ фæнды зæгъын. Фото ист у 2018 азы Европæйы чемпионатыл Дагъистаны, цыран нæ Тедеты Джабо ракуырдта фото сисын йæхи хуызджын майкæимæ иумæ æмæ мах дæр хæларæй сразы стæм, уымæн æмæ мах фарсхæцæг у æмæ хæлæрттæ стæм. Æнгæс майкæтæ сувениры хуызы ис алы чемпионатыл дæр. Ацы майкæйыл ис мæ хæлар хъæбысæйхæцæджы ныв æмæ æрмæстдæр уый тыххæй систам ацы фото, уый уыд æрмæст хæларон жест. Бауырнæд уæ майкæйы хуызтæм мæ хъус не рдардтон. Мæнæн дæр æмæ командæйы алы уæнгæн дæр афтæ риссы йæ зæрдæ райгуырæн бæстæйыл æмæ сæфт территоритыл, куыддæриддæр алы гуырдзиагæн риссы йæ зæрдæ», - фыссы Петриашвили Гено фейсбукы сæрмагонд фарсыл.

Абон веб-портал On.ge-йыл рапарахат ис статья ахæм сæргондимæ: «Гуырдзыстоны æмбырдгонды хъæбысæйхæцджытæ дэ-факто Ирыстоны депутаты «цытæн» уый майкæ йæ нывимæ скодтой сæ уæлæ. Статимæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны хъæбысæй хæцыны национ æмбырдгонды сæйраг тренер æмæ хъæбысæйхæцджытæ Уæрæсейы тырысайыхуызы майкæты мидæг фото систой. Майкæтыл дэ-факто Ирыстоны парламенты депутаты æмæ Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренеры, Тедеты Джамболаты цæсгомы хуыз у мыхуыргонд.

Фотойыл, кæцы On.ge-мæ кæсæг балæвæрдта, æвдыст ис ноджы æртæ гоймаг, кæцыты майкæтыл фыст ис RUSSIA. Уыдоны идентифицирдзинад On.ge-йæн йæ бон не сси.

Петриашвили Гено Нулы хъæуæй у. Пронейы комы ацы хъæу оккупиргонд у æмæ этникон гуырдзиæгтæй уым ничиуал ис. Ацы хъæуæй 11 азы размæ Петриашвили Генойы криминалтæ аскъæфтой æмæ йæ дэ-факто республикæйы дæлбариуæг территоримæ акодтой. Æртæ мæйы фæстæ, Петриашвили Генойы ссæрибар кодтой. Скъæфджытæ æхца куырдтой.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.