Хашуры, раздæры рынчындоны бæстыхайы цæрæг лигъдæтты цалдæр фатеры
цар ныккалди. Бынæттонты ныхасмæ гæсгæйæ, уый аххосаг у æнæхъæдон
сæххæстгонд куыстытæ.
Лигъдæттæ дзурынц, цæмæй сæ цæрæн уæтты астæрд дæр раивинаг кæй у.
Хашуры раздæры рынчындоны бæстыхайы Пронейы комæй лигъдон гоймæгтæ
цæрынц.
Тигъвайы муниципалитеты гамгебели Петриашвили Спартак лигъдæттæн
баххуыс кæныны ныфс æвæры. Уый курдиатмæ гæсгæ, цар æмæ астæрд
хæрзæввахс рæстæджыты цалцæггонд æрцæудзæнис.
Петриашвили Спартакимæ иумæ уыдысты, Хашуры йæ хæдивæг Бегиашвили
Александр, инфраструктурæйы куыстуаты хистæр Давитидзе Сейран æмæ
гамгеобайы æмкусджытæ.