Ног хабæрттæ
«Ойы, ай оккупаци у» - Германы канцлеры Гуырдзыстонимæ æмгуыстдзинады сфидар кæнын фæнды
Ангела Меркелы Тбилисы Иванэ Джвахишвилийы номыл паддзахадон университеты ауагъд фембæлдыл студент бафарста: - «Абхазийы æмæ Цхинвалы цауы сымах æрвылхатт дзурут, цæмæй уый æнæрастдзинад у». Интерес мæ кæны, нымайут æви нæ сымах, уый оккупацийыл? Меркель дзуапп дæттгæйæ загъта, цæмæй фарсты нæ бамбæрста.

Студент та дыккаг хатт сфæлхатт кодта фарсты. «Ойы, ай у оккупаци», - канцлеры дзуаппæн залы уæвджытæ нымдзæгъд кодтой.
«Гуырдзыстонæн стыр расидт у оккупирон территоритæ æмæ уый алцыдæр стыр тыхархайд домы», - цитатæ хæссы Ангела Меркелы ныхæстæ «Нетгазет».

Германийы Гуырдзыстонимæ æмгуыстдзинады сфидар кæнын фæнды, - ай тыххæй дзырд цæуы Германы хицауады официалон веб-фарсыл канцлер, Ангела Меркелы Гуырдзыстонмæ визиты тыххæй рапарахатгонд информацийы.

Статиа æхсæнадон уацхæссæг ратæлмац кодта, кæцымæ гæсгæйæ, куыд Хуссар Кавказы турнейы фыццаг бæстæмæ визиты рæстæджы Ангела Меркель расидт, цæмæй уый Гуырдзыстонимæ æмгуыстдзинады райрæзт фæнды.

«Мах Гуырдзыстонимæ бирæ æнгомдæр æмгуыстдзинады фæндагыл стæм Евроцæдисы æххуысæй, кæцыйы цæвиттон нын ассоцирдзинады æмæ сæрибар базарады тыххæй бадзырд æвдисы», - расидт Германы канцлер.

Германы хицауады курдиаты нысангонд ис, цæмæй Гуырдзыстон Ангела Меркелы Хуссар Кавказаг турнейы фыццаг æрлæууæндон уыд.
Ай фæстæ уый Армени æмæ Азербайджанмæ ацæудзæнис.

«Федералон хицауад интерес кæны регионы хорз рæзынадæй æмæ йæ фарс хæцы ацы бæстæты демократийы æмæ законы уæлдæрдзинадæн», - дзырд цæуы Германы хицауады курдиаты.

Германы хицауад нысан кæны, цæмæй Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» конфликтты сабырадонæй æрбæстонкæнынырдæм здæхт тыхархайдæн йæ фарс хæцы.

Канцлеры курдиатмæ гæсгæ, уый Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн йæ фарс хæцы. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, Германи бацархайдзæнис, сæрмагонд хай бахæсса конфликты æрбæстон кæныны. Германы канцлер куыд расидт, уымæ гæсгæ, нæй гæнæн ахæм æнæрастдзинады ферох кæнын æмæ æнæмæнгхъæугæ у къухарæзт, цæмæй ацы фарст лæууа боны фæткы.

Экономикон æмгуыстдзинадмæ та цы хауы, уымæй премьер-министр Бахтадзе Мамукаимæ ауагъд прессконференцийыл Ангела Меркель расидт, цæмæй оформитгонд кæй æрцыд 193 милуан эвройы æргъады дыууæ бадзырды.

«Æнæнхъæлæджы нæу, æмæ ам мемæ кæй сты бизнесменты делегаци», - банысан кодта Германы канцлер.


Print