Ног хабæрттæ
Гуры мэр: мах ардыгæй бомбæтæ æхсын куы райдыдтам уыдон дæр куы фехстаиккой?!
Гуры мер Тавзарашвили Константине хæсты райдыды гуырдзиаг фарсы аххосджын кæны æмæ курдиат лигъдæтимæ фембæлды рæстæджы сарæзта:

«Махмæ æппындæр ничи уыдис фæдзæхст. Гæнæн уыдис æмæ ардыгæй куы æхсай уырдыгæй дæр дзуаппæн фехсой. Уæд ам цы æрцыдаид хъуыды йыл кæнут? Мах уый стæй дыккаг райсом базыдтам, куы райхъал стæм 8-æм августы ай цы рцыдис, райдыдта… иунæг адæймаг дæр æй нæ зыдтам. Сымах æй нæ зыдтат, нæ. Ай тыххæй куы фæрсут æмæ фарст куы дæттут, уыдон дæр куы фехстаиккой мах ардыгæй бомбæтæ æхсын куы райдыдтам, уыдон дæр куы фехстаиккой уæд цыми кодтаиккам?!...», - зæгъы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Гуры мэр, Тавзарашвили Константине.

Фембæлды рæстæджы Тавзарашвили Константине расистон курдиат дæр сарæзта æмæ АИШ-ы раздæры паддзахадон нымæрдары Кондолиза Райсы та «негр» рахуыдта.

Тавзарашвили Константине президентон æвзæрстытыл цæрджытæн Зурабишвили Саломейы фарс хæцыны рдæм басидтис.

Гуры мэр ацы фарстæйыл дзургæйæ расидтис, цæмæй уый нæ хъуыды кæны «ахæм исты» сарæзтаид. Тавзарашвилийы ныхасмæ гæсгæ, хатыр куры уый тыххæй, «кæд дзы исты механиконæй» сирвæзтис.

Print