Ног хабæрттæ
Квемо Чъалайы æвзонг фæсивæд «Амилахвробайæн» бындур ныккалдтой
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Квемо Чъалайы хъæуы æвзонг фæсивæд «Амилахвробайæн» бындур ныккалдтой. Сæхи сæрмагонд тыхтæй, уыдон фæзуаты æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ ауагътой. Равæрдтой сæ куыстытæ, нывтæ, ауагътой хъæбысæй хæст, кæцыйы фæуды фæстæ, бынæттон цæрджытæ концертон залмæ сæ бынат раивтой.

Квемо Чъалайы культурæйы хæдзары залы 400 адæймаг цæуы. Зал адæмæй йæ тæккæ дзаг уыди. Концерты фæстаг зарæджы «Æрмæст гуырдзиаг»-ы уæлахиздзау, Батилашвили Сопо сæххæст кодта. Уый ацы хъæуккаг у. Уымæн ма йемæ уыдис «Æрмæст гуырдзиаджы» хайадисæг – Къоста дæр. Хъæбысæй хæстмæ æрбацыдис зынгæ гуырдзиаг хъæбысæйхæцæг Куртанидзе Лукъа.

Мадзал гом арвы бын 15 сахатыл райдыдта æмæ 2008 азы Гуырдзыстон-Уæрæсейы хæстæй 10 азы рацыды номарæн уыд. Евроцæдисы Цæстдарæгон Миссийы минæвæрттæ æрыгæтты сфæлдыстадимæ базонгæ сты.

Спортивон активты рæстæджы уагъд æрцыдис бынæттон хæринæгты æмæ нуæзтыты дегустаци.

«Амилахвроба 2018» организаци «Æвзонг фæсивæд иугонд фидæны» инциативæй уагъд æрцыд. Æвзонг фæсивæдæн зынгæ гуырдзиаг поэт æмæ Къаспы историйы автор Отарашвили Важа баххуыс кодта. Отарашвили Важа Квемо Чъалайы хъæуккаг у, уый зæгъы, цæмæй ныртæккæ фылдæр йæ райгуырæн хъæуы цæры.

Мадзалыл хайад райста ансамбль «Схвилоел». Уыдон мадзалмæ æрцæуæг кæсджытæн равдыстой адæмон кæфтытæ. «Схвилоелæгтæ» сæ репертуармæ ирон кафт дæр бахастой æмæ ныр фыццаг хат ацы кафты раст «Амилахвробайы» боны сæххæст кодтой. Дебют дзæвгар стыр интерес расайдта. Ацы ансамблы кафынц куыд Квемо Чъалайы цæрæг, афтæ, сыхаг ирон хъæуты цæрæг сабитæ дæр.

Мадзалы æвварсхæцджытæ уыдысты Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министры аппарат; Къаспы муниципалитеты мэр; Гуырдзыстоны парламенты национ чиныгдон; Гуырдзыстоны хореографты цæдис; Аивад æмæ культурæйы рæзты цæдис «Art-Folk».


Print