Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цихелашвили Кетеван: «Уæрæсе тырны, арæн скæна «Æфсæддон гето»
«Нæ къухы бын уæвæг алы беркет дæр архайын райдыдта – тæвд хахх дæр, уырыссæгтимæ коммуникаци дæр, нæ партнертимæ коммуникаци дæр, цæмæй цыдæриддæр арæзт цæуы уый урæд æрцæуа», - ай фæдыл Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван Атъоцы хъæуы расидтис, цыран оккупацион режимы ‘рдыгæй сындзтелгæрæны монтаж цæуы.

«Фыццаджыдæр, уын зæгъдзынæн, æмæ цыдæриддæр ардыгæй 50 метрмæ арæзт цæуы уый кæй у худинаггаг, абсолютонæй æнæрайсинаг æмæ уыцы политикæ, кæцыйы Уæрæсе 2008 азæй райдагæйæ нæ бæстæйы территорийыл æххæст кæны, уымæн нæ уыдзæнис ницыхуызон перспективæ. Æмæ мæн уый кæронмæ уырны. Фæнды мæ ацы бынатæй хъæрæй зæгъон, цæмæй мах ахæм уавæрыл никуы сразы уыдзыстæм, мах нæ басæтдзыстæм, ноджы тынгдæр сфидар уыдзыстæм, не ‘рлæудзыстæм нæ сабырадон тохæй, цалынмæ ацы хидинаггаг сындзтелгæрæнты фæстаг метр хæлд не рцæудзæнис нæ бæстæйы территорийыл. Мæн абон мæ амы уæвынæй фæнды равдисон æмæ Атъоцы цæрджытимæ иумæ кæй дæн. Абон физиконæй дæн уыдонимæ æмæ афтæ æвдисын мæ фарсхæцынады, ме рвылбонон архайддзинад лæггад кæны ацы адæмы интерестæн. Афтæ ма, уыцы адæмы интерестæн, кæцытæ зиан баййæфтой ацы сындзтелгæрæнты политикæйæ абон», - фехъусын кодта Цихелашвили Кетеван.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы бæстæ тырны, цæмæй арæн скæна «Æфсæддон гето».

«Фактивонæй, сафтидгонд Цхинвалы регионы изоляцийы кæнынц æмæ уым баззайæг адæймæгтæн æнæбыхсгæ фыдуавæртæ аразынц. Уырыссаг æфсæддонты рдыгæй ацы æнæуæвгæ арæныл ахызты рæстæджы æрцахсгæ адæймæгты 90% зæгъæн ис æмæ раст уыдон сты, кæцытæ цæрынц оккупирон территорийыл æмæ уыдонæн дыууæрдæм цæуын æнæмæнгхъæугæ кæй у. Ай у алкæмæндæр æнæрайсгæ æмæ æнæбыхсгæ уавæр», - расидтис Цихелашвили Кетеван.

Уый ныхасæй, ай æвзæрстагъоммæ уавæр у æмæ куыд зыны, уымæ гæсгæ сæ фæнды хицауадыл æмæ цæрджытыл уæлæмхас æндæвдады беркетæй спайда кæнын.

«Раст уый тыххæй, мах хъуамæ уæм уæлдай фидардæр æмæ тыхджындæр, ма сын раттæм ацы провокацитæй уыцы бар, цæмæй сæ нысан сæххæст кæной. Мах хъуамæ æнæмæнгæй æнæцудгæйæ райрæзæм», - фехъусын кодта Цихелашвили Кетеван.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, дыууæ боны размæ уыдис специалон къамисы рабадт æмæ цалдæр уынаффæйы райстой уый фæдыл, цæмæй Атъоцы æмæ æндæр хъæуты цæрджытæн баххуыс кæной сæ зымæг арвитынæн.

«Цалдæр нысаниуæгджын уынаффæ ист æрцыд, цæмæй Атъоцы æмæ æндæр хъæуты цæрджытæн баххуыс кæной зымæг арвитынæн. Сæрмагондæй, сын, баххуыс кæнæм 200-ларийы ваучертæй, алы студенты дæр сфинанс кæнæм, сæ нымæц 4 азы дæргъы 471-æй 1200-онг сырæзт. Ноджы фылдæр уыдзыстæм æмæ цæрджытæ нæ ныууаддзысты ацы хъæуты», - расидтис Цихелашвили Кетеван.

Цихелашвили Кетеваны нымадмæ гæсгæ, оккупиронгонд «Хуссар Ирыстоны» а.х. арæны халджыты ‘рдæм иварты скарздзинад у æхцайы байсыны иуæй-иу механизм, - ай фæдыл Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министр Атъоцы хъæуы расидтис, цыран оккупацион режимы ‘рдыгæй сындзтелгæрæн монтажгонд цæуы.

«Ахст уыд не ‘мбæстаг сылгоймаг, кæцыйыл дау кодтой, цæмæй уый ирон цæрджытæн æххуыс кодта ацы сындзтелгæрæнтыл иннæ фарсмæ рахизынæн. Уæд уыдон анонс сарæзтой, цæмæй ацы а.х. ивартæ кæй фæфылдæр уыдаиккой. Æцæгæй та, ай у æхцайы байсыны иуæй-иу механизм цæрджытæй, æхсæнадæй æмæ паддзахадæй. Амæн æндæр ницыхуызон аргъ скæнæн ис», - загъта Цихелашвили Кетеван.

Уый ныхасмæ гæсгæ, цахæмфæнды формæйæ дæр ацы а.х. ивартæ сты æнæзаконон æмæ æнæрайсгæ.

Оккупиронгонд «Хуссар Ирыстоны» дэ-факто парламент иуыл æввахсдæр рабадтыл а.х. арæнты фехалыны фæдыл административон бæрндзинады законпроектмæ æркæсдзæн. Ай тыххæй дэ-факто парламенты пресс-куыстуат хъусын кæны.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.