Ног хабæрттæ
Зурабишвили Саломейыл Атъоцы уырыссаг æфсæддонтæ не сымбæлдысты
8-æм ноябры, президентон кандидат Зурабишвили Саломе Атъоцы хъæумæ ныццыдис æмæ уыцы бынатмæ бацыдис, цыран 1-аг ноябры уырыссаг æфсæддонтæ æфсæйнаг хызтæй æмбонд аразын райдыдтой.

Президентон кандидат дихгæнæг хаххæй бахызтис. Визиты рæстæджы сындзтелгæрæны цур уырыссаг æфсæддонтæ нæ лæууыдысты.

«Ай у уый, кæцыйыл мах никуы сразы уыдзыстæм. Ай у нæ бæстæйæн æппæтæй стырдæр рыстдзинад, ай у уый, кæцыйыл фидæны президент хъуамæ хъуыды кæна, фыццаджыдæр: цæмæй ацы оккупацион хахх ист æрцæуа, цæмæй раздахæм нæ бæстæйы арæнты. Хъуамæ нæ хъус дарæм ацы цæрджыты уавæрмæ, кæцытæн нæй фадат æмæ сабыр цард кæной. Президент, куыд сæйрагкомандыгæнæг, хъуамæ хъуыды кæна арæныл, хъуамæ йæ хъус дара ацы адæймæгты æдасдзинадмæ. Æнæ æдасдзинад нæ уыдзæн сабыр цард, рæзынад; цæрджытæ æнæхъæнæй баст сты хъæууон хæдзарадыл. Хæххон регионтæн куыд баххуыс кодтам, афтæ хъуамæ баххуыс кæнæм ацы регионтæн дæр», - загъта Зурабишвили Саломе.

Print