Ног хабæрттæ
Кацарава Давит: «Ацы бынатыл не ппæт дæр иумæ хъуамæ æрлæууæм»
Змæлд «Тых иудзинады ис»-ы лидер Кацарава Давит нымайы, цæмæй оккупацион хаххы цур алы политикон змæлды минæвар дæр хъуамæ иумæ æрлæууой. Ай фæдыл уый Шида Картлийы информацион центримæ ныхасы рæстæджы фехъусын кодта.
Уый Атъоцы хъæумæ райсомæй ныццыдис æмæ президентон кандидаты Зурабишвили Саломейы визиты рæстæджы уым уыдис.

«Ацы бынатмæ æрмæст Зурабишвили Саломе нæ, фæлæ кæцыфæнды æмбæстаг дæр хъуамæ æрцæуа. Раст тых иудзинады ис æмæ уый у, кæцы гуырдзиаг адæмы фервæзын кæндзæнис. Ардæм æрцæуын никæй эксклюзивон бар у. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæмæдзæугæ у йе рцыд ардæм. Куыд зыны афтæмæй, уый фæнды рараст кæна уыцы политикон курдиæтты, кæцыты чысыл раздæр сарæзта – ома дам, хæст Гуырдзыстон райдыдта æмæ Абхази æмæ Самачабло Гуырдзыстоны гангренæ у», - фехъусын кодта Кацарава Давит.

Print