Ног хабæрттæ
Зурабишвили Саломе Атъоцы цæрджытимæ фембæлд
Президентон кандидат Зурабишвили Саломе атъоцæгтимæ фембæлд. Пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, кандидат бынæттон цæрджыты уавæртæм баинтерес кодта.

Уый, генералтимæ иумæ, оккупацион хаххы цурмæ бацыдис.
«Ай у уый кæцы бæстæйæн æппæтæй стырдæр рыстдзинад у, кæцыйыл фидæны президент хъуамæ хъуыды кæна, фыццаджыдæр: цæмæй ацы оккупацион хахх хæлд æрцæуа, цæмæй раздахæм нæ бæстæйы арæнты. Хъуамæ нæ хъус дарæм ацы цæрджыты уавæрмæ, кæцытæн нæй фадат æмæ сабыр цард кæной. Президент, куыд сæйрагкомандыгæнæг, хъуамæ хъуыды кæна арæныл, хъуамæ йæ хъус дара ацы адæймæгты æдасдзинадмæ. Æнæ æдасдзинад нæ уыдзæн сабыр цард, рæзынад; цæрджытæ æнæхъæнæй баст сты хъæууон хæдзарадыл. Президент, куыд сæйрагкомандыгæнæг, хъуамæ тыхса ацы адæймæгты æрбылбонон хъысмæтыл», - загъта Зурабишвили Саломе.

Атъоцы хъæуы уыдис Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады Гуырдзыстоны паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван дæр. Уый ныхасмæ гæсгæ, хъæуы бирæ проблемæ бæстонгонд æрцыд, фæлæ ацы рæстæгмæ ноджы баззадис иу ахсджиаг проблемæ æрбæстонкæнинаг – донæй ифтонгкæнынад. Хъæуы ныридæгæн арæзт æрцыд цъай, цæттæ у хыз дæр æмæ абонæй баиугæнæн куыстытæ райдайдзысты, цæй фæстиуæгæн дæр хъæуæн фаг дон уыдзæнис.

«Æмткæй, ацы хъæуты фылдæр хайæн нуазыны доны проблемæ бæстонгонд æрцыд. Тынг бирæ хъæуты сын дон æппындæр нæ уыдис. Ныр уыдонæй 33 хъæуы арæзт æрцыд цъайтæ æмæ донцъирæн системæтæ. Баззадис ма æдæппæтæй 26 хъæуы, ацы хъæутæй 17-ы азы кæронмæ арæзт фæуыдзысты доны системæ. Уый зæгъын мæ фæнды æмæ тагъд ацы хъæуты доны проблемæ æнæхъæнæй бæстонгонд æрцæудзæнис».

«Цæрджыты æндæр уынаффæтимæ дæр базонгæ кодтам – зымæг арвитынæн алы хæдзары бинонтæн лæвæрд æрцæудзæнис газы 200 ларион ваучеры. Атъоцы скъолæйы каст фæуджытæ ацы аз паддзахадæй спендитæ райстой æмæ мæ фæнды, цæмæй ацы хъæуы ноджы фылдæр сабитæ ахуыр кæной æмæ хъомыл кæной, ацы уæззау уавæртæм æнæгæсгæйæ. Цалдæр метры дæрддзæгмæ уырыссаг æфсæддонтæ сындзтелгæрæнтæ аразынц. Алцыппæт дæр сараздзыстæм уый тыххæй, цæмæй цæрджытæ сæхи хорз хатой. Ай тыххæй бирæ кусæм, фæлæ нæ ноджыдæр фылдæр бахъæудзæн кусын æмæ æнæмæнгæй нæ бон суыдзæн», - загъта Цихелашвили Кетеван.

 

 

Print