Ног хабæрттæ
Эргнеты зæххытæм трактортæ кусынмæ нæ хизынц
Гуры муниципалитеты Эргнеты хъæуы зæххыты къухæй кусынц.

Уалдзыгон куыстытæ дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты æнæ тракторæй куыстгонд цæуынц.

Шида Картлийы информацион центры журналисттæ цæрджытимæ, растдæр, зæххы фадгуыты куысты рæстæджы, ныхас кодтой.

Эргнеты цæрæг Къасрадзе Къакъо Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ зæгъы, цæмæй хъæуы зæххытæ трактортæй куыст нæ цæуынц.

Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты дыргъдæтты дыргъбæлæстæ, зæгъæн и æмæ нал дæр ис. Цæрджыты иу хай фæткъуы æмæ кæрдойы баззайгæ бындзæфхæдтæ сыджытæй къахынц æмæ калынц.

Къасрадзе Къакъо (Эргнеты бындурон цæрæг): - «Трактортæ мидæмæ нæ хизынц, уынут æй уæхæдæг дæр, цы уавæры стæм. 15 азы æнæкуыст зæххы къахын. Нæ цæуынц уый тыххæй æмæ оккупацигонд территоримæ æввахс стæм æмæ æвæццæгæн тæрсынц, хъæуы дæр нæй трактор».

Къасрадзе Вахтанг (Эргнеты бындурон цæрæг): - «Ацы бынæтты-иу раздæр 3 тъонмæ ‘ввахс дыргъ æрзад, ныр афтид у æмæ зæххы та къухæй кусæм. Уæдæ куыд кæнæм, ардæм техникæ нæ цæуы, уымæн æмæ, тæрсынц, раджы нын уыдис нæхи сæрмагонд техникæ, фæлæ йæ стæй адавтой, чи судзгæ бакодта, ныр тыхсæм. Алцыдæр нын бынтон ногæй аразын хъæуы».

Къасрадзе Къакъо: - «Ам танктæ фæразил-базил кодтой, бæлæстæ иууылдæр фæлдæхт уыдысты. Фæткъутæ æмæ кæрдоты бынсæфт фæкодта. Уæртæ куыд калд сты. Нæ зонын ам цы хъуыддаг уыд танкы? Хæтæл суагъта фæткъуытыл æмæ иууылдæр бынмæ æркалдысты».


Print