Ног хабæрттæ
«Фос æрбахызти æмæ сæм æркæсут, уæ хорзæхæй» - дзæнгæрæг ирон хъæумæ
Гуырдзиаг хъæу, Сакоринтлойы æмæ ирон хъæу, Абревы ‘хсæн арæзт дихгæнæг хаххыл æнæкъуылымпыйæ æрмæст фос ахизы. Амæ гæсгæйæ Саламашвили Циалайы бахъæуы телефонæй адзурын сыхаг хъæумæ, Абревмæ, цæмæй ын йæ фосы фæстæмæ раздахой. Аналогион вæййы уыдонырдыгæй дæр.

Ацы дыууæ хъæуы ‘хсæн телтæй æмбонд, æрмæст, цалдæр дæсгай метры у уагъд. Цыран телтæй æмбонд уагъд и, уым, фос нæ хизы. Дыууæ хъæуы цæрджытæ дæр архайынц зындзинæдты сæрæй аиуварс кæной, фæлæ арæх афтæ нæ рауайы. Хизæнтæ дихгæнæг хаххмæ æввахс сты.

Саламашвили Циала нæ уыцы бынатмæ бакодта, цыран йæхи æмæ йæ сыхæгты цæхæрадæттæм ирон хъæуæй рахизгæ фос бахизы:

«Уыдон дæр нын фехъусын кæнынц, æмæ сæ фос кæй рахызтысты махырдæм æмæ дам нын сæ раздахут. Нæдæр уыдон цæуынц æввахс, уый тыххæй æмæ уырыссаг æфсæддонтæ арæныл рахизыны аххосагæй уыдоны дæр ахсынц» - дзуры нын Саламашвили Циала.

Изæры хъæуы фос Сакоринтеломæ æнæфæцухæй æрбаздæхт. Фыййæу Саламашвили Циалайæн загъта, цæмæй уый куы адзырдта телефонæй, уæд уыцы дзæнгæрæджы фæстæ, Абревæй фосы раздæхтой.

Саламашвили Циала нын загъта, цæмæй уæлмæрдмæ ацæуын, æрмæстдæр, куадзæны бæрæгбоны вæййы гæнæн.

«Ивгъуыд къуырийы нæ хъæуы иу æвзонг лæг фæзиан. Абревы схъомыл ис æмæ фæстагмæ ам цард. Æнæхъæн Абрев хъынцъым кодта, мæсæллæйттæ нын кодтой. Æрбацæуын дæр сæ фæндыди, фæлæ куыд хъуамæ сфæрæз кодтаиккой. Тынг æй уарзтой уыцы хъæуы».


Print