Ног хабæрттæ
Репортаж ирон цæрæнуатæй – Фæзуаты хъæу
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Фæзуаты хъæу Дæллаг Чъалайы территорион теммæ хауы. Ам, фылдæр, Къудухашвилитæ, Хубашвилитæ, Меладзетæ æмæ Поладашвилитæ цæрынц. Комунистты рæстæджы, уыдон æрцардысты ам, сæ бынатмæ абаргæйæ, фæздæр территорийыл, кæцыйы фæстæдæр быдырæн æмæ халсар тауынæн пайда кодтой.

«Нæ хъæуы сæрмæ хорз бынат уыд. Совхозы рæстæджы банымадтой, цæмæй куыстгонд æрцыдаид. Уымæ абаргæйæ мах дæлдæр æркодтой цæрынæн æмæ йæ æвæццæгæн уый тыххæй рахуыдтой ацы хъæуы Фæзуат» - зæгъы нын ацы хъæуы бынæттон цæрæг Поладашвили Этер.

Хъæуы дэ-факто Хуссар Ирыстоны контролгонд ирон цæрæнуат – чысыл къуылдым арæн кæны. Къуылдымджын бынатмæ гæсгæйæ хъæуы мидæг фæндæгтæ хæлд сты. Къæвдайы рæстæджы лæсæнтæ уæрмытæ уадзы. Автомобилтæ дзы зынæй змæлынц.

«Æрвылаз нын ныфс æвæрынц, хуыр дам ныккалдзыстæм фæндæгтыл, фæлæ ницы арæзт цæуы» - зæгъы Поладашвили Этер.
Меладзе Цицо та афтæ зæгъы, цæмæй æрмæст хуыры калд не ‘ххуыс кæны. «Уырдыг у æмæ хуыры иууылдæр къæвдайы дон аласы» - фæнысан кодта Меладзе Цицо.

Донхорыгы дон хъæуæн нæй. Кудухашвили Давит нартхоры хус сыфтæ сæндонæй æрцæйхаста. Загъта нын, цæмæй нартхор йæхигъæдæй æрзади: - «Къæвдайы доны æвджид стæм», - зæгъы Кудухашвили Давит. Коммунисты периоды дон трубæты уагътой æмæ иу афтæмæй цыд.

Нуазыны дон хъæуæн нæ фаг кæны. Системæ афтæ арæзт у, æмæ резервуары рауæрæх кæнын хъæуы.

«Суадоны дон цад кæны. Æмæ уый стæй трубæты рауадзынц хъæумæ æмæ алы хæдзары æрдæмадмæ дих цæуы. Ацы трубæтæ дæр ивинаг сты æмæ резервуары дæр бацалцæг кæнын хъæуы», - зæгъы Кудухашвили Нино.

Фæзуаты хъæуы цæгатырдыгæй ис Пъантъианы хъæу, цыран ныртæккæ цæры дыууæ хæдзары. Пъантъианы хъæу дæр Дæллаг Чъалайы теммæ хауы. Пъантъианы уæле Схвилы фидар ис, уымæй дарддæр территорийы та Иры хицауад контроль кæны. Хъæды фылдæр хай дэ-факто Иры территорийыл ис.

«Стыр машинæтæн змæлыны бар нæ дæттынц, æрдзы хъахъхъæнджытæ. Суг нын нæй. Хæрæг дæр мын нæй, æмæ уæдæ суг куыд æрласон, æккойæ мыййаг?» - тыхстæй дзуры Кудухашвили Давит.


Print