Ног хабæрттæ
Долидзе Ана оккупацион хаххмæ ‘ввахс хъæутæм ныццыдис
Долидзе Ана дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты уыдис. Атъоцы хъæумæ ныццыдис æмæ æмбæстагон змæлд «Тых иудзинады»-йы уæнгтимæ фембæлд.

Долидзе Анайы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы хицауады агрессийы æруромыны тыххæй, æнæмæнгхъæугæ у Гуырдзыстон алы трибунæ дæр спайда кæна.

«Æппæтæй уæззаудæр хабар абон у, Кварацхелиа Ираклийы марды хъуыддаг. Ай дæр баст у оккупациимæ. Мæсæллæй кæнын зианджыны бинонтæн. Оккупацион хаххæй мах хъуамæ æрдомæм нæ паддзахадæй, цæмæй уый алкæцы бæрзонд трибуна дæр спайда кæна; Гуырдзыстон не ‘мбæстæгты æдасдзинады тыххæй, Уæрæсейы хицауадæй алы æхсæнадæмон трибунайæ хъамæ æрдома», - зæгъы Долидзе Ана.

Атъоцы фæстæ (Карелы район) Долидзе Ана Хашуры муниципалитеты территорийыл уæвæг хъæутæм ныццыдис. Уый фæстæ та, Гурмæ ныццыдис æмæ æвзонг юристты ассоциацийы офисы бынæттон организацитимæ фембæлд ауагъта.

Print