Дихгæнæг хаххы цур Квемо Чъалайы хъæумæ ‘ввахс, Схвилойы мæсыгæн
реабилитацион куыстытæ райдайдзæн. Ай фæдыл qartli.ge-йæн Шида
Картлийы регионалон администрацийæ фехъусын кодтой.
Пресс-кустуаты минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, проекты презентаци
24-æм январы райсомæй уагъд æрцæудзæн. Схвилойы мæсыджы
презентацимæ журналистты фæхуыдтой Гуырдзыстоны культурон бындуры
агентады минæвæрттæ æмæ Шида Картлийы губернатор.
Qartli.ge куыд сбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, ацы этапыл райдайдзæн
реабилитацион куыстыты 1-аг этап. Ацы куыстыты, компани «Тадзари+»
сæххæст кæндзæнис, кæцы фæуæлахиз тендеры.
Схвилойы мæсыджы алыварс территорийы ссыгъдæггæнæн куыстытæ проекты
1-аг этапмæ хауы: территорийы ссыгъдæг кæнын био уæлцъары, бырæтты
æмæ сыджыты æмæ хæлд дуртæй, кæцытæ уый фæстæ хъуамæ пайдагонд
æрцæуой къулты консервацийæн.
«Æнæмæнгхъæугæ у территорийы ссыгъдæг кæнын бырæттæй æмæ сыджытæй,
афтæ ма хъуамæ арæзт æрцæуой асинтæ æмæ цхаури (сыхырна) формæ
дуар, къахт хъуамæ æрцæуа дыууæ бæлас, кæцытæ хъыг дарынц къулты.
Фыццаг этапыл æнæмæгхъæугæ у территорийы ссыгъдæг кæнын, цæмæй
разына æмæ плангонд æрцæуой дарддæр ауадзинаг куыстытæ. Ссыгъдæг
кæнинаг территорийы æнæхъæн гуырахст у 435 м2», - нысан кæны
проекты автор Сосанидзе Гиорги.
Схвилойы
мæсыг
Схвилойы мæсыг – астæуккаг æнусты мæсыг-фидар у. Бæрзонд хохы
фахсыл арæзт мæсыг фæлгæсы Лехурайы коммæ æмæ Тирипоны тыгъд
быдырмæ. Арæзт у XIV-æм æнусты. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уым раздæр
дæр мæсыг уыдис («Матиане Картлисайы» (XI æ.) кой кæнынц X-æм æнусы
архайæг Дачи æмæ Иуане Схвилойтæй).
Схвилойы мæсыджы истори баст у Зедгенидзеты (Амилахварты) феодалон
фыдæлты мыггагимæ. XIV-æм æнусы уыдон нырма Схвилойы зæххытæ
райстой. XVII-æм æнусы 40-æм азты Схвилойы мæсыг Ираны агрессийы
ныхмæ тохгæнæг Картлийы гамгебелийы Амилахвар Гивийы иуæй-иу
бындурæвæрд уыд. XVIII-æм æнусы кæронмæ Схвилойы мæсыг Амилахварты
фыдæлты мыггагмæ хаудис. Фæстæдæр уый фесæфта йæ раздæры
нысаниуæг.
Мæсыг планмæ гæсгæ æвдыст цæуы дæргъæццон, цыппаркъуымон фомæйы
бæстыхайæ, кæцыйæн иунæг-иу уынгæг бахизæн уыди ныгуылæнырдыгæй.
Уый 2 м бæрзонд ран уыдис æвæрд æмæ, куыд зыны, уымæ гæсгæ, йæм
хъæдын асинтыл хызтысты ныры онг. Мæсыджы къулты бæрзæнд 11-14 м-мæ
хæццæ кæны, йæ бæзн – 2 м, æппæты уæле та арæзт уыд тохгæнджыты
змæлæн ярус.
Схвилойы мæсыгæн лæвæрд ис культурон бындуры хъахъхъæды национ
агентады цырты статус 2006 азы æмæ уый национ категорийы
цыртдзæвæнты номхыгъды ис.