Ног хабæрттæ
Елиаури Гиорги Гуры, йæ нана æмæ дада та – Цхинвалы районы
Елиаури Гиорги йæ нана æмæ дадайы афæдз иу хатт фены, уый дæр уæд, Уæллаг Арцеуы уæлмæрдты бабарæг кæнынæн бар куы раттынц уырыссаг æфсæддонтæ гуырдзиæгтæн.

«Нанайы æмæ дадайы раст уæд фенын, уыдон Уæллаг Арцеуы уæлмæрдмæ Вилдайы хъæуæй куы ‘рцæуынц. Вилдайы хъæу 15-20 км-ы дзæрддзæф у Арцеуæй. Æз дæр уырдыгæй дæн. Вилдайы райгуырдтæн», - зæгъы Гиорги.
Уый, ныртæккæ, скъолæ фæуд кæны. Йæ мад æмæ йе ‘фсымæримæ иумæ, Гуры, цæры. 11 азы Скърайы хъæуы, рæвдауæндоны бæстыхайы арвыста. Рæвдауæндоны бæстыхайы ремонт кæй цæуы, уымæ гæсгæ, Гурмæ рацыд цæрынмæ.

«Вилдайы хъæуæй куы рацыдтæн, 6-аздзыд уыдтæн. Уырдыгæй рацыдыстæм æз, мæ мад æмæ ме ‘фсымæр. Баззадысты нана æмæ дада уым, ноджы-ма нæ хæстæг. Уыцы хъæуы æдæппæтæй фондз хæдзарæй цардыстæм», - зæгъы Гиорги.

Ацы хъæу Меджуды комы цæугæдонмæ ‘ввахс у, Цхинвалы районмæ хауы. Цхинвалæй у 32 км-ы дæрддзæф. Абон уым цыппар хæдзары бинонтæ цæры – адонæй æртæ Елиауриты мыггагæй у, иу та, Хархелты мыггагæй.

«Хъæуы историйы тыххæй бирæ информаци не ‘ссардтон, фæлæ зонын, цæмæй дзæвгар рæстæджы размæ ам кæй æрцардысты Генгиурытæ. Стæй хохбæстæй æрлыгъдысты ардæм ирæттæ дæр – Быценты мыггаг, дыууæ æнусы размæ та Илуридзеты мыггаг – Елиаури (мæ фыдæл) æрцардис Вилдайы. Вилда æртæ «хайыл» адих ис: Земо (уæллаг) Вилда – ирæттæ «Бирæгътæ» (бирæгъ - гуырдзиагау нысан кæны - мгели) – Быцентæ. Шуа (атæуккаг) Вилда – Генгиурытæ (стæй Быцентæ дæр æрцардысты) æмæ Квемо (дæллаг) Вилда, Цъала - Елиауритæ», - дзуры нын Гиорги.

Вилдайы алыварс хъæутæм та цы хауы, уымæй:

«Вилдайы алыварс 3 гуырдзиаг хъæу ис. Адон сты: Исролы хъæу, цыран иу хæдзары бинонтæ цæры. Афтæ-ма, Двалианткъари, цыран иу хæдзары бинонтæ Двалишвилитæ цæрынц; уырдæм ‘ввахс у Андис дæр, уым иу хæдзары бинонтæ Хуыбылтæй цæрынц. Йæхæдæг Вилда дæр раздæр стыр хъæу уыдис, Земо (уæллаг) æмæ Квемо (дæллаг) Вилдайыл дихтæ кодта», - æмбарын нын кæны Гиорги.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азты ирæттæ сеппæт дæр ныууагътой Земо (уæллаг) Вилдайы. Елиауритæ дæр ныууагътой хъæу æмæ быдыры æрцардысты. Советон Цæдисы рæстæджы æртæ раны дæр уыдис элетроэнерги (90-æм азты онг). Æрмæст 2015 азы æрцыд æххæстæй комбæсты электрофикацигонд.

Ныртæккæ, хъæуы фототæ Гиорги социалон хызыл арæх рапарахат кæны. Уым баззайгæ нанайы æмæ дадайы нывтæ, афтæ-ма, хæстæджытæм телефонæй æмæ социалон хызæй контакт кæны.

«Коммуникаци кæнын мын зын нæу. Фæдзурын-иу сæм телефонæй. Хæстæджытимæ мын социалон хызæй дæр ис контакт. Хъыгагæн мын, сæ феныны фадат бынатыл нæй», - зæгъы Гиорги.

Уый хæсты рæстæджы 6-аздзыд уыд, фæлæ уыцы заманы ситуаци тынг хорз лæууы йæ зæрдыл æмæ нын дзуры, цæмæй абоны онг Вилдайы æмæ йæ алфæмблай хъæуты, ирæтты æмæ гуырдзиæгты ‘хсæн æмахастытæ нормалон сты:

«Хæст уыд, фæлæ нæ хъæуы æндыгъдзинад нæ уыди, нæдæр æфсæддонты змæлд уыд. Фæлæ хæст уыд æмæ кæй тарстыстæм уымæ гæсгæ, мæ мад æмæ ме ‘фсымæримæ рацыдыстæм. Уым чи баззад, уыдонæн нæдæр уыцы рæстæджы æмæ нæдæр уый фæстæ ницы тæссагдзинад уыд. Чысыл хъæутæ сты ацы комы. Æмхæццæ, гуырдзиаг-ирон хъæутæ. Хæсты заманы уым цæрæг ирæттæ бахъахъхъæдтой гуырдзиæгты», - дзуры нын Гиорги.

Хъæуты тыххæй æмæ уым цæрæг нана æмæ дадайы царды фæдыл, Гиорги, кæй зæгъын æй хъæуы, лæмбынæгæй зоны.

Æппæты ‘ввахсдæр хъæутæ, кæцытæ Вилдамæ хæрзæввахс сты æмæ Гуры муниципалитетимæ арæн кæнынц, Бихъар æмæ Гром сты. Æниу, Вилдайæ 10-15 км-ы дæрддзæфмæ сты. Комы мидæг фæндæгтæ зымæджы периоды не сты рæвдз. Хохбæсты хъæутæн ахастæвдисæг цард ам хуымæтæг фæзынд у:

«Кусынц мæ уæттæ хъæууон хæдзарады куыстытæ, дарынц фос, кусынц цæхæрæдæтæ. Кæд сæ медицинон æххуыс бахъæуы, ацæуынц Бихъармæ кæнæ Громмæ, цыран амбулатори ис», - зæгъы Елиаури Гиорги.



Фотойыл: Амиран æмæ Изо – Гиоргийы дада æмæ нана

Гиорги ныр æртæ азы у радзырдтæ фыссы, йæ радзырд «Иу нæмыг, дыууæ цæрæнбон» Гуры фысджыты хæдзары ауагъд конкурсы дыккаг бынат бацахста.

«Ацы радзырд хевсураг чысыл лæппуйыл у. Фæнды йæ, цæмæй дзы йæ фыд уа сæрыстыр. Тырны, цæмæй йæ фыдæн сбæлвырд кæна йæ лæгдзинад. Тырны, цæмæй йæ фыды æууæнкдзинад ссара. Ай сбæлвырд кæндзæнис, ссардзæн æууæнкдзинад дæр, фæлæ чысыл лæппуйæн уый цæрæнбоны аргъ слæудзæн», - загъта нын радзырды автор.

Нал лæууы йæ зæрдыл æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ кæд райдыдта фыссын уый. Ныртæккæ, Давит Агъмашенебелы номыл конкурсы исы хайад. Йæ радзырд финалистты ‘хсæнмæ бахауд.

Бинаг фотойыл: Елиаури Гиорги журнал «Мцъигнобарийы» презентацийыл, Гуры, цыран йæ радзырд мыхуыргонд у.



Print