Ног хабæрттæ
100-аздзыд Табатадзе Иродион - Советон тæхæг Гурæй
9-æм май уымæн алыхатт дæр вæййы сæрмагонд бон, уымæн æмæ, йæ æрвыл уæлахизы боны фæхонынц музеймæ, йемæ сæ къамтæ сисынц, фæарфæтæ йын кæнынц, æнæниздзинад ын зæрдиагæй фæзæгъынц.
Фембæлы иттæг бирæ адæмимæ.

Æниу нацизмыл фæуæлахизы 75 азы юбилейы сæрмæ бынтон æндæрхуызон уыд, уымæн æмæ, коронавирусы пандемийы тыххæй, хæсты ветеранты официалон райст не "рцыд. Мах уый дистанционæй æрфарстам æмæ ноджы иу хатт нæ цæст ахастам йæ зæрдæмæхъаргæ биографион цардыл.

Хæсты ветеран Табатадзе Иродионыл ацы аз 100 азы сæххæстис. Уый 749 хæстон тахты сæххæст кодта. Хайад иста Германы фронтыл дæр, 1944 азы январы мæйы Гамбургы цур йæ хæдтæхæг æрхаудта æмæ фæцæф ис, иннæ штурман уым фæмард. 5 мæйы госпиталы арвыста æмæ уый фæстæ æрыздæхти йæ райгуырæн Хашурмæ.

"Райгуырдтæн 1920 азы, 22-æм январы, Хашуры горæты. Хæдзары бинонтæ уыдыстæм фондз æфсымæры, иу хо æмæ нæ мад. Нæ фыд раджы фæзиан, поезды катастрофæйы рæстæджы, Молисы хъæуы æфсæнвæндагон вагзалы. 11 кусæгимæ иумæ куыста Молисы æфсæнвæндаджы вагзалы æмæ трагедийы рæстæджы фæмард сты. 6 мадызæнæджы хъæбулы баззадыстæм сидзæрæй", - мысы Табатадзе Иродион, кæцы нын йæ 100 азы юбилейыл, 2020 азы, 22-æм январы махæн радзырдта.

1939 азы, 10-къласон астæуккаг скъолæйы каст фæуыны фæстæ, бацыдтæн Хашуры аэроклубы тæхджыты къордмæ, фæндыд мæ тæхæг суæвын.

"Цымыдис кодтон, цæмæй суыдаин кадрон тæхæг. Астæуккаг ахуырдоны æмæ аэроклубы фæуды фæстæ, мæ сурамаг æмбæлттимæ иумæ – Коркотадзе Серго æмæ Гаприндашвили Сергоимæ афæндараст стæм Сталинградмæ ахуыр кæнынмæ. Райстой нæ куынæггæнджыты авиацион ахуыргæнæндонмæ. Ахуыр 1940-æм азы апрелы мæйы фæдæн", - кой кæны Табатадзе Иродион.

Иу азы фæстæ, дыккаг дунеон хæст байдыдта.

Герман Советон Цæдисмæ æрбабырста.

Табатадзе Иродион зæгъы, цæмæй нацисттæ горæтты æмæ хъæуты æхсæвы бомбæтæ калдтой:

"Сæйраграздзоджы Стъалины бардзырдæй, 1941 азы, хæст куы райдыдта, уæд Советон Цæдисы алы ахуыргæнæндонæй, арвыстой æхсæвы авиацимæ, уый тыххæй æмæ Советон Цæдисæн хæсты райдыды заманы æхсæвы тæхджытæ нæ уыдис. Гермайнæгтæ ныл æхсæвы бомбæтæ калдтой, Советон Цæдисæн та, уæд тæхджытæ нæ уыдис. Мæн арвыстой Чебоксармæ æмæ уым каст фæдæн ахуырдон 1941-æм азы майы мæйы, ахуырдоны фæуды фæстæ, 21-æм июны райдыдта хæст", - зæгъы Табатадзе Иродион.

Хæсты фыццаг бонæй уыдтæн авиацийы. Уæлдæр куыд фæнысан кодтам, афтæмæй, уый 700-йæ фылдæр тахты сæххæст кодта. Табатадзе Иродион йæ хæс 1944-æм азы январы мæймæ сæххæст кодта. Уый Германы Гамбургы горæты бомбæтæ калыны рæстæджы фæцæф ис. Йæ хæдтæхæджы йын фæцæф кодтой. Хæдтæхæг цады ныххаудта.

"Бауадзыг дæн, мæ зонд фесæфтон, иннæ штурман фæмард. Æхсæв уыд, цыппар сахатмæ "ввахс уыдаид. Иу танкист федта, хæдтæхæджы æрæппæрсты факты, æрбацыди цады былмæ, æз миты уæлæ дæлгоммæ хаудæй хуыссыдтæн, мæ пульс мын басгæрста æмæ удæгас куы уыдтæн уæд мæ уайтагъд рынчындонмæ акодтой", - дзуры Табатадзе Иродион.

Ветеран ма ноджы уыцы гермайнаг бинонты кой кæны, кæцы цæф Советон æфсæдтонтæн баххуыс кодта. Йæ зæрдыл бадардта фысымы дыргъдон дæр, кæцы йын Картлийы дыргъдæтты мысын кодта.

Хашурмæ æрыздæхт.

Иродион 20-аздзыд уыди, хæсты цæхæры куы бахауд. Æдзухæй йæ бынат ивын хъуыди, уымæн æмæ, йын хицарды тыххæй фаг рæстæг нæ уыди æмæ йын нæдæр фадат уыди.

Фæлæ, стæй йæ царды нысаниуæгджын роль ахъазыд инæлар Бочаров, кæцы йæ хъæбулау рæвдыдта. Инæлар Бочаровы фырт тахты рæстæджы фæмард. Æмæ, уый тыххæй, æвзонг Иродионмæ, куыд йæхи хъæбул, ахæм цæстæй каст.

Бочаровы фæндыд, цæмæй Иродион уырыссаг чызг, Таняйы ракуырдтаид, Таняйæн ныййарджытæ нæ уыдис æмæ йæ Бочаров йæхицæн хъæбул скодта. Табатадзе Иродион арæх æрымысы, Таня уый бирæ кæй уарзта.

Мæскуыйæ Хашурмæ æрыздæхгæ Табатадзе Иродион йæ райгуырæн горæт æмæ йæ мады нал ныууагъта æмæ фæстæмæ Мæскуымæ нал аздæхтис. Уæдæй фæстæмæ уый Таняйы нал федта. Гуырдзыстоны та, йе "нæниздзинады сæндидзыны фæстæ, активон цардыл ныллæууыдис.
Бинонтæ æркодта æмæ нысаниуæгджын æнтыстытæ дæр йæ къухы бафтыдис.

Уый фæстæ сси æрымысæг.

"Сарæзтон ваакумон гидростанци, реактивон турбин, уæлдæфон электростанци, уæлдæфон мотор, 50-мæ "ввахс патент мын ис райст", - зæгъы Табатадзе Иродион.

Print