Ног хабæрттæ
Чъалисубани у Туаты убани (Туаты сых)
Хъæуы дыууæ хæдзары бинонтæ цæры. Сæ иу Туаты (Туаев) Алберт у. Албертæн 3 хъæбулы æмæ бинойнаг ис.

Сæ рæстæг уыдон иуылдæр хъæуы æрвитынц. Районы центрмæ сын цæуын зынвадат у, уымæн æмæ, фæндаг тынг хохджын бынæттыл цæуы.

Мах ныхас кодтам Цхинвалы районы Чъалисубаны хъæуыл, кæцыйы Туаты убани (Туаты сых) хонынц, уымæн æмæ ам сæйрагæйдæр цæрынц Туаты мыггаг.



Элиаури Гиорги, кæцы ацы комбæстæй рацæугæ у, махæн æмбарын кæны, цæмæй Туаты убани (Туаты сых) уæддæр хицæнгонд у, зæгъгæ. Чъалисубанимæ æвæццæгæн уый тыххæй хауы, æмæ йæм хæрзæввахс у ацы цæрæнуатмæ.

"Еныр æй хонынц Чъалисубани, æндæра раджы уый хуыдтой Туаты убани (Туаты сых) кæнæ Туауритæ. Чъалисубани дæлейæ ис. Уым дыууæ хæдзары бинонтæ цæры – Быцентæ. Земо (уæллаг) Вилдайæ æрлидзгæ сты", - зæгъы Элиаури Гиорги.

Дыууæ сыхмæ дæр цæуы цæугæдон Меджуда. Ацы цæугæдон зындгонд у Гуры муниципалитеты, уымæн æмæ, раст Гуры муниципалитеты фæз быдырыл цæуы. Йæ райдиан та, дэ-факто Хуссар Ирыстоны территорийæ райдайы. Меджудайы дон Гуры горæты Леуахиимæ иу кæны.

Ис 1960 азты ауагъд хыгъдон журнал, цыран Чъалисубанийы кой дæр ис. Цæрджыты нымæц уыцы периоды 60 адæймаг уыдис.


Print