Ног хабæрттæ
Патриархат Дзамайы комы 5,4 милуан кв. м. фæзуаты куры
Патриархат, Дзамайы комы, 5,4 милуан 432 009 кв. м. зæххы фæзуат куры. Хъæды фондыл «уæлæмхасæн хæрдзтæм» гæсгæ, æхсæнадон реестр Боткъовели Михаилæн 42 курдиат нæ сæххæст кодта.

Курдиæтты автор Гуырдзыстоны Патриархаты нымæрдар, Боткъовели Михаил у. Уый æхсæнадон реестрмæ документтæ, се ‘хсæн, хахнывтæ 2018-2019 азты бавдыста. Ацы хахнывты реестр бафаудта.

Исбонадмæ цы хауы, уымæй, Гуырдзыстоны Патриархатæн, Дзамайы комы, æхсæнадон реестры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, исбонад ис 450 100 кв. м.

Кæс фото, цыран аргъуаны исбонады уæвæг хуымзæххытæ сты фæнысангонд.



Амæй дарддæр ма, Патриархат, Руис-Урбнисы Миторполит, меупе Йоби куыд зæгъы, уымæ гæсгæ йын ис хицæн гоймæгтыл оформитгонд документтæ æмæ хъæды фæзтæ. Ацы хицæн гоймæгтæ сты Жгъенти Саба æмæ Къоринтели Гиорги. Уыдонæн сæрмагонд исбонад ис 1,6 милуан кв. м. зæххы фæзуат.

Бæрæггæнæнтæ кæд кæрæдзимæ абардзыстæм, уæд фæстаг цифрæтæ афтæ æвдыст цæуынц:

1. Аргъуаны исбонады ис: 450 000 кв. м.
2. Сауджынты хицæн исбонады ис - 1 615 000 кв. м.
3. Нæ загъд хицæн исбонадыл 5 432 009 кв. м.

Æхсæнадон реестры аргумент: æрдомгæ зæххы фæзуæттæ не сты куыд зæронд аргъуанты, афтæ ногарæзт аргъуанты территоритыл. Хауы йæм хъæды массив. Ссард документты федтам, цæмæй хахнывты сты уыцы хъæутæ, цыран дыууынæм æнусы 90-æм азты онг уым ирæттæ цардысты æмæ конфликты фæстиуæгæн уыдон ныууагътой Гуырдзыстоны.

2018 азæй абоны онг Карелы æхсæнадон реестры хайадмæ Патриархы нымæрдары фыстæджытæ 3 этапæй бацыд. Боткъовелæн æмæ йæ юристæн регистраци скæныныл «нæ» уыцы аххосагмæ гæсгæ загътой, цæмæй хахнывтæ несты раст арæзт æмæ хъæды фондмæ хаудысты.

Алы уыцы зæххы фæзуатыл, кæцыйыл Патриархат «нæ» дзуапп райста, Карелы мэрæн Гулиашвили Зазайæн уый тыххæй йæхи фиппаинæгтæ ис арæзт. Мэры фыстытæм гæсгæ бæрæггонд цæуы, цæмæй Патриархаты нымæрдары ‘рдыгæй бавдыстгонд хахнывтæ хицæн кæнынц уыцы хахнывтæй, кæцыйы официалонæй паддзахад бацæттæ кодта æмæ Карелы мэрийы æфснайд ис.



Шатберды аргъуан Цъиплованайы

Карелы мэр дæр æмæ æхсæнадон реестры бæрнон кусæг дæр Патриархаты минæварæн фысгæйæ æмбарын кæнынц, цæмæй 2002 азы конкордатмæ гæсгæ, аргъуанмæ æрмæстдæр уыцы бынат хауы, кæцыйыл аргъуан лæууы кæнæ аргъуаны бæстыхайы пырхæнтæ ис.

Руис-Урбнисы эпархийы сауджын, меупе Йоби зæгъы, цæмæй Дзамайы комы «Моладзанты республика» арæзт æрцæудзæн, зæгъгæ. Моладзанты республикæйы цæрдзысты динон гоймæгтæ уыцы æгъдаумæ гæсгæ, куыддæриддæр уый Сабердзнеты (Грецийы), Атоны хохыл у, зæгъгæ.

Егъау æмæ чысыл аргъуанты фарсмæ моладзанты цæрæнуатон хатæнтæ арæзт цæуы. Митрополиты фæнды, цæмæй ахæм цæрæнуæттæ æгас комы уа.

Тъхъемлована, Орхеу, Куатетри, Дзама, Цъиплована æмæ а.д. – адон уыцы хъæутæ сты, цырæтты Патриархаты минæвæрттæн сæ ныхмæ ничи лæууы. Уымæн æмæ, ацы хъæуты ничи цæры.

Нырма ноджы 1961 азы, этнограф, Макалита Серги фыста, цæмæй уæлдæр ранымад хъæуты этникон ирæттæ цардысты, зæгъгæ. Ацы адæймæгтæ Гуырдзыстоны территори, сæйрагæйдæр, дыууынæм æнусы 90-æм азты 

Ивддзинæдтæ хъæды кодексы

22-æм майы Гуырдзыстоны Парламент хъæды кодексы ивддзинæдтæ бахаста, кæцытæй Гуырдзыстоны Патриархатæн лæвæрд æрцыд ног привилегитæ æмæ эксклюзивон барад, исбонадæй райса Гуырдзыстоны хъæдтæ.
Парламент закъоны проектæн æртыккаг байхъуыстæй йæ фарс рахæцыд 79 хъæлæсæй. Проекты депутаттæн бавдыста Гуырдзыстоны алфæмблайы æмæ хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Тандилашвили Нино.

Закъонмæ гæсгæ, паддзахадон хъæды алæвæрд гæнæн ис æрмæстдæр æхсæнадон барады юридикон гоймаг (ÆБЮГ) Гуырдзыстоны Моцикулон (Апостолон) Автокефалон Растцытгæнæг аргъуанæн.

«Нæу æмбæрстгонд уый, цæмæннæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа паддзахадон хъæд æндæр ÆБЮГ-тæн, зæгъæм, университеттæн, спортивон Федерацийæн кæнæ æндæр религион конфесситæн. Ацы пункты ахæм хуызæй райсын фидæны гæнæн ис конституцион хъæстыты бындур суа. Нæу биноныгæй æмбæстгонд, кæнæ фарстæйы тыххæй деталон æмбарынгæнæнтæ нæй, нæу бæрæг сæ ахаст Гуырдзыстоны Конституцимæ æмæ конституцион бадзырдимæ», - дзырдæуы «Цъæх альтернативæйы» курдиаты.

Закъонмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Патриархатæн лæвæрд æрцæудзæн уыцы хъæдтæ, кæцытæ ныртæккæ лæвары æгъдауæй сты лæвæрдгонд. Афтæ-ма йын лæвæрд æрцæудзæн аргъуанты æмæ моладзандæтты алфæмблайы уæвæг 20 гектары бæрц зæххы фæзуæттæ.

Уæлæмхас æрмæг: Патриархаты ‘рдыгæй бацæттæгонд хахнывты иу хай, кæцыйæ Дзамайы комы аргъуаны алфæмблай уæвæг зæххы фæзуаты закъонадæй куырдтой.

Print