Ног хабæрттæ
400-йæ фылдæр лигъдон бинонтæн фатер лæвæрд æрцæудзæн кæнæ йын цæрæн фæзуат закъонæй фидаргонд æрцæудзæн - Гахариа
Премьер-министры хъусинагмæ гæсгæ, Æнæниздзинад хъæхъæныны министрад 400-йæ фылдæр лигъдон бинонтæн фатер ратдзæн, иннæ хайæн та цæрæн фæзуаты закъонмæ гæсгæйæ сфидар кæндзæн.

Абон, хицауады рабадты райдайыны агъоммæ Гахариа Гиорги куыд фехъусын кодта, афтæмæй, азы кæронмæ паддзахад æдæппæтæй 500 бинонтæн фатертæ ратдзæн:

"Абон 496 лигъдон бинонтæн Æнæниздзинад хъæхъæныны министрад ног фатертæ ратдзæн кæнæ сын сæ цæрæн фæзуатты сфидар кæндзæн закъонæй. Ай у ноджы иу размæ авæрд къахдзæф æмæ нысан кæны дарддæр лигъдæттыл аудындзинады. Афæдзы кæронмæ æнгæс скъуыддзæгтæ ноджы цалдæр уыдзæнис, кæцы хаудзæн 500 лигъдонмæ бæстæйы масштабæй", - фехъусын кодта Гахариа.
Print