Ног хабæрттæ
Оккупацион хаххы цур цæрæг сылгоймæгтæн ног проект уагъд æрцæудзæн
Оккупацион хаххы цур цæрæг сылгоймæгтæн ног проект уагъд æрцæудзæн.

Къаралеты сылгоймæгты солидарондзинады центр пандемийы уавæрты, аккаг æххуыс бынæттон цæрджытæн сылгоймæгты фонды æххуысæй бакæндзæн.

Проект æртæмæйон у æмæ дзы Гуры муниципалитеты 10 хъæуæй 150-ы онг сылгоймаг этапонæй, æндæр æмæ æндæр активты хайад райсдзæн, кæцы проекты минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, Ковид-19-æй расайгæ проблемæты фæкъаддæр кæныны ‘рдæм уыдзæн арæзт.

«Нæ нысан у, дихгæнæг хаххы цур цæрæг сылгоймæгтæн, кæцытæн ацы пандемийы тыххæй сæ цард æмæ се ‘рвылбонон уавæр ноджы фæфыддæр ис, æмæ сын баххуыс кæнæм æндæр æмæ æндæр фæрæзтæй, цæмæйдæриддæр нæ бон у, æмæ цы нæ къухы ис, уымæй, зæгъæм, бахъуыды цауы йын дохтырмæ ацæуынæн баххуыс кæнæм, кæцы йын ратдзæн аккаг уынаффæтæ æмæ рекомендацитæ, раттæм сын фадат психологы консултацитæ онлайн режимы рацæуой. Уый тыххæй нæ минæвæрттæ нысангонд 10 хъæуы бацагурдзысты ахæм категорийы сылгоймæгты, кæцыты æцæгæйдæр хъæуы нысангонд æххуыс æмæ ацы æртæ мæйы мидæг мах бацархайдзыстæм нæ хай бахæссæм карантины фæстиуæгæн уæвæг стрессы скуынæг кæнынæн сылгоймæгты уавæры фæхуыздæр кæныны. Уымæй дарддæр-ма ауадздзыстæм иртасæны, кæцымæ гæсгæ растдæр базондзыстæм цы хъæугæдзинæдтæ ис оккупацион хаххы цур цæрæг сылгоймæгты царды пандемийы рæстæджы æмæ ноджы хуыздæр фендзыстæм, ацы проблемæты скуынæг кæныны нысанæй цы ‘рдæмадæй хъуамæ адарддæр кæнæм уыдонимæ кусын», - зæгъы проекты директор, Тедлиашвили Мариам.
Print