Ног хабæрттæ
Тъахтъидзирийы æрцахст гоймаг Евроцæдисы Миссийы æххуысæй сæрибаргонд æрцыд – ПÆК
Паддзахадон æдасдзинады куыстуат бæлвырдæй зæгъы, цæмæй знон æнафоны æхсæвы Уæрæсейы æфсæддон тыхты минæвæрттæ иу гоймаг кæй æрцахстой. Ай фæдыл ПÆК-ы рапарахатгонд хъусинаджы ис банысангонд.

Уагдон, ахст гоймаджы ном æхсæнадæн нæ хъæр кæны, фæлæ "Мтавари архы (Сæйраг къаналы)" информацимæ гæсгæ, уый æфсæддон гоймаг у.

Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнмæ гæсгæ, Тъахтъидзирийы æмæ оккупацигонд Гуиргуинайы "хсæн, æнæзакъонон бордеризацийы процесс цæуы.

"Æнæзакъонон бордеризацийы процесс фыддæр кæны бынаты уæвæг æдасдзинады уавæры. Знон æхсæвы æнæзакъононæй ахст æрцыд иу гоймаг. Ацы цауы тыххæй скуыста тæвд хахх æмæ Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси информиргонд æрцыд, цæй фæстиуæгæн дæр ацы гоймаг сæрибаргонд æрцыд", - нысангонд ис хъусинаджы.

Дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауад ай тыххæй информаци нæ рапарахат кодта.

Print