Ног хабæрттæ
Къирбалы сæрвæтæй фос фесæфти
Дихгæнæг хаххмæ "ввахс Къирбалы хъæуы фос фесæфтис. Ныхас цæуы 7 хъугыл, кæцытæ хизæнуатæй фосимæ хæдзармæ нал æрздæхтысты.

Бынæттон цæрджытæ Qარტლი.გე-йæн загътой, зæгъгæ, ацы факт цалдæр боны размæ æрцыд æмæ йæ пъæлицæ дæр зоны.

Фос сæрвæты хызтызты. Хъæуы цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнгæй фосы быдырæй къæрныхтæ аскъæрдтой æндæра кæм хъуамæ фесæфтаиккой. Хизæнуатæй хæдзармæ æрыздæхæг фыййæуттæ сæфт фосы хицæуттæн загътой, зæгъгæ, нæ зонæм, куыд фæтары сты фос.

"Нæдæр туджы фæд зыны никуы, цæмæй йæ сырды хæрды фсон фæкæнæм, нæдæр уырдæм æввахс сырды фæд зыны. Хъуыды кæнæм, æмæ давд сты, къуырийæ фылдæр у, пъæлицæйæн дæр фехъусын кодтам, фæлæ нырма ницы, абоны онг дзурынц, цæмæй фæдагуырды куыст уагъд кæй цæуы", - загътой нын бынæттон цæрджытæ.

Зианбаййафæг цæрджытæ æххуыс курынц, уымæн æмæ фосы фесæфтæй бинонтæ уæззау материалон зиан банкъардтой. Къирбайлæгтæ акцийы ауадзынæй æртхъирæн кæнынц.

Print