Ног хабæрттæ
Шида Картлийы коронавирусæй инфициргондты нымæц æмткæй 1385-мæ схæццæ
6-æм ноябры Шида Картлийы регионы 24 сахаты дæргъы рабæрæг инфициргондты нымæц у 177, уыдонæй: иу хай сбæлвырдгонд цауы контакт у, иннæ хайыл уагъд цæуы эпид-иртасæн.

24 сахаты дæргъы сынæниз – 22 адæймаг. Хæдизоляцийæ та – ссæрибар 51 гоймаг.

Регионы инфициргондты нымæц у – 1385. Уыдонæй – 671 пациенты хос кæнынц хæдзары. Хæдизоляцийы уæвæг гоймæгты нымæц та у – 1654 адæймаг.

24 сахаты дæргъы Шида Картлийы регионы цæрæг гоймаджы мæлынад – 0 адæймаг. 24 сахаты дæргъы æдæппæт æрвыст æрцыд 231 анализы.

Ног инфициргондты 68 контакт æрцыд сбæлвырдгонд, уыдонæй алчидæр ис хæдизоляцийы.

Равзæрæн: Шида Картлийы координацион штаб

Print