Ног хабæрттæ
12-æм къласоны ныры рæстæг – Гамхитъашвили Резо Нигозайы хъæуæй
Резо ныртæккæ дыууадæсæм къласы ис. Йæхимæ хъусдард уымæй аздæхта, æмæ хъæумæ ныццæуæг журналистты визитмæ бацымыдис кодта. Загъта нын, цæмæй сын спортивон фæзуат нæй æмæ сын нæдæр ницы уавæртæ ис уыдонæн, кæцытæ спорт ахуыр кæнынц.

«Скъолæ каст куы фæуай, уæд уый фæстæ цы аразынмæ хъавыс?», - бафарстам æй мах.

«Къахпортийæ хъазæг мæ фæнды рацæуын», - дзуапп нын радта уый.

Скъолæйы цыфджын фæзуатмæ акастыстæм, раззаг боны изæры къæвда æруарыд. Сихоры хуры æмæ дымгæйы фæстиуæгæн, цъыф цъус басур, фæлæ къахпортийæ хъазынæн уæддæр нæ бæззы.

Къахпортийæн та, æрвылбон хъазын хъæуы.



«Скъолæйы физикæ уарзтон, фæлæ ацы предметæй мæ ахуыр куы адарддæр кæнон, математикæ мæ хъæуы. Математикæ та кæронмæ нæ сахуыр кодтон», - загъта нын уый.

Рагæй у, тренировкæтæм уый Къаспмæ цæуын хъæуы.

«Скъолæйы фæстæ Гур-Къаспы микроавтобусыл ацæуын атобанæй. Хатт, изæры 6 сахатмæ баззайын Къаспы. Уырдыгæй 4 сахаты фæстæ маршрутка нал рацæуы. Æмæ мæ уый тыххæй, автостопæй бахъæуы рацæуын, нырма Игоеты онг, стæй – уырдыгæй исты машинæйыл-иу рацæуын», - загъта нын Резо.

Ахуыр Нигозайы астæуккаг скъолæйы алыбон дæр вæййы. 12-æм къласы 8 ахуырдзау ис, уыдонæй 5 ахуырдзау æндæр æмæ æндæр хъæутæй цæуынц. Нæ визиты рæстæджы, нын загътой, цæмæй дыууæ педагог, коронавирусы тыххæй, кæй сты хæдизоляцийы. Уыдоны уроктæ уагъд цæуынц онлайн режимы, фæлæ Резойæн интернет нæй.

«Æгас хъæуæн Триалеты кабелон интернет ис æмæ тынг мæгуырау кусы. Иууыл хицæн вæййы. Мæйы мидæг ын фидын хъæуы 30 лари, фæлæ тынг зынтæй кусы æмæ интернет дæр фылдæр нæ вæййы», - зæгъы Резо, кæцы архайы хæдзары йæ лептоп сиу кæныныл, фæлæ йæ батарей сбадт æмæ йæ баиу кæнын не сси йæ бон.



Ацы лептопæй хæдзары æртæ ахуырдзау пайда кæны. Резойæн ноджы дыууæ кæстæр мадызæнæг ис.

Къахпорти мæ фыдæй бауарзтон, кæцы йæ рæстæджы, мæнæ куыд æз, афтæ йæ сабибонты къахпортийæ хъазынмæ бæллыд.

«Алы бон-иу мæ сбадын кодта чысыл ма куы уыдтæн уæд æмæ мын æдзухæй къахпортийæ хъазджыты кой кодта, историйыл æмæ афтæ дарддæр. Афтæ мæм фæзынд интерес, цæмæй æз дæр хъазыдаин. Стæй мæхи сæры дæр уыдтон уый, цæмæй мæ бон хъазын кæй уыди æмæ йæ уарзгæ дæр кодтон. Мæ фыд дæр хъазыдис къахпортийæ мæ кары куы уыдис уæд æмæ йæ мæнæй къаддæр нæ уарзта уый дæр. Ахæм рæстæг уыди, æмæ нæ уыдис уавæртæ; ацæуын-æрбацæуын нæ уыди фадат. Уавæрты нæ уæвынадмæ гæсгæ ныууагъта къахпорийæ хъазт, æнæгæсгæйæ йе стыр уарзондзинадмæ», - зæгъы Резо.

Гамхитъашилиты хæдзар иунæг-иу у Нигозайы хъæуы, кæцы этникон гуырдзиæгтæ сты. Хъæуы сæйрагæйдæр этникон ирæттæ цæрынц. Хæсты рæстæджы, хъæуы иу хæдзары бинонтæ ныууагъта. Хæдзары та, сыхаг хъæу, Чобалаурийы бынæттон цæрджытæ балхæдтой:

«Мæ бинонтæ цардысты Чобалаурийы хъæуы. Кæмдæр 2000 азы фæстæ, ам балхæдтой хæдзар æмæ ардæм рахызтысты цæрынмæ, змæстыты рæстæджы, æмæ афтæ фæзынди иунæг-иу гуырдзиаг бинонтæ ацы хъæуы. Ам иуылдæр ирæттæ сты æмæ сæ æз алкæй дæр нымайын ме ‘фсымæртыл æмæ мæ хæлæрттыл. Хорз æмахастытæ мын ис, хорз нæ, фæлæ – тынг хорз. Æрвылбон иумæ стæм. Кæм фæнды дæр ма уæм, кæрæдзийы фарсмæ стæм æмæ нæ кæрæдзийы уарзондзинад змæлы алкæмæдæр», - загъта нын Резо.



Иронау уымæн йæ бинонтæ дæр зонынц, уый тыххæй æмæ Чобалаурийы хъæуы дæр бирæ этникон ирæттæ цæры. Æмæ уый тыххæй, бинонты хистæр фæлтæрæн æцæгæлон нæу ирон æвзаг.

«Мæ бинонтæй, ме ‘мхъæуккæгтæй ахуыр кæнын иронау цъусгай-цъусгай æмæ афтæмæй зонын дзурын иронау дæр æмæ æмбаргæ дæр кæнын куы ныхас кæнынц уæд, æмбарын æй цæуыл дзурынц», - зæгъы нæ фысым.

Уымæ æнæгæсгæйæ, æмæ уыцы бон хорз боныхъæд уыди, хъæуы уæддæр æдзухæй дымгæ дымы. Уый тыххæй, зымæджы периоды, Резойы автобанмæ ацæуын æмæ транспортмæ æнхъæлмæ кæсын бахъæуы. Æвзæр боныхъæды та, ахæм уавæрты цæуын тынг зын у.
Ныртæккæ, коронавирусы пандемийы тыххæй, Къаспы къахпортийы скъолæйы уроктæ уадзын дæр арæнгонд у. Ай тыххæй, дыууадæсæм къласаг сæйрагæйдæр вæййы хæдзары, фосмæ зилы æмæ хæдзарадон куыстытæ кæны, йæ бинонтæн æххуыс кæны.


Print