Ног хабæрттæ
Страсбургы тæрхондоны Гуырдзыстон Уæрæсейы рамбылдта
2008 азы хæсты хъуыддагыл Страсбургы тæрхондон йæхи тæрхон расидти æмæ банымадта, цæмæй Уæрæсе хæсты рæстæджы гуырдзиæгты этникон сыгъдæгкæнынад кæй сæххæст кодта.

Ай фæдыл информацийы Гуырдзыстоны Юстицийы министрад, фейсбукы официалон веб-фарсыл рапарахат кодта.

"2008 азы хæсты хъуыддаджы тыххæй Страсбургы тæрхондон йæ тæрхон фехъусын кодта. Адæймаджы барты Европæйаг тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны домæнимæ, цæмæй Уæрæсе 2008 азы августы хæсты рæстæджы Адæймаджы барты Европæйаг конвенцийы цалдæр пункты кæй фехæлдта.

· Тæрхондоны Стыр Палатæйы "рдыгæй ацы бархæлдты банымадæй бæлвырдгонд цæуы, цæмæй 2008 азы августы хæсты рæстæджы Уæрæсе кæй сæххæст кодта гуырдзиæгты этникон сыгъдæгкæнынад.
· Страсбургы тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны позицийыл æмæ нымайы Уæрæсейы бæрндзинад гуырдзиаг æфсæддон уацайрæгты æмæ æмбæстагон гоймæгты "рдæм сарæзт æфхæрды, æнæадæймагон æмæ джелбетт æгадгæнæг ахасты тыххæй.
· Страсбургы тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны позицимæ æмæ нымайы Уæрæсейы бæрндзинад æмбæстагон гоймæгты сæрибардзинад æмæ æдасдзинады бар фехалыны тыххæй.
· Тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны позициимæ æмæ сбæлвырд кодта Уæрæсейы бæрндзинад хæсты рæстæджы Гуырдзыстоны æмбæстæгты марындзинæдты æнæфæдагуырд ауагъды тыххæй æмæ-ма ноджы бирæ æндæр бархæлды тыххæй.
"Ацы историон уынаффæ æппæтæй нысаниуæгджындæр мæцъис (беркъет) у Гуырдзыстонæн æхсæнадæмон барадон механизмты спайдагæнгæйæ конфликтты æрбæстон кæныны æмæ территорион æнæхъæндзинады сæндидзын кæнынæн" – нысангонд ис Юстицийы министрады хъусинаджы.

Зæгъдзыстæм уын, цæмæй 2008 азы августы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæмард ис Хъахъхъæнынады министрады 170 кусæг, Мидхъуыддæгты министрады 14 æмкусæг æмæ 224 æмбæстагон гоймаг

Æфтæ-ма конфликты фæстиуæгæн физикон цæфтæ райста 2 232 æфсæддон æмæ æмбæстагон гоймаг.

Хæстон архæйдтыты æвдисыны рæстæджы 3 журналист фæмард æмæ 6 та цæфтæ фесты.

Конфликты фæстиуæгæн 130 000 адæймаг тыхфæлгъуыдæй ныууагъта йæ цæрæн хæдзар. 25 000 абоны онг сты лигъдæттæ.

Конфликты зонæйы бынтон скуынæг, басыгъди æмæ ныппырхи 35 000 хæдзары.

Цхинвалы регионы 125 хъæуы оккупаци æххæст æрцыд.

Print