Ног хабæрттæ
Ковидимæ тохы уæлахиздзаутæ – æртæ сылгоймаджы истори Хашуры
«Ковидимæ тохы уæлахиздзаутæ» - раст нæ ацы статусæй фæнды базонгæ уын кæнæм уыцы сылгоймæгты, кæцытæ ацы рæстæджы иууыл тынгдæр тасдзинадыл комкоммæ куыд сæмбæлдысты, куыд тох кодтой йæ ныхмæ æмæ куыд фæуæлахиз сты.

Уыдон уын сæхæдæг радзурдзысты уый фæдыл æмæ куыд æнкъардтой сæхи, вирусимæ куы тох кодтой уæд æмæ сæ цæмæн уырны, цæмæй «Дыккагæй райгуырдысты».

Бицъадзе Марех – 62 аздзыд

Алкæцы рекомендацийы дæр лæмбынæгæй æххæст кодта, фæлæ йыл уæддæр æбæрæг уавæрты вирус бахæцыд æмæ йын хроникон низы нæ уæвынадмæ гæсгæйæ, уый уæддæр уæззау рынчынæй рынчындонмæ бахаудта.

«Куы йæ базыдтон æмæ мын ковид уыдис, уæд афтæ æнхъæлдтон æмæ æнæмæнгæй амæлдзынæн. Фыццаг мæ фæндыдис цæмæй рынчындоны уыдаин, уым хос кодтаин, фæлæ стæй, уым рынчындоны куы уыдтæн æмæ йæ куы бамбæрстон, цæмæй тынг æвзæр кæй дæн, уæд загътон, кæд хъуамæ уæддæр амæлон, уæд фæлтау хæдзары куы уыдаин. Куы амæлон, уæд мæ целофаны уæддæр нæ батухдзысты хæдзары, зæгъын. Уымæй тынг тарстæн. Нырдæр æй куы фехъусын æмæ исчи ковидæй амардис, тынг зын мын вæййы», - дзуры нын Бицъадзе Марех.

Радзырдта нын, куыд тох кодта вирусимæ хæдзары æмæ куыд бахаудта рынчындонмæ тынг уæззау уавæры.

«Фыццаг хатт 8-æм декабры райдыдтон сурхуыфт кæнын æмæ уазал кæнын. Хъуыды кодтон, зæгъын, мыл æвæццæгæн грипп бахæцыд æмæ 3-4 бонмæ радзæбæх уыдзынæн, фæлæ афтæ нæ рауадис. Рацыдис 4 боны æмæ ноджы фæфыддæр мæ уавæр, мæ тæвд дæр схызтис. Уый фæстæ дохтырмæ бацыдтæн, уый мын мæ рæуджытæм байхъуыста æмæ мын загъта, рæуджытæ дам не сты низджын. Рафыста мын антибиотик.

Хос кодтон хæдзары 5 боны мидæг. Фæлæ ницы фæстиуæг радта, ноджы фæуæззаудæр мæ уавæр. Райдыдтон тыхулæфт кæнын, зæрдæ тагъд куыста. Хид кодтон. Фæстæмæ та бацыдтæн дохтырмæ æмæ мын стæй уæд загъта, ковиды тест саразын, дам æнæмæнгхъæугæ у. Адарддæр мын кодта антибиотик. Дзырдтон 112-мæ æмæ мын ничи дзуапп кодта. Уæдмæ мæ уавæр тынгдæр æруæззау. Стæй хæдзармæ æрбакодтам æмæ сарызтон тест. 120 лари бафыстон æмæ 10 лари та хæдзармæ кæй æрбацыдысты уый тыххæй бафыстон. Ацы тесты дзуаппмæ æнхъæлмæгæсгæйæ ноджы мæ уавæр фæфыддæр ис. Стæй, куыддæртæй зонгæты фæрцы мын ссардтой Хашуры гормеды (рынчындон) бынат æмæ 23-æм декабры бацыдтæн уырдæм.

Цалдæр боны фæстæ мæ хъустыл æруад дохтыры ныхас æндæр рынчынæн куыд дзырдта, цæмæй алкæмæй уæззаудæр рынчын æз кæй уыдтæн, рынчынты ‘хсæн, реанимацийы дæр нæ уыдис ахæм уæззау рынчын. 85%-æй зиангонд уыдысты мæ рæуджытæ. Зæгъгæ, уыцы рæстæджы мæнæн рынчындоны бынат нæ разынд, уæд æнæмæнгæй уыцы æхсæвы амардаин. Мæ хъæбул мын уый фæстæ рахабар кодта, куыд хуыдуг кодтон. Рынчындонмæ бацыдæй дыккаг æви æртыккаг боны банкъардтон фæрогдæрдзинад».

Бицъадзе Марех психологон уавæры тыххæй дæр ныхас кæны æмæ йе ‘нкъарæнтæ ныхасы рæстæджы дæр не ‘мбæхсы:

«Рынчындонмæ мæ куы бакодтой, уæд мын компьютерон томографи нæ систой, уымæн æмæ, мын паникон тас уыдис. Истерикæйы ныххуадтæн. Еныр дæр куы кæсын ног хабæрттæм æмæ куы фехъусын ковидæй, дам, амардис, мæхи уый бынаты авæрын, æз дæр чысыл ма бахъуыд æмæ амардаин. Æз цытæ бавзæрстон уый мæ цæрæнбонты никуы ферох уыдзæнис, ахæм æнамондзинад уыди æмæ. Цæй тæвд хæст æмæ цæй атомон бомбæ, ахæм низ у».

Фарстæн, цы йын лæвæрдта уыцы тых, цæмæй вирусимæ тох кодтаид, йæ дзуапп уыди, дохтырты æнувыд хъусдард.

«Мæ дохтыр уыди Къакъоишвили Натия. Тынг райгонд сæ дæн мед-персоналæй. Ахæм хъусдард сæ æнкъардтон æмæ мын уый стыр ныфс лæвæрдта, кæй нæ амæлдзынæн. Ай мæ ныфсджын кодта. Мæнæ-иу куы фæзæгъынц, дыккагæй райгуырдтæн».

Хæдзармæ, Цыппурсы, 7-æм январы æрбаздæхт, фæлæ ковиды «баззайæггæгтæн» нырма ноджы цалдæр мæй хъуамæ схос кæна.

«Хоскæнын дарддæр кæнын. Иу мæйы фæстæ ногæй анализтæ хъуамæ скæнон æмæ сæ дохтырæн равдисон. Æртæ мæйы дæргъы хъуамæ контроль кæнон. Тагъд фæллайын. Мæ зæрдæ дæр тагъд-тагъд кусы. Уæлдæф мын нæ фаг кæны. Хоскæнын рынчындоны фæстæ тынг зынаргъ лæууы. Мæнæн ис ахæм фадат, фæлæ цалдæр адæймаг загътой ковидæй, дам, амæлдзынæн, æви дам, æнæ хосæй, цы нысаниуæг, дам, ын ис. Еныр æз иу мæйы фаг хостæ балхæдтон 245 ларийæ. Æдæппæт цыппар хосы сты. Иннæ мæйы нæ зонын, цы хостæ мын рафысдзысты. Пандемийы агъоммæ ницæмæй тарстæн. Цардтæн мæхицæн амондджынæй. Ныр тынг тæрсын. Хъуыды кæнын, зæгъгæ, ма мыл бахæцыд ацы вирус, уæд дзы нал аирвæздзынæн», - дзуры нын Бицъадзе Марех.

Чуткъерашвили Лиана – 57 аздзыд



Цард сæрæй æмæ ныр æртыккаг хатт райдыдта 57 аздзыд Чуткъерашвили Лиана дæр. Уый æмæ йæ бинонтæ нырма 2008 Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй аирвæзтысты æмæ Хашуры лигъдæтты цæрæнуаты æрцардысты. Ныр та, тынг уæззау уавæрæй фервæзгæ æрбаздæхт йæ бинонтæм.

«Алы уагæвæрд дæр æххæст кодтон. Кæцæй мыл бахæцыд, нæ зонын. Иуæй-иу хатт иу маршруткæйы мидæг æрмæст мæныл уыдис медицинон маскæ. Мæ давлени схызти, ковидыл хъуыды дæр нæ кодтон. Стæй дыууæ боны мæ тæвд схызти 38 градусмæ. Тыхулæфт кæнын байдыдтон æмæ 28-æм октябры тагъд æххуысмæ фехъусын кодтам. Уым рынчындоны мын тест сарæзтой æмæ вирус сбæлвырд. Иу æхсæв исæнуаты арвыстон. Тыхулæфт кодтон, уæлдæф мын нæ фаг кодта. Дывæрсон пневмони мын уыди».

Иу дохтыр уыди Хашуры рынчындоны. Тбилисы Бокъериайы номыл клиникæйæ-иу æрцæуы Хашурмæ. Уый мын загъта, æз, дам дæ, нæхи клиникæмæ акæндзынæн æмæ дам, дын уым схос кæндзынæн. Уый фæстæ æз ницыуал хъуыды кæнын. Сæрæй реанимацийы уыдтæн. Рæуджытæ мын 80%-æй зиангонд уыдысты. Æдæппæт иу мæй хуыссыдтæн рынчындоны. 28-æм ноябры рацыдтæн рынчындонæй”, - радзырдта нын, цæмæй уый уæззау уавæры уæвгæйæ, уæддæр сдзæбæхы ныфс кæй уыдис.

Лиана уæззау рынчыны фæстæ хъæлдзæг историйы кой дæр ракодта, - «Палатæмæ мæ куы ракодтой уæд мæм дзырдтой, райхъал, дам у. Фæндыд мæ, фæлæ мæ цæстытæй ракæсын мæ бон нæ уыдис. Куы райхъал дæн, уæд мæ размæ лæууыдысты дохтыртæ, бафарстон сæ, зæгъын, кæм дæн, æмæ дам, хорз къухы дæ, загътой мын уыдон. Стæй мæ бафарстой, зæгъ-ма, дам нын, чи дæ, уый? Æз сын мæ мойы ном загътон, Хетагури Робизон дæн, зæгъын. Уый фæстæ мæм дохтыр куы æрбацыди, уæд мын афтæ загъта, ды, дам Хетагури Робизон дæ. Мæнмæ уый диссаг фæкасти, æмæ йæ бафарстон, мæ мойы ном, зæгъын, ды кæцæй зоныс? Куыд рабæрæг афтæмæй, æз мæхæдæг мæхи рахуыдтон афтæ, æз Робизон дæн, зæгъын. Афтæ худын кодтон дохтырты».

«Куы-иу æрæнкъард дæн, уæд-иу мæм æрбадзырдтой, нана, деприссийы дам ма ныххау. Иухатт мын уæлдæф нал фаг кодта. Медицинон хотæй сæ иу загъта, фæстæмæ, дам æй аппаратыл сиу кæнæм, æз уыцы медицинон хомæ фæтæргай дæн æмæ йæм нал дзырдтон. Куы мæ бафарста, цæмæн дам мæм фæтæргай дæ, уæд ын æз загътон, зæгъын, мæ аппаратыл сиу кæнынмæ хъавыдтæ æмæ уымæн. Æвæлмаст уыдтæн. Æппындæр æвзæрыл нæ хъуыды кодтон. Мæ хъуыдыйы дæр нæ уыдис æмæ мыл исты æрцыдаид. Дохтырты дæр худын кодтон. Уыдонæй тынг райгонд дæн. Тынг мын балæггад кодтой. Сæхи къухæй мын хæрын кодтой. Мæ къухты тых æппындæр нæ уыди, тынг æдых уыдтæн. Даргъ сæрыхъуынтæ мын уыдис æмæ мын уыдонмæ дæр сæхæдæг зылдысты. Куы рацыдтæн рынчындонæй, уæд сæ мæстыйæ æрбалыг кодтон», - зæгъы Чуткъерашвили Лиана.

Рынчындонæй æрбаздæхыны фæстæ, уый дзæвгар рæстæг бахъуыд, цæмæй йæ гаччы сбада. Царды нормалон ритмæмæ нырма дæр нæ рыздæхти.

«Рынчындонæй куы рацыдтæн, уый фæстæ дæр мын уæлдæф нæ фаг кодта. Туаггуыры аппарат балхæдтон æмæ æртæ къуыри хæдзары пайда кодтон уымæй. Афтæ-ма мын ныууагъта фæлладдзинад дæр. Фæнды мæ цæмæй кардиологмæ бацæуон. Дохтыртæ мын рекомендацитæ рарвыстой, цæмæй тымбылæг хъуамæ дымсон. Фистæгæй цæуон. Гуыбыныл хуыссын. Ботлæйы хъуамæ дон ныккодтаин æмæ йæ хæтæлæй фу кодтаин. Адон хъуамæ сеппæтдæр аразон, цалынмæ кæронмæ не сдзæбæх уон, уæдмæ. Ныр сæ уыйас нал аразын, уымæн æмæ хорз мæхи хатын. Мæ хъæбул ковидæй рынчынты центры уæнг у Тбилисы æмæ мын уырдыгæй уый дæр амыдта, куыд хъуамæ мæхи фæлтæрдтаин», - зæгъы Лиана.

Уымæн йæ хæдзары бинонтæ сты йе ‘мкъай, иу фырт, чындз æмæ æртæ хъæбулы хъæбул. Афтæ-ма йын ис чызг, кæцы мойгонд у æмæ Гуры, Цъминдацъхъалийы лигъдæтты цæрæнуаты цæры. Бинонтæ Ачабеты хъæуæй сты лигъдон.

Ковидимæ тохы бонтæ мысы Лианайы æмкъай – Хетагури Робизон дæр.

«Сæрæй йæ рынчындонмæ куы акодтой, уæд ын дохтыртæ нырма йæ рæуджытæн райдыдтой хос кæнын, рæстæгыл ын нæ радтой туаггуыры балон, æмæ йæ уавæр фыддæр кодта. Ковиды тесты дзуаппы фæстæ йын хоскæныны метод фæивтой.

Мах уыцы изæрæй изоляцийы уыдыстæм. Хæдзарæй æддæмæ нал цыдыстæм. Ам махимæ иумæ уыдис мæ фыд дæр, кæцы 87 аздзыд у. 12 боны уыдыстæм изоляцийы. Хæринаг нын сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ хастой æмæ йæ дуары цур уагътой. Мах дæр нæ бырæттæ дуары цур æвæрдтам æмæ-иу сæ уыдон ахастой æмæ акалдтой. Тынг бирæ нын балæггад кодтой. Æз хъуыды кæнын æмæ мæнæн дæр уыдис ацы вирус, æрмæст рог формæты. Мæ фæсонтæ тынг рыстысты», - дзуры 62 аздзыд Хетагуры Робизон, кæцы дыккаг къорды цыбыр фадæтты уæвæг гоймаг у æмæ йын 2008 азы, Самачаблойы тыхфæлгъуыдæй ныууагъды фæстæ хæсты ветераны статус радтой.

«Шофыр уыдтæн, автобус мын уыди, куыстон Чъех-Тбилисы хаххыл. Ме ‘мкъай Цхинвалы магазины куыста. Хъæуы хæдзарад нын уыдис. 2008 азы хæсты фæстæ ветераны статус радтой мæ кары адæймæгтæн», - радзырдта нын уый.

«2008 азы 8-æм августы рацыдыстæм. Нырма Тбилисы цардыстæм, стæй ам, Хашуры нын радтой фатер. Хæсты рæстæджы мæ хицау баззадис хъæуы æмæ йæ æрцахстой. 11 бон Цхинвалы ахæстоны арвыста. Стæй йæ «Сырх Дзуар» ракодта. Зæрæдтæй ма уым чи баззад, иууылдæр сæ æрцахстой. Уырдыгон дур дæр æмæ зæхх дæр тынг зынаргъ сты мæнæн, тынг сæ мысын», - афтæ кой кæны Ачабеты тыххæй Чуткъерашвили Лиана.

7 азы у ныр, Хашуры районы, Цхрамухайы хъæуы, китайæгты бюройы æфснайæгæй кусын.

«Ковид мын куы сбæлвырд ис, уæдæй фæстæмæ нал кусын. Куыддæр ацы алцыппæтдæр аивгъуыйа, афтæ та райдайдзынæн кусын. Мæн уырныдта ковиды уæвынад æмæ курын, цæмæй алкæй дæр бауырна. Дохтыртæ мæ сæхæдæг дæр фарстой, нана, уырны, дам, дæ ковид? Æз сын дзырдтон, ойы, уырны мæ, зæгъын, æмæ дзы рынчын дæр уыдтæн, æмæ кæд хорз вакцина æрбахæсдзысты, уæд дзы æнæмæнгæй скæндзынæн», - зæгъы нын Лиана.

Къипъароидзе Нино



62 аздзыд Къипъароидзе Нинойы, кæцы Хашуры цæры, Ковид-19-ы уæвынад нæ уырныдта. Нæдæр уагæвæрдтæ æххæст кодта, нæдæр медицинон маскæ дардта æмæ дохтырмæ ацæуынмæ дæр нæ хъавыдис, йæ хъæбул æй тыххæй куы нæ акодтаид уæд. Фæлæ, Къипъароидзе Нинойы вирусы уæвынад уæд бауырныдта, йæхæдæг куы фæрынчын ацы вирусæй уæд.

«Нæ тарстæн. Нæдæр мæ уырныдта. Нæ фæнд кодтон дохтырмæ ацæуын дæр. Мæ хъæбул мæ тыхæй арвыста, æндæра нæ разы кодтон. Нæ уыдтæн æнхъæл æмæ мын рæуджыты низ уыдаид. Уымæн æмæ, мын нæдæр рыстытæ уыдис æмæ нæдæр тæвд. Æрмæст мæ зæрдæ хæццæ кодта æмæ цъус хуыфыдтæн».

Къипъароидзе Нино Хашуры базары уæй кæны. Уый пандемийы уавæрты дæр сабиты дарæс уæй кæны.

«15-æм ноябрæй райдыдта. Ме уæнгтæ уазал кодтой. Ницæмæ йæ æрдардтон. Дыккаг бон куыстмæ дæр ацыдтæн. Фæлæ стæй омын байдыдтон. Мæхи тынг æвзæр хатыдтæн, тых мæм нал уыд. Ам æввахс цæрын базармæ æмæ ма тыххæйты бахæццæ дæн хæдзармæ. Уымæй фæстæмæ дыууæ къуырийы дæргъы мæ къахыл нал слæууыдтæн.

Хæдзарæй мын уыдис контакт дохтыримæ. Куыддæр физиконæй цъус фæфидар дæн, афтæ дохтырмæ ацыдтæн æмæ мын сбæлвырд дывæрсон рæуджыты судзаг. Низы нысæнттæм гæсгæ мын дохтыр загъта, вирус, дам, у. Ныр, дам тест аразынын ницыуал нысаниуæг ис, æнæуи дæр дам бæрæг у. Антибиотиктæ мын рафыста æмæ сæ арызтон. Амæ гæсгæ мын «сокъо» дæр фæзынд. Мæ бинонтæй мæнæй дарддæр никæмæн уыдис ковид. Зонут, цæуыл хъуыды кæнын? Фарон, цалынмæ коронайы тыххæй расидтысты, январы мæйы фæуды, ме ‘мкъайæн дæр, мæ чызгæн дæр, ме ‘сиахсæн дæр ахæм симптомтæ уыдис, кæцытæ корона-вирусæн ис. Æз сын мæхæдæг арæзтон судзинтæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ адоныл фарон уыд ацы вирус, æмæ сыл еныр уый тыххæй нал бахæцыд. Дохтыр мæ рынчындоны хуыссын кодта, фæлæ мæн нæ бафæндыд. Загъта мын, ды дам, сом кæнæ иннæбон фæфыддæр уыдзынæ æмæ мæм арæх дзырдта. Хоскæныны курс хæдзары ацыдтæн», - зæгъта нын Къипъароидзе Нино.

Уый 23-æм декабры йæ куыстмæ ахызт.

«Æнæхъæн ногазон периоды бакуыстон, фæлæ раздæр куыд куыстон, уыйас нал кусын. 12 сахатыл-иу ацыдтæн æмæ-иу æртæ сахатыл фæстæмæ рацыдтæн. Уæй кæнын сабиты дарæс. Æнæуи тынг фæкъаддæр ис æлхæнджыты нымæц. Абон, зæгъæм, ницы ауæй кодтон. Хъуыды кæнын, цы хъуамæ кæнон фиддоны тыххæй. Уыцы периоды, куы нæ куыстон, уый дæр хъуамæ бафидон? Цы бакуыстон, уый бафиддзынæн», - зæгъы, цæмæй йын хроникон низтæ нæ уыдис. Адæймæгтæн, кæцытæ ковидæй сты рынчын, зæгъы, цæмæй ма фæтæрсой æмæ ма маст кæной.

21-æм январы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны, Ковид-19-ы пандемийы апырхæй абоны онг рабæрæг сбæлвырдгонд цауты иумæйаг нымæц 251 071 у, фæлæ æдæппæтæй та, сынæнизты нымæц фæфылдæр 238 101-ы онг. Пандемийы апырхæй абоны онг вирусы амæттаг æдæппæтæй 2 998 гоймаг баци.

Print