Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2024 »»
п в с ч п с в
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Земо Ормоци – афтид хъæуы пандемийы рæстæджы
Фотойыл: Газашвили-Букулашвили Гулнара

Земо Ормоцийы хъæу Тъанайы комы уыцы бынаты ис, цыран дыууæ цæугæдон, Баланисхеу æмæ Тъана кæрæдзиимæ иу кæнынц. Хъæуы 90-æм азты онг этникон ирæттæ цардысты, фæлæ стæй, сæ фылдæр Владикавказмæ (Дзæуджыхъæу) алыгъдысты. Абон ма дзы æрмæст æртæ хæдзары цæры æдзух. Уыдон æхсæн ис Букулашвили Джубейы æмæ Газашвили Гулнарайы бинонтæ дæр, кæцы зын уавæртæм æнæгæсгæйæ, хъæуы ныууадзынмæ нæ хъавы.



Букулашвилиты бинонты ‘хсæн ныр 13 аздзыд чызг хъомыл кæны. Уый иунæг-иу ахуырдзау у ацы хъæуæй, кæцы йæ ахуыр 1-аг февралæй Бошуры скъолæйы адарддæр кодта. Уæдмæ та, интернеты æнæ уæвынадмæ гæсгæйæ онлайн-уроктыл-иу уæддæр уыдис:

«Къласы æдæппæт дыууæ ахуырдзауы стæм. Ныртæккæ маршруткæйыл цæуын, æрвыл райсом – хиды онг фистæгæй ныццæуын æмæ стæй уырдыгæй ацæуын маршруткæйыл. Мæ къласаг скъолæмæ ‘ввахс цæры, Бошуры, уæдмæ та-иу, онлайн-уроктæ уагъд куы цыд, уæд-иу дуармæ агуырдон ахæм бынат, цыран интернет ахста æмæ иу афтæмæй хъуыстон урокмæ, - зæгъы нын Букулашвили Нини».

Гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæ уымæн йæ уарзон предмет у æмæ йæ фæнды цæмæй фидæны гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг рацæуа.



Фотойыл: Букулашвили Нини хъæуы уазæгуаты уæвæг йе ‘мкъласонтимæ иумæ

Мах хъæумæ куы æрцыдыстæм, уæд хъæуы баййæфтам митæй хъулон-мулонтæ. Кæддæр ам алы хæдзары фæздæгдзæуæнæй пецы æндзæрст арты фæздæг хæрдмæ цыдис. Фæлæ абон хæдзæртты онг бацæуæн фæндаг нырма дæр æнæнад митæй у æмбæрзт.

Татхашвили Нелийы бинонтæ уыцы æртæ хæдзары бинонтæй сæ иу у, кæцы Ормоцийы хъæуы баззадис. Куыд нын загъта, афтæмæй коронавирус дæр ам, хохы бавзæрста.

«Нæ бинонтыл алкæуыл дæр бахæцыд вирус. Телефонæй нæм дзырдтой æмæ нæ афтæмæй бæрæг кодтой. Тынг уæззау уавæры уыдтæн, уымæй фыддæр низ æвæццæгæн ницы ис. Амбулатори Бошуры ис æмæ Бошуры дохтыры хъусдарды бын уыдыстæм. Æрмæст мах нæ, æнæхъæн комы адæм», - загъта нын Нели.



Фотойыл: Татхашвили Нели йæ хъæбулы хъæбулимæ иумæ

Хъæуы нæдæр магазин ис, нæдæр мед-пункт æмæ нæдæр æндæр исты уагдон. Алчидæр ормоциæгтæ уæлдæр ранымад лæггады райсыны тыххæй цыдысты сыхаг хъæу Бошурмæ. Арæх Бошуры онг уыдон фистæгæй фæцæуынц, афтæ уыди пандемийы периоды, транспортæй цыд арæнгонд куы уыд.

Нырма уал Квемо (Дæллаг) Ормоцийы хъæу ис, уый фæстæ Бошуры хъæу, стæй Квемо (Дæллаг) Бошури, йæ фæстæ та – Земо (Уæллаг) Бошури. Ацы хъæуты ахуырдзаутæн микроавтобус лæггад кæны.



Фотойыл: Татхашвили Нелийы хъæбулы хъæбул

Нæ уазæгуаты рæстæджы хъæуы центры бынæттон цæрджытæ тракторы алыварс уыдысты æмбырдгонд æмæ иумæйаг тыхтæй архайдтой йæ цалцæг кæнын:

«Ацы тракторыл баст у нæ хъуыддаг – загъта нын Татхашвили Нели. – Хъæуы нæм дон нæй. Иу суадон нæм ис æмæ нуазынæн дæр æмæ гæрзтæ æхсынæн дæр уырдыгæй схæссæм. Цалдæр боны размæ æрбацыдысты, фаллаг фарс сбетон кодтой, трубæтæ дæр æрбахастой. Стæй нын загътой: - Дæрддæр, дам æй, уæхæдæг саразут! Мах дæр ацы тракторы аразæм, цæттæ йæ кæнæм. Æрмæст ма хъæуы сыджыты скъахын æмæ трубæтæ ныккалын, сæрæй арæзт у».

Хъæуы ма цы æртæ бинонтæ баззад уыдон æнæуи дæр æвæндагæй тынг тыхстысты, ныр ацы пандемийы тыххæй сæ проблемæмæ ноджы транспорты арæнæвæрд дæр бафтыдис.

«Ныртæккæ дæ, зæгъгæ, Гурмæ цæуын бахъуыд, уæд æй уынут кæййас фæндаг у, хъуамæ фæдзурæм таксимæ, стæй фæндаг æвзæр кæй у, уымæ гæсгæ, айонг нæ цæуынц чысыл машинæтæ, æмæ дæллаг сыхмæ хъуамæ фистæгæй ныццæуай, стæй уырдыгæй ацæудзынæ. Нæй нын уыййас фæрæз, цæмæй æрвыл хатт такситыл цæуæм. Цалынмæ ацы пандемийы тыххæй транспорты сæхгæдтой, уæдмæ маршруткæ цыдис æмæ ууыл цыдыстæм», - загъта нын Газашвили Гулнара.



Гуры муниципалитеты ацы хæххон хъæуы 13 хæдзары ис.

«Зымæгæй-сæрдæй дзы æдзухæй æрмæст 3 хæдзары бинонтæ цæрæм. Иннæ 10 хæдзары уæйгонд сты. Чидæриддæр ауæй кодта, уыдон Гуырдзыстоны нал цæрынц. Фæлæ сæ чи балхæдта, уыдон та горæты цæрынц æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ-иу æрбацæуынц ардæм», - зæгъы Газашвили Гулнара.



Пандемийы тыххæй ацы зымæджы хъæу афтид у. Земо (Уæллаг) Ормоцимæ ссæуын ацы азы ног цæрджытæн фадат нал фæци.

«Сæрды уыййас адæм уыдис ам, æмæ сын бынат нал фаг кодта, фæлæ ацы пандеми куы райдыдта, уæд афтæ арæх нал цæуынц; стæй хъæуы кæд бирæ проблемæ ис, уæддæр дзы бирæ цæрджытæ куы уа, уæд уыцы элементарон проблемæ дæр рох кæны адæймагæй», зæгъы нын Татарашвили Нели.



Æвзæр фæндаджы, æнæдондзинады, æвæндаджы æмæ коммуникацийы къаддæрдзинады фоныл, сæйраг проблемæйыл ардыгæттæ уæддæр хицауады ‘рдыгæй æнæхъусдарддзинад нымайыц. Куыд зæгъынц, афтæмæй, сæ бон у дарой фос дæр, æркæной тыллæг дæр, фæлæ æфтиаг райсынмæ къаддæр æнхъæлмæ кæсынц.

«Æз, зæгъæм, фос дæр дарын æмæ хæдзарон мæргътæ дæр, фæлæ сæ кæм бакæнон уый мын нæй, нæдæр мын уый фадат ис æмæ сын саразон бынат; бæлас нæ ралыг кæндзынæ, уый нæ, фæлæ суг дæр æлхæнгæ кæнæм, газ махмæ нæй æмæ ам æнæ пецæй не схъарм уыдзынæ», - зæгъы махимæ ныхасгæнгæйæ Нели.

Сыхæгты æнгæс Букулашвилитæ дæр зын уавæры сты. Уыдон бинонты ‘хсæн нæдæр пенси исæг цæры æмæ нæдæр социалон æххуысы категорийы бинонтæм хауынц, цæмæй æрвыл мæй исты æфтиаг исой паддзахадæй. Хæдзары æфсины ныхасмæ гæсгæ, æрмæст æнæххæсткарджынтæн æмбæлгæ иухаттон æххуыс райстой.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.