Ног хабæрттæ
Гвердзинет – пандемийы агъоммæ æмæ пандемийы фæстæ
29 аздзыд Хозреванидзе Раул æмæ йе ‘мхъæуккæгтæ пандемийы рæстæджы арæнæвæрдты период Гвердзинеты хъæуы иумæ арвыстой. Уыцы рæстæджы транспорт нæ куыста æмæ цæуын дæр зын уыди. Ачъарайаг экомигранттæ, уæлдайдæр та æрыгæттæ арæнæвæрдты систы фæстæ, кусынмæ Бутуммæ ацыдысты. Уыдонæй сæ иу у Раул дæр. Гвердзинеты хъæумæ мах бацыдæй, уый дыккаг бон Батуммæ арасти.

Раул йе ‘нгуылдзтыл æрнымайы, цал хæдзары бинонтæ æмæ адæймаг зайы хъæуы, кæцытæ кусынмæ нæ цæуынц. Ахæмтæ 5 æви 6 бинонтæ ис. Гвердзинеты хъæуы æдæппæт 15 хæдзары цæры. Уымæ ‘ввахс та дзы афтид хæдзæрттæ ис, кæцыты нæ цæрынц.



Фотойыл: Гвердзинеты хъæу централон фæндагæй

«Цыдæриддæр нæм æвæрд æмæ æфтиаг уыдис, уыдон ацы иу азы мидæг бахардз кодтам, æмæ афтæ нæхи рахастам. Æлхæнынмæ Карелмæ цыдыстæм. Ам ахæм бынæттæ нæй, цæмæй исты тыллæг æркæнай. Раздæр-иу хъæуы фос кæд 150-йы онг уыдысты, уæд абон та, 30-ы онг дæр не сты. Зæххы фадгуытæ дæр цъус ис æмæ фосæн сæрвæттæ дæр нæй. Æмæ уый тыххæй дæр, кæмæн цы фæрæз ис, уымæ гæсгæ, кусынмæ цæуæм Батуммæ. Иуæй-иутæн кæд бантысы, уæд Туркмæ дæр ацæуынц сезонон куыстмæ. Стæй та фæстæмæ хъæумæ æрцæуæм æмæ афтæ дарддæр кæны нæ цард», - дзуры нын Раул.


Фотойыл: Комы централон фæндаг Гвердзинет-Тъхъемлованы фадыг


Гвердзинет Дзамайы комы æппæтæй æнгомдæр цæрæгджын фæстаг хъæу у.

Уый фæстæ райдайы æдзæрæг хъæутæ: Цъиплована, Сатердзе, Тъхъемлована, кæцыты цæрджытæ сæ хæдзæртты, 90-æм азты конфликты рæстæджы, ныууагътой æмæ сæхи айстой Цæгат Ирыстонмæ. Ныртæккæ-ма, Тъхъемлованы æрмæст дыууæ хæдзары цæры, фæлæ Тъхъемлованы онг бацæуын нæй гæнæн митуарды рæстæджы, уымæн æмæ, Гвердзинетæй 2-3 км-ы фæстæ, ногарæзт асфальт фæндагыл дæр стыр мит вæййы.

Дыккаг бон райсом раджы Раул хъуамæ ацыдаид Батуммæ, фæлæ уый хъæумæ уæддæр немæ рацыдис.



«Æз æй куыд æмбарын, афтæмæй ам цæрæг адæймагæн æппæты хуыздæр амал у кусынмæ Ачъарамæ ацæуын. Скæсæйнаг Гуырдзыстоны уын, æвæццæгæн, куыст агурын зын вæййы?...», - бафарстам мах нæ фысымы, кæцы нæм разы нысанæн йæ сæр банкъуыста. Æмæ нæ цыд дарддæр кæнæм хъæуырдæм митджын æмæ цъыфджын фæндагыл.

«Мæн къахпортийæхъазæг фæндыдис рацæуын», - дзуры Раул. Фæйнæрдæм куы акæсай, уæд дзы фæзуат (стадион) никуыцæй зыны, æрмæстдæр хæхтæ зыны.

«Æдзух мæ къахпортийæ хъазын фæндыдис. Скъолæйы-иу цыдтæн къахпортимæ. Фылдæр-иу, дуаргæс уыдтæн. Мæ сыхаг хъæуты командæтæ иу мæ арæх акодтой хъазынмæ. Куы кæцы хъæуы командæйы дуар хъахъхъæдтон, куы кæцы командæйы. Тынг мæ фæндыди кæронмæ куы ахæццæ кодтаин къахпортийæ хъазты, фæлæ куы растыр дæн, уæд мæ къахы травмæйы тыххæй, нал адарддæр кодтон хъазын. Æнæуи мæ фæндгæ тынг кодта», - дзуры нын Хозреванидзе Раул.

Алыран дæр сæ фылдæр хъæдын хæдзæртæ сты. Ныхасгæнгæйæ йæ хæдзары цурты аивгъуыдтам æмæ къахпортийы койæ фæстæмæ куысты фæдыл ныхасмæ рахызтыстæм.


«Ам цæмæй туристон инфраструктурæ райрæза, уый тыххæй стыр хæрдзтæ бахъæудзæн. Хæдзар дын хъуамæ цæттæ уа. Уынут сæ, сеппæтдæр хъæдын хæдзæрттæ сты. Æхсæвы дæр дын хъуамæ суг судза, цæмæй хъарм уа хъæдзары, æндæра тынг уазал вæййы. Хорз уавæртæ куы нæ уа уазæгæн, уæд ам ничи æрлæудзæнис. Мах та уыййас нæ исæм. Нæ куыстæй цас райсæм? Уыййас, цæмæй нын хæдзары исты æфтиаг уа», - зæгъы Раул.

Æнæнхъæлæджы фæндагыл нæ рæзты цавæрдæр цæрæгой ралыгъди.

«Бирæгъ у?»

«Нæ, Хаски (куыдзы мыггаг) у. Хъæумæ нæм сахуыр æмæ ам дыууæрдæм кæны. Кæмæндæр фесæфти, æвæццæгæн. Мах ын хæринаг фæдæттæм».

Аскъуыддзаг кодтам, хъæуы æппæтæй карджындæр адæймаг бынæттон цæрæг, Хæбæлаты Верæмæ бацыдаиккам. Уымæн йæ кæрт æмæ хæдзары сæр митæй æмбæрзт уыди. Фæздæгдзонæй фæздæг цыди. Телевизор бæрзонд хъæлæсыл уыди иугонд, æмæ уый тыххæй Раулы цалдæр хатты бахъуыдис бахъæр кæнын, цæмæй Верæ-нанайæн уазджыты æрбацыд фехъусын кодтаид.

81 аздзыд Хæбæлаты Верæ балкъонæй ракасти æмæ рахъæр кодта. «Ды дæ, Раул?»



- «О, Верæ-нана, журналистты фæнды дæ фенын».

- «Журналистты?», - лæмбынæг каст нæм кæны балкъонæй Верæ. Æрмæст нæ уый фæстæ базыдта, нæ маскæты куы систам.

Фотойыл: Уазæгуаты Хæбæлаты Верæмæ

- «Уый, сымах стут? Ацы миты уæ цы æрбахаста?»

- «Ды сæ æрбакодтай æви мæ сæхæдæг æрфарстой, ма мæ фæсай?», - бафарста Раулы Верæ-нана, уæдмæ телевизоры рахицæн кодта æмæ пецы ноджы фылдæр суг бандзæрста.

Хæбæлаты Верæйы тыххæй репортаж дыууæ азы размæ бацæттæ кодтам, æмæ уый тыххæй уымæн ацы хабар дывæрон æхсызгонд уыдис, хъæумæ бацæугæйæ йæ кой куы ракодтам æмæ та йæ куы бабæрæг кодтам:
«Сис-ма дæ маскæ, хъæбул, ам цы хъæуы коронайы?!», - загъта нын Верæ-нана æмæ фынгыл æвæры цыхт, хинкалтæ æмæ иу авг арахъхъ.



«Амæй размæ, тилифоны номырты тетрадмæ кастæн æмæ дзы дæ номыр федтон, уайтагъд ахъуыды кодтон, зæгъын ацы журналистæ кæдæй нырмæ нал ссыдысты ардæм, æвæццæгæн сын, зæгъын, ацырдыгæй хъуыддаг нал ис, æмæ уый тыххæй нал бабæрæг кодтой мæн дæр. Æнæуи уæ ацы фыдрæстæджы цы ссæуын кодта ардæм?!», - фæрсы нæ мидбылхудгæ.

«Растдæр ахæм рæстæджы хъуамæ бабæрæг кæнæм, пандемийы период куыд арвыстат?», - фæрсæм Хæбæлаты Верæйы. Пандемийы тыххæй сфидаргонд арæнæвæрдты фæстиуæгæн, Дзамайы комы хъæутæ ноджы стырдæр изоляцийы ныххаудысты.
«Куыд арвыстон æмæ уын æй зæгъдзынæн, æрвыл изæры-иу æз æмæ мæ гæды хорз фæныхæстæ кæнæм», - зæгъы нын Верæ-нана æмæ нæ алкæй дæр зæрдиагæй худын кæны.

Гæдыйæн ныр йæ гуыбын риссы æмæ Верæ-нана нæ зоны, цы йын баххуыс кæна.

«Ацы пандеми куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ ардæм ничиуал цæуы. Фæндæгтæ æхгæд уыдысты. Мæхиуæттæ дæр нал æрбацыдысты ардæм. Æз та ахæм сылгоймаг дæн, æмæ мæхи тыххæй искæй нæ батыхсын кæндзынæн. Бынтон куы мæлон уæддæр, нæу мæ бон искæй тыхсын кæнын», - зæгъы нын Верæ-нана æмæ нын йæхи хъомыл кæрчыты рæвдуæттæй хъайла цæттæ кæны æмæ сæ æппæлы, хорз айыкæфтауæг кæрчытæ, дам, разындысты.



«Алы изæры дæр-иу куы схуыссыдтæн, æмæ-иу мæхи æвзæр куы хатыдтæн, уæд-иу мæхицæн загътон, зæгъын еныр мæ цæстытæ бацъынд кæндзынæн æмæ райсом нал райхъал уыдзынæн. Мæ къухтæ дæр-иу афтæ сывæрдтон гуыбыныл, фæлæ та, райсом куы ралæууы уæд та байгом вæййынц мæ цæстытæ æмæ райхъал вæййын, фæдис кæнын, зæгъын, диссæгтæ, удæгас та дæн», - худгæйæ нын дзуры йæ хабæрттæ æмæ нын фынгыл æвæрд арахъхъы авджы ‘рдæм амоны, - «Ай ахæм арахъхъ у, æмæ йæ Темкайы бирæтæ агурынц».

Тбилисы, Темкайы цæрæнуаты уымæн йæ хъæбулы бинонтæ цæрынц. Верайæн æхсызгон у, æмæ Тбилисы, йæ хъæбулы сыхæгтæ, йæ арæзт арахъхъы тынг кæй уарзынц. Ныртæккæ дæр сахатмæ æркæс-æркæс кæны, йæ хъæбулы дзæнгæрæгмæ æнхъæлмæ кæсы.

«Мæ хъæбул мæм æрвылизæр фæдзуры тилифоны Тбилисæй. Нæ вæййы ахæм бон, æмæ мæм ма фæдзура. Цы бакæнон? Æз ардыгæй никуыдæм ацæуæг дæн. Мæ бон нæ бауыдзæн æндæр ран цæрын, ам райгуырдтæн æмæ ам схъомыл дæн. Мæ мойы дæр ардæм æрбакодтон. Тынг хорз æмкъай мын уыди, мæнæ йæ Раул дæр хъуыды кæндзæнис. Нæу мæ бон æндæр ран цæрын, нæ бафæраздзынæн».

Бацымыдис кодтам, куыд ын æнтысти медикаментты æмæ хæринæгты æлхæнын арæнæвæрдты рæстæджы, бинонты уæнгтимæ афтæ дард куы сты кæрæдзимæ, уæд. Сыхæгты æххуысæй, зæгъы нын уый.
Фотойыл: Хæбæлаты Верæ йе ‘мкъаимæ иумæ.



«Машинæйыл иу куы ныццæуын Карелмæ, уæд уырдыгæй Верæ-нанайæн дæр рахæссын цыдæртæ, исты йæ куы фæхъæуы. Ацы пандемийы рæстæджы хæлцы продукттæ байуæрстой иунæг адæймæгтæн, вермишел, зети, рæвдуан æмæ а.д. Куыд æй зонын уымæ гæсгæ, Верæ-нанайæн дæр æрбахастой», - зæгъы нын Раул.

«Цы дам, цы, рæвдуан дæр, дам, дзы уыди?» - ныхасы йæхи фæкодта Верæ-нана, - «Цыдæр æй, нæ хъуыды кæнын, æвæццæгæн æй зыдтой, æмæ мын иу карк айыкæфтауæг кæй уыдис», - мидбылхудгæ загъта Хæбæлаты Верæ. Стæй нын загъта, цæмæй йын продукттæ мерийæ иухатт æцæгæйдæр æрбахастой.

Гвердзинеты цæрджытæн хъæды лыггæгтæ сыхаг хъæуы цы хырхæйфадæн ис, уый хицау байуæрста. Ацы аз уыцы хъæды лыггæгтæй дæр Хæбæлаты Верæйæн нал æрбаластой. Куыд рабæрæг афтæмæй, машинæйы скъæрæг Хæбæлаты Верæмæ бацæуын нал бауæндыд, уый тыххæй æмæ, фарон баласгæ хъæды лæггæты ‘хсæн, дам, тынг бирæ бырон разынди.


Фотойыл: Гвердзинет, хуссар фарс

«Нæ уарзын æнæрæстдзинад æмæ йæ никæмæн дæр ныббардзынæн.

Бырæттæ æрбаласты бæсты, фæлтау, æхца бафиддзынæн æмæ суг балхæндзынæн».

Худæг ныхæстæ кæнынæй æмæ рагон хабæртты мысынæй, рæстæг тагъд аивгъуыдта. «Сымах куы нæ æрбацыдаиккат, уæд та ацы бон дæр гæдыимæ ныхас кæнынæй хъуамæ арвыстаин», - мидбылхудгæ нæ рахизын кодта 81 аздзыд Хæбæлаты Верæ.

Хæрзбон сын загътам фысымтæн æмæ ныууагътам Гвердзинеты, иунæг-иу хъæу Дзамайы комы, цыран нырма Руис-Урбаны эпархимæ ацы зæххытæ нæ хауынц. Хъæуы алфæмбылайы фосхизæн сæрвæттæ æнæхъæнæй эпархи йæхиуыл срегистраци кодта. Эпархийы баисты ацы хъæутæ: Цъиплована, Сатердзе, Абухало, Тъхъемлована...

Азты дæргъы, комбæстæйы, паддзахады æмæ бизнесменты æххуыстæй, ног аргъуан æмæ къелитæ арæзт цæуы. Дзамайы комы ныртæккæ 300-йы онг сауджын цæры. Цас фылдæр кæны сауджынты нымæц, уæрæхдæр кæны аргъуаны сæрмагонд исбон, уыйас нарæгдæр кæны зæххыты тыгъдад бынæттон цæрджытæн.
Print