Ног хабæрттæ
Ныхъхъусгонд доли æмæ аккордеон
Долийы, аккордеоны æмæ кларнеты хорз æххæстгæнджыты ссарын регионы алыхаттдæр зын уыдис, фæлæ цæлы фынг кæнæ зианы фынг æнæ уыдонæй, зæгъæн ис æмæ, никуы æвæрд цыд. Уыдонæн алы бон дæр уыди æнæвдæлон. Уыдис ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу чындзæхсæв кæнæ натлиа кæныны бон уымæ гæсгæ нысангонд цыд, музыкантты иу куы æвдæлди.

Хашураг Тъалахадзе Митъо 50 азæй фылдæр ацы куыст кæны. Долийыл цæгъды. Куыддæр пандеми райдыдта, афтæ уый ныхасмæ гæсгæ, ныр дыууæ азы у, ацы куыст куы нæ уал бакодта. Уый ныр хæдзары, йæ хæлæрттимæ кæнæ йæ хæстæджытимæ фендзыстут. Налдæр чындзæхсæвы фынгтæм цæуы æмæ нал дæр зианы фынгтæм. Йæ зарджытæ алы фæлтæры минæвæртты ‘хсæн, абон дæр популярон сты.

Хашуры Тъалахадзе Митъойы хæдзар алчидæр зоны, фæлæ йæ мах хæдзары нæ баййæфтам. Бинонты уæнгтæ нын æй уайтагъд рацагуырдтой, уый йе ‘рвадæлтæм уыди. Иууыл дам, адæмы ‘хсæн змæлын уарзы. Сыхаг немæ йæхи машинæйыл рацыдис, цæмæй йæ æнцонæй ссардтаиккам хашураг колориты.

«Гурæй дæ? Иу хорз хабар мæ зæрдыл лæууы Гуры тыххæй», - загъта нын Митъо Байантыхеуы фæндагыл куы æрлæуыдыстæм, уæд. Байантыхеуи уымæн йæ райгуырæн къуым у Сурамы цурмæ ‘ввахс. Иугæр, Куадзæны бонтыл уагæвæрд арæнæвæрдты æмгъуыд аивгъуыдта, хъæуы уæлмæрдырдæм ацыдыстæм. Уым Митъойы хъæбулы æмæ æмкъайы ингæнтæ сты.

«Ацы пандеми куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ ныр дыууæ азы нал уыдтæн уæлмæрды. Куыд гæнæн уыдис, цæмæй æз Куадзæны боны уæлмæрдмæ ма ацыдаин. Мæ музыканттимæ-иу ссыдыстæм уæлмæрдмæ», - дзуры нын Митъо æмæ йæ Гуры хабар дæр нæ рох кæны, кæцы ууыл 30 азы размæ æрцыд.



80-æм азты, Гуры райкомы нымæрдары хъæбулы чындзæхсæв уыдис.

«Уæд мын хæдзары тилифон уыд. Тилифоны мæм фæдзырдта райкомы нымæрдар, æнæмæнгæй дам, хъуамæ ды азарай мæ хъæбулы чындзæхсæвы. Мæнæн алыхатт дæр фыссæн тетрад уыди, цыран нысан кодтон, кæцы бон, кæдæм хъуамæ ацыдаин. Снысан кодтам бон, кæд хъуамæ ацыдаин Гурмæ, фæлæ мыл ахæм хабар æрцыд æмæ нал ацыдтæн», - дзуры нын Митъо.

Цы боны хъуамæ ацыдаид, райкомы нымæрдары хъæбулы чындзæхсæвмæ, раст уыцы бон Митъомæ уазджытæ æрбацыд, йæ хистæр хъæбул ус æркодта æмæ йæм йæ каистæ æрбацыдысты. Уыдис Сабатбон.

«Тынг æфсæрмыйы уавæры ныххуадтæн. Нæдæр райкомы нымæрдары фæсайын гæнæн уыдис æмæ нæдæр мæ уазджыты ныууадзын æмæ ацæуын. Мæ музыкантты арвыстон чындзæхсæвмæ. Райкомы нымæрдар уый куы базыдта æмæ æз семæ нæ дæн, уæд музыканттæн загъта: цалынмæ, дам, Митъо йæхæдæг не ‘рбацæуа, уæдмæ, дам, уын æхца нæ бафиддзынæн. Цы хъуамæ кодтаин, куыд ныууагътаин мæ уазджыты? Дыккаг бон уæддæр ацыдтæн Гурмæ», - кой кæны Митъо.

Гуры хабары дзырд фæци æмæ уæлмæрды раз дæр балæууыдыстæм. Цалдæр минуты æдзæмæй алæууыд Митъо, куы йæ хъæбулы ингæнмæ касти, куы йе ‘мкъайы, кæцы 2 азы размæ инсультæй фæзиан.

Байантыхеуæй Тъалахадзе Митъо цалдæр азы размæ ацыди, йæ хъæбултæй иу, 7 аздзыд, Дато куы фæзиан, уæд. Нал бафæрæзта уыцы хæдзары, цыран йæ хъæбул рынчынтæ кодта. Ныр æй ацы бынатимæ æрмæстдæр йæ мысæнтæ цæдис кæны.

«Мæнæ ацы чысыл Датойы номарæн у уыцы зарæг, кæцыйы æз сегасæй тынгдæр уарзын æмæ мæхи фыст у. 1978 азы мын фæзиан. Тъезеры мæ каисмæ уыдыстæм, хуы сын уыд æргæвст. Физонджытæ цæттæ кодтам зынгыл. Тæвд физонæджы кæрдих райста мæ чысыл лæппу æмæ йæ аныхъуырдта. Уæдæй фæстæмæ райдыдта рынчынтæ кæнын. Фæракæн-бакæн æй кодам алы ранмæ дохтыртæм, кæм нал уыдыстæм. Куы йæ Тбилисмæ кодтам, куы йæм иу кæцы професоры æркодтам, куы кæцы, фæлæ йын ницы баххуыс. Мæ бинойнаг æй алы æхсæв дæр фыны уыдта. Рабадис-иу сынтæгыл æмæ-иу кæуын байдыдта – Дато, хъæбул, кæм дæ... Раст, уæд ныффыстон ацы зарæг. 3 азы æддæмæ нал хызтæн. Фæстагмæ та уæддæр адæмы æххуысæй рахызтæн дуармæ, ракодтой мæ», - зæгъы Митъо.

Дыууæ азы æнæфенгæ уæлмæрдæй раздæхгæйæ фæндагыл иууылдæр йæ хъæбулы хъæбул, чысыл Митъо Тъалахадзейы кой кодта. Уый фидæн у, ныр 73 аздзыд лæджы ныфс æмæ циндзинад дæр.

«Ныр-ма кæдæм хъуамæ ацæуон, афтæ мæм кæсы, долийæ цæгъдын æмæ зарын дæр мæ ферох ис. Ресторантæ 9 сахатыл æхгæнынц. Цины фынгтæ нал аразынц æмæ нæ зонын, 2000-ларон ивар фидын нæдæр мæн фæнды æмæ нæдæр никæй. Пандеми куы фæуа, уæд цы сараздзынæн? Æвæццæгæн, фæстæмæ хорздзинад. Æндæр нæ зонын, куыд адарддæр кæндзынæн цард. Мæ хъуыддаг мын ныртæккæ мæ хъæбул æмæ мæ хъæбулы хъæбул дарддæр кæнынц. Уыдон дæр музыканттæ сты. Мæнау уыдон дæр ныртæккæ нæ кусынц. Мæ хъæбулы хъæбул та æндæр куыст райдыдта, уæдæ куыд бакæна, бинонты цæрын хъæуы. Æз та мæ пенсийыл дæн баст», - зæгъы Тъалахадзе Митъо.



Хъазахашвили Вахтанг 13 аздзыдæй фæстæмæ долийыл цæгъды. 50 азы дæргъы нæ уыдис ахæм цау æмæ айас рæстæгмæ мауал ацагътаид долийыл. Абон уымæн йæ доли æнцойæ лæууы хæдзары. Пандемийы тыххæй, тобæгонд у цæлы фынгтæ аразын. Ныр дыууæ азы у, хистмæ дæр куы нæ уал ацыд цæгъдæгæй.

«Æз ацы долийы афтæ куы уынын, æнцойæ лæууы, куыд уыдзынæн? Цæмæн мæ хъæуы доли, кæд æмæ йыл нæ ацæгъддзынæн? Ай уыди мæ дарæг. Амæй ардтон æхца дæр», - зæгъы нын Хъазахашвили Вахо.

Йе ‘мкъаимæ иумæ Гуры æххуырст фатеры цæры. Æрвылмæй, æххуырсты аргъ 45 лари фиды йæ пенсийæ. Цасдæр рæстæджы дæргъы рухсы аргъ нал бафыста. Хæдзары хицау æнхъæлмæ кæсы, Вахо кусын куы байдайа уæд ын уый фæстæ кæй бафиддзæн рухсы аргъ.

«Æз сæйрагæйдæр зианы фынгтæм цæуын. Адæм зоныс цахæм сты? Куы дæ феной, æмæ зианы фынгыл цæгъдыс, уæд дæм цины фынгмæ нал дзурынц, фæлæ-иу вæййы ахæм цаутæ дæр æмæ цины фынгыл дæр ацæгъдын. Æнæуи, цины фынгыл цæгъдын æнцон у. Фæлæ зианы фынгыл? – уый тынг зын у», - зæгъы Вахо æмæ тынг æфсæрмы кæны уымæй, йæ иууатон фатеры алцыппæт дæр кæрæдзийы уæлæ æвæрд кæй сты – фынг, сынтæг, телефизор, долитæ...

Дзуры нын, цæмæй зианы фынгыл цæгъдын уымæн эмоционалонæй тынг зын кæй у, - «Ацы рæстæджы гæнæн ис амæлай, дæ зæрдæ аскъуыйа æмæ амæлай. Уыдис ахæм цау дæр, ацагътон фæлæ зарын мæ бон нæ баци. Мæ зæрдæ уынгæг кодта æмæ куыдтон – ай тынг уæззау момент у, ды куы цæгъдыс æмæ дæ фарсмæ та 23 аздзыд лæппуйы мард ис. Фæлæ, цы бакæнон, хъуамæ йын бафæразон. Ай махыл тынг æндавы».

Нырма уæд 13 аздзыд уыди, гуйраг долидзæгъдæг, Ортанезашвили Деваноз æй Арбойы Сыгъдæг Гиоргийы аргъуанмæ куы акодта.

«Уыцы рæстæджы ацагътон, хъуыды йæ кæнын. Деваноз мæ акодта. Уæд мыл ном сæвæрдта «Кицънура». Загъта мын, Кицънура сæнæфсирау, дам дæ, цасфæнды дон, дам, ыл кæн, уæддæр йæ къалиу нæ рæзы. Ды дæр дам, афтæ, уыйас бирæ хæрыс æмæ дам, не стыр кæныс. Афтæ мыл Кинцъура ном сæвæрдта Деваноз. Раст, уыцы бонæй фæстæмæ, доли мæ къухæй нал суагътон», - зæгъы Хъазахашвили Вахо.

Гуры районы Ахалхизы хъæуæй рацæугæ дæн. Ныртæккæ ацы хъæу Бетлем хуыйны.

«Мæ фыдыфсымæр педагог уыдис. Хæстæй сахъатджынæй æрыздæхт æмæ хъæуы ахуыргæнæгæй райдыдта кусын. Мæнæн дæр æдзухæй дзырдтой, цæмæй сахуыр кодтаин, фæлæ ахуыр кæнын æппындæр нæ уарзтон. Рацыдтæн хъæуæй æмæ райдыдтон долийыл цæгъдын. Цыдтæн цæгъдæгæй æмæ афтæ арвыстон 50 аз. Абон дæр æрхъæцмæ нæ лæууын, фæнды мæ, цæмæй мæ хæлæрттимæ иумæ фæстæмæ ацы хъуыддаг адарддæр кæнон».

Йæ партнер, кларнетыл цæгъдæг, ныр 70 аздзыд у. Стæм хатт ма йæ фены. Уыцы бынат дæр афтид у, цыран-иу æмбырд кодтой цæгъдджытæ.
Print