Ног хабæрттæ
Ахуырдзаутæ Квемо Лететæй (PHOTO/VIDEO)
Квемо Лететы нын загътой, цæмæй скъолæйы бындурæвæрæг, ныр сгуыхт Засухашвили Никъолозы хъæбулы хъæбул хъæуы мидæг 2 къласы сног кæнын кæй пълан кæны. Зæгъæн ис, æмæ æвзонг чызг хъæуы цæрджытæн йæ идейæ ныридæгæн базонгæ кодта. Скъолæйы раздæры педагог Валишвили Тамазы ныхасмæ гæсгæ, Никъолозы хъæбулы хъæбул скъолæйы къордты байгом кæнын пълан кæны, цæмæй Квемо лететаг сабитæн уæлæмхас ахуырады райсыны фадат уа.

«Æз куыд зонын афтæмæй, Засухашвили Никъолозы хъæбулы хъæбул нæ хъæуы хорз проекты аразын пълан кæны. Дыууæ хатæны сцалцæг кæндзæни æмæ дзы къордтæ байгом кæндзæн. Уый уыдзæнис иттæг хорз хабар ацы хъæуæн æмæ ахуыры фадат сабитæн», - зæгъы Валишвили Тамаз.

Фæлæ, Карелы №2 скъолæйы æмæ ресурсцентры ай тыххæй махæн ницы загътой. Уыдонæн Квемо Лететы скъолæйы байгом кæныны фарст уæлдай хæрдзтимæ у бастгонд. Æгæрыстæмæй, ацы фарстыл нæдæр уынаффæ кæндзысты æввахс фидæны раздæры скъолæйы сног кæныны фæдыл, кæнæ æмткæй, бæстыхайы исты функцийæ уаргъæвæрды фарсты.

Квемо лететаг сабитæ æмæ сæ ныййарджытæ хъуыды кæнынц, цæмæй ахуырдзауты нымæц цъус кæй у, уымæ гæсгæ, хъæуы скъолæйы сног кæныныл ничи бацархайдзæн.



Фотойыл: раздæры педагог Валишвили Тамаз куыстæй Лететмæ фистæгæй фæцæуы

Квемо Летет Карелмæ æдæппæт цыдæр 2-3 км дæрддзæгмæ у. Карелы №1 æмæ №2 скъолæты æмткæй 30 сабийы ахуыр кæны, ахуырдзаутæн микроавтобус лæггад кæны, акæны сæ æмæ сæ фæстæмæ ракæны.

«Ацы скъолæ куы сырæзт, уæд уыди 8-къласон. Сабитæ дыууæ ивдæй цыдысты. 1990-æм азты конфликты рæстæджы, бирæ бинонтæ ныууагътой хъæуы. Уымæ гæсгæ, сабиты нымæцы фæкъаддæры тыххæй нырма арæзт æрцыд 6-азон скъолæйæ. Фæстаг рæстæджы онг, аст ахуыргæнæг уæддæр куыста. 2005 азы скъолæ æхгæд æрцыд æмæ сабиты Карелмæ адихтæ кодтой. Директор æмæ педагогты æгуыстæй ныууагътой», - зæгъы раздæры педагог Валишвили Тамаз. Уый ныртæккæ Квемо Лететы цæры æмæ Карелы муниципалон газеты кусы.

Уый уыдис сæ иу уыдонæй, кæцы скъолæйы сыхгæды ныхмæ рацыди: «Ныццыдыстæм министрадмæ æмæ уæды министримæ фембæлдыстæм. Нæ мæ фæнды æмæ уыцы ныхасы кой ракæнон, кæцы уым цыдис. Факт уый у, æмæ нын дзы ницы рауадис», - зæгъы Валишвили Тамаз.

Скъолæйы сыхгæды фæстæ тагъд бæстыхай уæййаг объектты номхыгъдмæ бахастой:



Фотойыл: раздæры скъолæйы бæстыхай

«Раст, ацы хъæуы цæрджыты хæрзиуæгдзинад у, æмæ скъолæ кæй нæ ауæй ис. Æгас хъæу къахыл слæууыд æмæ бæстыхайы ауæй кæнын нæ бауагътой. Æвæццæгæн, ацы хъæуы цæрджыты риуты уæддæр ис уый ныфс, цæмæй кæддæр байгом уыдзæн фæстæмæ ам скъола», - зæгъы Тамаз æмæ нын скъолæйы бæстыхайы уынын кæны. Бæстыхайы дæгъæлтæ раст уымæ сты лæвæрд.

Валишвили Тамазимæ ныхасы рæстæджы нæм цалдæр нæлгоймаджы æрбаиу.

Ныр сгуыхт Засухашвили Никъолоз скъолæйæн 50 азы дæргъы къухдариуæг кодта. Афтæ сыхгæдтой скъолæйы æмæ ауыл хъуыды дæр ничи акодта. Æрыййæфта куыд скъолæйы баконды, афтæ йæ сыхгæды. Скъола, 25 аздзыд карелаг æвзонг лæппуйы хъæппæрисæй, ацы чысыл хъæуы Советон хицауад байгом кодта. 50 азы фæстæ, 75 азы кары директоры юбилейы мадзал дæр скъолæйы ауагътой.

Засухашвили Никъолозы хъæбултæ (фырттæ) ныртæккæ цæрынц Германы. Уыдон фæсарæнтæм 1990-æм азты ацыдысты. Ай уыцы рæстæг у, Гуырдзыстоны гуырдзиаг-ирон конфликт куы байдыдта.

«Скъолæйы фæрсты-иу куы ахизын, уæд бирæ хатт мæ кæуын нал бауромын», - загъта нын цæрджытæй сæ иу, кæцы йæ царды ахсджиагдæр азтæ скъолæйæн снывонд кодта. Фæлæ цæмæн фæриссын кодтой йæ зæрдæ карджын директорæн, уый тыххæй нын уый басусæг кодта.



Фотойыл: Дыккаг дунеон хæсты мемориал

Мах уыдыстæм уыцы хъæуы, кæцы цалдæр хъæуы æвзонг фæсивæды ахуыры артдзæст æвдыста.

«Ацы скъолæмæ цыдысты Земо Лететæй, Гомборæй æмæ Апнисæй. Ацы хъæуты ‘хсæн абон бынтон афтид у Гомборы хъæу. Уым-ма æрмæст кувæндон ис, кæцы бизнесмен, Засохты Гочайы хъусдарды бын ис», - загъта нын бынæттон цæрæг Хабалашвили Звиад.

Хъæуы цæрджытæ дзурынц, цæмæй ахуырдзауты транспортиры фарста, микроавтобусты тыххæй, зæгъæн ис, æмæ æрбæстонгонд у. Фæлæ, цæрджытæ Карелы онг фистæгæй фæцæуынц. Уый сын аразы зынуавæртæ, уæлдайдæр та зымæджы периоды æвзæр боныхъæды рæстæджы.



Фотойыл: скъолæйы автобусмæ æнхъæлмæгæсгæ

«Æвæццæгæн, уыййас сывæллон кæй нæй, уый тыххæй нын скъолæ нæдæр байгом кæндзысты. Уый дæр зонæм, цæмæй алы хъæуæн дæр йæхи проблемæтæ кæй ис. Мах ацы этапыл тынг хъæуы, цæмæй нын газ рауадзой, тынг фыдæбон кæнæм, тæнгъæд газы куы æрбаласынц, куы та – нæ. Уый тыххæй дæр-иу Карелмæ ацæуæм. Стæй нын иу къуыри дæр не саг вæййы», - загъта нын Тибилашвили Макъа. Уый нæм ацы курдиат хъæуы хæдзары-æфсинты номæй радта æмæ нын загъта, цæмæй сын сæ зæрдæрыст аккаг уагдæтты минæвæрттæн дæр зæгъæм.

Валишвили Тамаз зæгъы, цæмæй газы æмæ доны проект цæттæ у. Ацы информаци уый Карелы мерийы фехъуыста, уымæн æмæ йæхæдæг дæр Карелы мерийы газеты кусы. Дзуры, цæмæй абон хъæу бирæ хуыздæр уавæрты цæры раздæрмæ абаргæйæ. Хъæуы центры онг ног асфальт ис арæзт.

Хабалашвили Олиа нын загъта, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у фæндæгтыл видекамерæты смонтаж кæнын:

«Зоныс, цы курын, хъæбул? Мæнæ ацы фæндæгтыл камератæ смонтаж кæной, æндæра Саркийы Сыгъдæг Гиоргийы кувæндонæй куы рацæйцæуынц машинæтыл расгуытæй, уæд æй хъуамæ фенис куыд цæуынц фæндæгтыл. Хъуамæ æнæмæнгæй исчи фыдбылызы бахауа? Тынг уæ курын ацы хабар фæхæццæ кæнат, кæмæ хауы уыдонмæ», - загъта нын Хабалашвили Олиа. Уый фæндагыл лæууыд, тæнгъæд газы чысыл балон йæ къухы афтæмæй. «Чизоны дам, исчи цæуа Карелмæ, æмæ йын æй байдзаг кæнынмæ арвитон, зæгъгæ».



Фотойыл: скъолæйы автобус Карелы №2 скъолæйы раз Квемо лететаг скъоладзаутæм æнхъæлмæ кæсы

Карелы скъолæтæй ахуырдзаутæ фæстæмæ 4-æй 5 сахатмæ раздæхынц.

«Мæнæ, еныр ацы сабитæ Карелмæ куы цæуынц, уым цы аразынц, нæ сæ уынæм. Хуыздæр нæ уыдзæн, ам куы уаид скъола? Мæ цыппар хъæбулы ацы скъолæйы каст фесты. Уыцы рæстæджы цы сахуыр кодтой, раст уыцы ахуырæй абон цыппар дæр кусынц. Хъæбулы хъæбулты та Карелмæ куы æрвитæм, уæд сын семæ хæринаг хъуамæ арвитай. Бирæ хатт райсомæй автобусмæ барæджы кæнынц æмæ сæ стæй таксийыл хъуамæ арвитай. Стыр фыдæбоны стæм, хъæбул. Ацы транспортыл цас хардз цæуы, уый хуыздæр у скъолæйы ремонтæн бахардз кæной», - загъта нын бынæттон цæрæг».



Фотойыл: ахуырдзаутæ сæрибар рæстæг хъæуы спортфæзыл æрвитынц

Скъолæйæ æрбаздæхгæ ахуырдзаутæ нырма хæдзæрттæм ацæуынц, стæй сæ уроктæ сахуыр кæнынц. Изæры 7 сахатыл та кæрдæгæйдзаг спортфæзыл æрæмбырд вæййынц.

«Нæ курдиат у, цæмæй нын чысыл парк уæддæр саразой. Ацы спортфæз нын ис, фæлæ дзы алчи нæ хъаздзæнис къахпортийæ», - зæгъы Мариам. Уый йе мгæрттимæ спортфæзмæ ‘ввахс, донуадзæн канауы бетоныл æрбадтысты æмæ аивгъуыд боны хабæрттæ кæрæдзийæн дзырдтой.


Print