Ног хабæрттæ
«Никоз-Тбилис» - поезд, кæцы пандемийы тыххæй æрлæууыд
Оккупацион хаххмæ ‘ввахс Никозы хъæуæй сæйраг горæтырдæм цæугæ поезд зæронд æмæ хæлд æфсæнвæндаджы тыххæй-иу æй æрмæст Гуры онг ныццæуынмæ хъуыдис дыууæ сахаты. Гурæй Тбилисы онг ноджы æртæ æфсæнвæндаджы станцæ æмæ æртындæсы онг перроныл хъуамæ æрурæдтаид æмæ-иу нысангонд бынатмæ 3 сахат æмæ 40 минутмæ, раст райсомы 9 сахатыл ныццыд.

Даргъ æмæ фæллайæн фæндагмæ æнæгæсгæйæ, Гуры, Къаспы æмæ Мцхетæйы районы цæрджытæн ацы маршрут сегасæй хæрзвадат æмæ æнцонвадат уыдис. Æрдæг æнусмæ ‘ввахс хæстбавзарæг поезд уæлдайдæр-иу уæд едзаг кодта адæмæй, зæхкусджытæ сæ дыргътæ æмæ халсæртты Тбилисы аграрон базары онг ласынмæ куы тагъд кодтой.
Уæдæй фæстæмæ, куыддæр коронавирусы æруромынæн бæстæйы æвæрд æрцыд арæнæвæрдтæ, æфсæнвæндаг æрлæууыд, æрлæууыд Никоз-Тбилисы поезд дæр. Пандемийы тыххæй, æнæуи дæр финансонæй зианбаййафæг адæймæгтæн ацы рейсы сыхгæд стыр зиан æрхаста.

Никозы хъæуы цæрæг Ломсадзе Нэли йæхи хæдзарадмæ йæхæдæг иунæгæй зилы. 66 аздзыд сылгоймаг тыллæг йæхæдæг æркæны. Йæхæдæг æй бабæстон кæны æмæ йæ ауæй кæныныл дæр йæхæдæг архайы. Фæлæ, поезд куы æрлæууыд, уæд йæ уæййæгты Тбилисмæ ахæссын нал æфты йæ къухы.



«Тбилисмæ базармæ рагæй цæуын. 2008 азы хæсты фæстæ ноджы арæхдæр. Уæдмæ дæр-иу цыдтæн, фæлæ уæд мæхи машинæйыл цыдтæн. Æмткæй, хъæуы транспорт сæйрагæйдæр поезд уыдис, æмæ мах дæр уымæй пайда кодтам. Цалдæр хъæуы – Никоз, Квемо (Дæллаг) Никоз, Хвит, Квемо (Дæллаг) Хвит. Æнæхъæнæй ацы район, райдайгæ Гурæй Никозы онг æмæ Цхинвалы онг, ацы хъæуты цæрджытæ пайда кодтам уыцы поездæй. Хорз пайда уыд, уæлбар нын лæвæрд цыд, иу ларæй цыдыстæм, иу ларæй фæстæмæ здæхтыстæм. Раст у, ныртæккæ «Маршрутка» кусы æмæ ууыл цæуæм, фæлæ уый уæддæр зынаргъ у адæмæн. Зæхкусæгæн зынаргъ лæууы, æндæр афтæмæй, кæд цæрджытæн хъæугæ у æмæ домы адæймаг, зынаргъмæ ма чи кæсы, хъуамæ ацæуай. Ныр маршруткæйыл цæуæм. Фæлæ кæд поезд уыдзæнис æмæ нын снысан кæндзысты, уæд адæмы фылдæр фæстæмæ поездыл цæудзысты. Æнæмæнгæй хъæуы поезд, цæрджытæ курынц, цæмæй фæстæмæ поезд цæуын райдайа, æнæмæнгхъæугæ у уый зæхкусæгæн», - зæгъы нын Ломсадзе Нэли.

Маршрутон такси поездæй бирæ хатт цырддæр ныццæуы сæйраг горæтмæ, фæлæ бæлцæттæн сæ уаргъты аргъ хицæнæй фидын хъæуы, уымæ гæсгæ, сын арæх, базары онг продукты бахæссын фылдæр слæууы, ауæйы фæстæ райсгæ æфтиагмæ абаргæйæ.

«Фæндаггаг уыдис иу лари æмæ уаргътæн дæр нæ фыстам аргъ. Маршруткайы та фондз лари фидæм фæдаггагæн, иу лари та уаргъæн. Дæс уаргъы дæм ис, дæс лари хъуамæ бафидай, дыууын дæм ис – дыууын. Амæ бафтау ноджы дæ фæндаггаджы аргъ. Хуыздæр у поезд, кæй зæгъын æй хъæуы», - зæгъы Нэли æмæ кой кæны, цæмæй Къаспы æмæ Гуры районты цæрджытæ дæр ацы поездæй кæй пайда кодтой, уымæн æмæ-иу, Тбилисмæ поезд ныццыд райсомы 9 сахатыл, - «Тбилисы чидæриддæр кусы, уыдонæн ацы поезд къух дæтты, кæм иу лари æмæ кæм фондз лари.



Ацы проблемæты тыххæй ныхас кæны Нэлийы æмхъæуккаг Беруашвили Тъатъо дæр, кæцы халсæртты æмæ дыргъты культурæтæм зилынæй дарддæр ма, фосмæ дæр зилы æмæ уымæй йæхи дары. Уæй кæны æхсыр æмæ æхсыры продукттæ, кæцы уымæн сæйраг æфтиаг у.

«Поезд æрлæууыд пандемийы тыххæй. Уæдмæ дзы пайда кодтам цæрджытæ, хъæууон хæдзарады продукттæ ластам уæй кæнынмæ Тбилисмæ. Æнæуый дæр ыл цыдысты, адæм цыдысты æмæ здæхтысты поездыл. Асламдæр лæууыди фæндаггаг æмæ хорз уыд. Ныр фондз лари у Тбилисмæ ныццæуын, раздæр та, иу лари фыстам. Нæ хъæуæй бирæ ацæугæ адæймаг цæры горæты æмæ уыдонæн дæр хæрзвадат уыди», - дзуры нын Тъатъо æмæ дис кæны, зæгъгæ, кæд поезд ковиды апырх кæныны тæсæй баурæдтой, уæд бæлццæттæй йæ тæккæ дзаг маршрутон такситы куыд арæхсынц регуляциты æххæст кæнын кæнæ дистанцийы хъахъхъæнын.

«Æз хъæууон хæдзарады продукттæ хастон уæй кæнынмæ, дыргътæ æмæ халсæрттæ, урсаджы продукттæ, æхсыр. Хъæуы сæйраг æфтиагдæр ай у, уымæн æмæ куыст нал ис. Пандеми нын финансмæ гæсгæ тынг базиан кодта. Базары алцыдæр зынаргъ, æфтиаг дæр никуыцæй цæуы æмæ нæхи фыдæбонгæнгæйæ дарæм», - зæгъы Беруашвили Тъатъо.

Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы пресс-куыстуаты зæгъынц, цæмæй ацы этапыл горæты æддæмæ цæуæг поездтыл ног æфсæнвæндагон регуляциты сæххæст кæнын гæнæн нæй, уый тыххæй æмæ стыр у ковиды апырхкæныны риск, уымæ гæсгæйæ «Никоз-Тбилисы» рейс сног кæнын æввахс фидæны пълангонд нæ цæуы.

«Абоны бонæн поездтæ æрмæст фондз магистралон æрдæмадæй змæлынц, адон сты: Тбилис-Батум-Тбилис, Тбилис-Пот-Тбилис, Тбилис-Озургет-Тбилис, Тбилис-Зугдид-Тбилис, Тбилис-Кутаис-Тбилис. Ацы рейстыл æххæст цæуы ахæм регуляциты æххæст кæнын: фæндагамонджытæ бæлццæтæн вагоны бахизæны аразынц термо-скриниг æмæ поездмæ бахизгæйæ хъуамæ рацæуой дезо-барьер æмæ сæ къухтæ хъуамæ байсæрдой дезинфекцион тæнгъæдæй», - банысан кодта Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы æхсæнадимæ æмахастыты куыстуаты къухдариуæггæнæг, Хизанишвили Иринкъа æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, цæмæй бæлццæтты вагонмæ æнæ медицинон маскæйæ нæ бауадздзысты æмæ аимæ балцы периоды маскæйы сисыны бар нæ уыдзæнис уыдонæн.

Никоз-Гуры æфсæнвæндагон фадыг нырма ноджы 1940 азы арæзт æрцыд æмæ Цхинвал-Гуры æфсæнвæндагон фæндаджы хай уыди, фæлæ 90-æм азты райдайгæ конфликт æфсæн фæндаг Никозы хъæуы цур сæхгæдта.

Print