Ног хабæрттæ
Куенатъкъоцайы скъолайы хид – æнæбыцæуттæй
Æввахс æрдæг æнусон у уыцы декоративон хид, кæцыдæр Куенатъкъоцайы хъæуы у арæзт æмæ скъоламæ цæдис кæны. Ацы хидыл алыбон дæр ахуырдзауттæ цæуынц. Афтæмæй, ацы хидæй пайда кæнынц сабидоны хъомылгæнинæгтæ дæр.

«Мыййаг зонут сывæллоны ахаст? Раст хидыл сæм бафæнды лидзын æмæ гæппын. Тæссаг йеуæд у, скъолайæ иумæ куы æздæхынц. Ацы скъоламæ цæуынц Агарайæ дæр. Афтæмæй, дыууæ сыхы цæрджытæ дæр ацы хидæй цæдис кæнынц кæрæдзимæ. Куы ныккæла, стæй зындæр у ногæй саразын. Фæлæ, ай дæр куыд æрцæудзæн арæзт, нæ зонын уыйас» - зæгъы бынæттон цæрæг, Валери Гивиашвили.

Хид деформаци кæнын дыууæ азы размæ райдыдта. Абон ын нырид дыууæ быцæу цæджындз нæй. Куыд бынæттон цæрджытæ дзурынц, хиды деформаци уæд райдыдта, хъæуы нуазыны доны системайы сраст кæнын куы аскъуыдздзаг кодтой:



«арæзт æрцыд доны централон магистраль. Централон хæтæлттæ доны бын ныппæрстой, æндæрхуызæй нал бацæдис уыдайккой кæрæдзимæ дыууæ сых. Цæугæдоны æхгæнын дæр сæм бахъуыдис, ацы куыстытæ куы сæххæст кæниккой» - зæгъы Куенатъкъоцайы скъолайы директор Лиа Турманидзе.

Донвæды ныарфы тыххæй, быцæуттæ траектори фæивдтой, хид нырмæ цалдæр донивылдæй аирвæзтис.
Сурамулайы цæугæдон та афæдзы цыфæнды дæр рæстæджы-иу райвылы. Сæрмагондæй, къæвдаджын боныгъæдты. Бынæттон цæрджытæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, цæугæдон алы азы дæр-иу донвæдæй цыдис æмæ Куенатъкъоцайы Дæллаг Сыхы хæдзæрттæ ныццауазта.

Скъолайы директор нæм куыд бауырнын кæны, уымæ гæсгæ – хид ацы этапыл ахуырдзауттæн тæссаг нæу, фæлæ йæ бацалцæг кæныны фæдыл Карелы мермæ ныхæстæ кодтаю

«æз йемæ ныхæстæ кодтон æмæ уымæй зонын, зæгъгæ, дыууæ тендер, дам, фехæлдис. Еныр æртыггаг тендер у сидт» - зæгъы скъолайы бæрнон.

Растдæр, Карелы мери, уый фæстæ мах куы уыдыстæм скъолайы, æртыггаг хатт басидын кодта тендер.

Print