Ног хабæрттæ
15 хæдзарджын цæрæг хъæу хæххон статусы райсын домы
Дихгæнæг хаххмæ æввахс хъæу Ахашены 15 хæдзары цæры.

Бынæттон цæрджытæ домынц хæххон статусы райсын.

Уый фæдыл ахашенæгтæ Шида Картлийы информацион центрæн фехъусын кодтой.

Кониашвили Зойайы ныхасмæ гæсгæ, бирæ азты дæргъы ацы хъæу Сакоринтлойы хъæумæ хаудис, фæлæ уыцы сых, кæцыйы «Ахашен» хонынц, Сакоринтлойæ рахицæн кодтой.

Хæххон статусы райсыны цауы ахашенæгтæ нысаниуæгджын уæлбартæ райсдзысты.

Хъæуы совет, цæрджыты домынадмæ гæсгæйæ, хицауадмæ хæххон статусы райсынæн курдиат арвыста.

Хæххон статусы уæвæг хъæуты цæрæг бинонтæ фыццаг æмæ дыккаг сывæллонæн, иу афæдзы дæргъы, 100 ларийы, уый фæстæ сывæллонæн та 200 ларийы æххуыс райсдзысты.

Педагогты æмæ медицинон хоты æрвылмæйон æфтуан уыдзæнис 180 ларийы. Дохтыртæн та сæ мызд фæфылдæр уыдзæнис 360 ларийæ.

20%-ы фæфылдæр уыдзæнис бæрзонд хæххон хъæуты цæрæг пенсионерты пенси дæр.

Уæлбарæй спайда кæндзæнис алы уыцы хæдзары бинонтæ, кæцыдæриддæр бæрзонд хæххон хъæуы цæры 9 мæйæ фылдæр, ногæй æрцæргæтæн та ацы уæлбартæй спайдагæнæн уыдзæнис 9 мæйы фæстæ.


Print