Ног хабæрттæ
Уæллаг Бошур (къам/видео)
Уыцы бон хъæуы «цæугæ дукан» уыд, афтæ йæ хонынц бынæттон цæрджытæ æндæр æмæ æндæр продукттæй дзаг хæдтулгæйы.

Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы цæрджытæ лæууыдысты, сæ фылдæр устытæ. Æлхæдтой уыцы продуктты, кæцыты æлхæнынмæ Гурмæ кæнæ Тбилисмæ сын нæ бахъæудзæнис ацæуын.

Нæлгоймæгтæ та æввахсгомау рамбырдысты. Сæйраг фæндагыл амайджытæ асфальт тыдтой, боныгъæд дæр фендтаг уыд. Лæгтæн та ныфс уыд, зæгъгæ, цалынмæ боныгъæд февзæр уа, уæдмæ фæуой фæндаджы асфальт кæнын.

Кокайты Тамаз сахарæй чи уазджытæ æссыдысты, омæ мах, йæхи сæнæфсир тонынмæ фæхуыдта, фæлæ куыд разынд, нæхи æрфысым кæнын уыд йæ зæрдæйы.

Йæхи къухтæй конд кицънисаг сæнæфсир нын æртыдта æмæ нæ хорз федта.


Къам: Уæллаг Бошур

«Раджы-иу нæ задис ацы сæнæфсир. Зымæг-иу æрæййафта æмæ æрæгъæд нæ кодта. Еныр ныффæстийат дæр куы у, фыррæгъæд у» - загъта нын Тамаз. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ай климаты ивынмæ у баст.

Йæ кæрты цалдæр гыццыл хæдзар лæууы – иу зæронд, фыдæлтыккон, дыггаг хъæдæй арæзт æмæ æртыггаг та, цæхæрæдонгæрон, блокæй арæзт. Йæ хъæбултæ æмæ хъæбулты хъæбултæ быдыры, горæтты цæрынц. Сæхæдæг та горæтæй бирæ азты размæ ралыгъдысты.

Тамазы æмкъай, Мзиа куыд дзуры, йæхи сгуыхтдзинад у хъæумæ кæй æрæздæхтысты.

«Мах азты дæргъы сахары цардыстæм. Хъæумæ-иу сабат-хуыцаубоны æссыдыстæм. Сахармæ ацæуын-иу афтæ мæ куы нæ фæндыди, тынг æй æвзæрстон. Иухатт та улæфтытæ куы райдыдтой æскъолайы, зæрдæвæрæны мæй уыд, рацыддæн æмæ нал аздæхтæн Тбилисмæ.» - дзуры Мзиа.

Лæг æмæ ус 45 аз иумæ цæрынц. Мзиа Меладзейæн дæр ацы ком йæ райгуырæн бæстæ у, уымæн æмæ цалдæр километры у Цъедисы хъæу, кæм райгуырдис, уыцы хъæу. Кæрæдзийыл та Гуры фембæлдысты.

«Æз æфсæнвæндаджы æрлæууæны дуканы куыстон, Тамаз та хæрæндоны куыста хæринагаразæгæй. Дуканмæ-иу æрбахызти æмæ афтæ базонгæ стæм. Тынг рæсугъд уыдис æмæ йын æфтиаг дæр хорз уыд. Мæ мад мын афтæ, тагъд дам йæм ацу чындзы, цалынмæ, дам, йæхиуыл æрцæуа.» - дзуры нæм хъазæн ныхæстæй Мзиа.


Къам: Мзиа Меладзе – Кокайты чындз

Кокайты Тамаз ныридæгæн 70 азæй ахызти. Хъæдын хæдзар йæхи къухтæй сарæзта æмæ ноджы дæр хъуыды кæны цалдæр уаты йыл бафтæуыныл.

«Абон гæнæн ис цъус адæм цæрынц нæ хъæуы, фæлæ бирæ фыдæбæттæ дзы бавзæрстам. Æрмæст 90-æм азты цас ирон алыгъд ардыгæй, чи Дзæуджыхъæумæ, чи кæдæм. Еныр цъусгай-цъусгай адæм дæр фæфылдæр æсты. Бирæтæ дæр æлхæнынц зæххыты. Уазæгдæтты дзы аразынц. Алыцыдæр ивы» - дзуры нæм Тамаз æмæ йæ хæдзар нын фенын кæны.

Уæллаг Бошуры хъæу Гуры муниципалитеты у æвæрд, цæугæдон Тъанайы комы. Атъенæй цалдæр хъæу: Бобнеу, Бииси, Ормоци æмæ Дæллаг Бошуры фæстæ.

Кæрты кулдуары цур ласæнимæ сыхæгты сывæллон фæцæйцыд. «Ацы чысыл лæппу Саба у. зæрæдты-иу æххуыс кæны йæхи ласæнæй. Кæд искæмæ уæргътæ ис ласинаг, уæд сын-иу æххуыс кæны»- дзуры Мзиа.



Къам: Саба йæхи транспортæй зæрæдты æххуыс кæны

Хъæуы æрмæст цалдæр сывæллон цæры. Уыдонæн мери сквер цæугæдоны фæлейæ сарæзта, нæзджыны был, фæлæ ныр фæззæджы, уырдæм хур дæр нал кæсы, омæ ацы уазалы æмæ дард фæндагыл сывæллæты дæр нал уадзынц – сырд, дам, макæцæй разынæд.

Уæллаг Бошуры алыхаттдæр Дæллаг Бошуримæ иу кæнынц, фæлæ Уæллаг Бошуры хæдзæрттæ цъус æсты, кæртытæ дæр уæрæх æсты æмæ улæфæн тыгъдад дæр. Дæллаг Бошур та административон центр, кæм æскъола дæр дзы и, хъæуы администрацийы агъуыст дæр æмæ цалдæр хæдзарон уазæгдон дæр.

Сывæллæттæ Дæллаг Бошуры æскъоламæ цæуынц. Уыдонæн транспорт лæгкад кæны. Фæндаггон транспорт та æппæт комы, иу цæуы, автобус, къуырийы дыууæ боны – дыццæг æмæ цыппæрæмы.

Хъæуы ноджы иу цæрæг у Мзиа Джалагъониа – Шатъакъишвилиты чындз, чи дзы сæйраг фæндаджы был цæры, хъæуы астæуы. Уый хъæумæ æссыд уазæджы фыццагдæр фысым у. Уæллаг Бошурмæ Мегрелийæ рацыдис чындзы. Йæ æмкъайимæ 48 азы размæ базонгæ ис, санаторийы. Ныр та йæ фыртимæ цæры.

«Ардæм чындзы куы рацыддæн, нæ дæр æй зыдтон кæм цардис мæ суинаг æмкъай. Поездæй(хæддзогæй) мæ ракодта, стæй такси баххуырс кодта æмæ афтæмæй мæ æскодта хъæумæ. Атъенæй куы рахызтыстæм, уæд мæхинымæры хъуыды кодтон, цыма кæдæм мæ кæны ацы лæг. Ахæм æвæндæг рæтты мæ макæдæм ныххæрæгъ кæнæд, зæгъгæ. Уæдмæ ахæм бынæттæ уынгæ дæр никуы фæкодтон.» - дзуры нæм хъазæн ныхæстæй Мзиа Джалагъониа.


Къам: Мзиа Джалагъониа-Шатъакъишвилиты чындз

90-æм азты зындзинады рæстæг та абонмæ дæр нæу рохуаты хъæуы цæрджытæн.

«Дзурынц мын мæ æфсымæртæ, рацу, дам, махмæ Мегрелмæ, фæлæ мæ мой мæ ракодта ардæм æмæ ам мæ хъуамæ баныгæной.» - дзуры нæ фысым, фæлæ уæддæр æвзонг чызджытæн фæдзæхсы, цалынмæ ацæудзысты чындзы, уæдмæ феной кæм цæрынц сæ суинаг æмкъайтæ, цæмæй йæхихуызæн æнæбацæуæн хъæуы ма бахауой.

Мзиа Шатъакъишвили хъуыды кæны, зæгъгæ, ардыгæй фæстæмæ фæндаггон транспорты цыдтæ хъуамæ фæфылдæр уой. Уымæн бирæ хатт-иу бахъæуы Гурмæ клиникæмæ ацæуын, уымæ гæсгæ та фæндон ын ис, цæмæй ноджы иу рейс бафтæуæд æмæ автобус къуырийы æртæ боны цæуа.

Куыддæр хур аныгуылд, хæхты астму æвæрд Уæллаг Бошуры æнæрæстæгæй æсбадтис сабырдзинад. Æстуртæ бакодтой æскъæтты. Мæргътæ дæр æсбадтысты сæ бадæнтыл. Хæдзæртты дæр æссыгъдтой тохонæтæ. Ойы, Тамаз нын бæргæ загъта, зæгъгæ, климат дам йæ хуыз фæивта, фæлæ изæры уазал нырид даргъ зымæджы минæвар у.

Print