Ног хабæрттæ
Къæбулты Лело – Æстыр Хъелеты хъæу
Æстыр Хъелеты хъæу Триалетты рагъыл у æвæрд. Фылдæр конкретонæй та рагъы уыцы фахсыл, кæцæй дзы фæндаг Дзамагоммæ цæуы.

Нывæцмæ куы бакæсат, фендзыстут куыд æввахс æсты Ортубан æмæ Дзамагомы æндæр хъæутæ. Уымæй æввахсдæр, цы Æстыр Хъелетæй цæугæдон Къуари у.

Хъæу Хашуры муниципалитеты у æвæрд. Фæндаг Църомы хъæуæй цæуы, кæцæй дæр æвиппайды райдайы зын фæндаг. Ранæй-ран бетонвæндаг сарæзтой, фæлæ суанг кæронмæ нæу сконд.

Ныр Чысыл Хъелетыл ахызтыстæм æмæ куыддæр ахæццæ стæм æввахсæй 10 хæдзарон хъæуæй, дардæй дæр разынди хъæды æвæрд хъæу æмæ раст уый рауадис Æстыр Хъелет.

Хъæуыл афтæ ахызтыстæм æмæ æддейæ дзы ничи уыдис. Хæдтулгæ суадоны цур баурæдтам. Уым дардæввахс æстуртæ хызтысты æмæ ам кæмдæр фыййау кæнæ адæймаг куы уыдаид, уый нысан уыд.

- О, фысымтæ! – фæхъæр кодтам хæдзæртты рдæм æмæ дардæй сылгоймаджы хъæлæс райхъуыст:
- Оу, чи стут?
- Хъæуы уазджытæ стæм!

Чысыл асинтæй, кæцытæ къуылдымыл уыдысты арæзт, бахаудыстæм цæрæнады алцæмæй бæрзонддæр бынатыл, кæм бæрзонд иууæладзыгон хæдзар уыдис амад. Æндæр хæдзæрттæ та хъæдæй сты арæзт æмæ сыл зæронды фæд зыны.



Нæ фысым Къæбулты Лело разынди. Уый Æстыр Хъелеты гуырд у. Йе мкъай та Знауыры районæй у, кæм майрæмымæй хæсты фæстæ нæ дæр уыдысты. Аскъуыддзæг кодта йæ фыды хъæуы хæдзар саразын.

Лело нæм радзырдта, кæддæр хъæуы 200 хæдзар кæй цардысты. 1990-æм азты гуырдзыйаг-ирон конфликты æмæ мæгуырдзинады тыххæй та хъæу иуылдæр федзæрæг ис. Ныртæккæ хъæуы æрмæст 3-4 хæдзар цæры.

Зымæджы миты рæстæджы фæндаг æхгæд вæййы, æмæ уый тыххæй афæдзы уазал афонæй сæи дардмæ хæссынц. Сæрды та адæм фылдæр вæййынц, сæйрагæй улæфджытæ. Цалдæр километры у Хъелеты цад, кæдæм дзы Хашурæй æмæ районы æндæр хъæутæй пикникмæ цæуынц.

Лело дзуры, сæйраг проблемæ фæндаг кæй у. Сæрмагондæй зымæджы. Карджын адæмы арæх фæхъæуы тагъд медицинон æххуыссы хæдтулгæ. Æвзæр боныгъæдты та хæдтулгæ нал æссæуы хъæумæ.
«Арæх фæрсынц кары, рынджыныл, дам, цал аз цæуы» - хъуыды кæны Лело.

Лелойыл 73 аз цæуы. Хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ сахары цæрынц. Каст Църомы дзыллон æскъола фæцис. Сывæллонæй бæллыдис йæ фыдыхоты хуызæн куы æсуыдаид, уымæн æмæ куыд хъуыды кæны, тынг хъæбатыр фыдыхотæ йын уыдис.

«Тынг хъæбатыр фыдыхотæ мын уыдис. Сæ иу Шубитидзетæм уыд чындзыдзыд. Мæ мад мын-иу афтæ – ды дæр дæ фыдыоты хуызæн, дам, дæ. Фыдыхойыл 13 аз цыд, чындзы йæ куы акодтой, гыкъынæтæй хъазыдис. Тынг æппæлинаг фыдыхотæ мын уыдис.» - хъуыды кæны Лело.

Хъæу æфцæджы зонæмæ кæй хауы, уый тыххæй боныгъæд арæх фæивы. Цыппурсы мæйы къæвда рауарыд. Сырхзæхх тагъд æсцъыф вæййы æмæ хъæу тагъд ныууагъдтам.

Print