Ног хабæрттæ
Къæбулты сых
Къæбулты сых (Къæбулаантубани) Гурмæ тынг æввахс у æвæрд. Цъус бæрзонддæр ранæй сахары уындтæ дæр зынынц.

Фæлæ Гурæй йæ ауынын уæ бон нæ æсуыдзæн. Цæрæнуат, кæм 20 хæдзар дæр нæ банымайдзынæ, иу гыццыл къуылдымыл у сконд. Йæ алыварс хъæутæ сты: Къошкъеби(Мæсгуытæ), Риети, Бетлеми æмæ Скъра.

Æнæбакæсгæ уымæ, Риет, Бетлем æмæ Скъра кæрæдзийæ «æнæфæхицæнгонд» кæй сты æмæ сæм кæрæдзимæ цæдис ис, ахæм цæдис Къæбултæн нæй никæцы хъæуимæ. Уый Къошкъебы хъæуæй дæр иу чысыл комæй у фæхицæнгонд. Къæбулты сыхы, уæлейæ цы хъæутæ дæр ныффыстам, сæ иуы хайыл дæр нæ банымайдзыстут.

Къæбулты сых нывæцыл дæр нæу нысангонд, нæ дæр административон нывæцыл ис йæ кой. Ирæттæй цæрæгджын сыхы Къошкъебы хайыл нымайынц, фæлæ Къошкъебæй дзæвгар дард у æмæ сын иумæйаг фæндаг дæр нæй.



Ацы хъæуы алчи Къæбултæй у. Фыццагæй Къæбулты Тамазыл фембалдыстæм. Уый нын куыд загъта, уымæ гæсгæ, зымæджы уæвæртæ ам тынг карз æсты, æмæ нуазæн доны хынцæгыл сыджыт калдта, цæмæй йæ бахызтаид ихæй.

«40 лари кæны иу хынцæг. Нæ мæ фæнды зымæджы куы ныссал уа æмæ уымæн ыл сыджыт кæлын, цæмæй ихæй аирваза.» - дзуры Тамаз.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы арæзтадон процесс 1986-7 азты фæстæ нал дæр райдыдта.



«Ноджы “Перестройка“ –йы рæстæджы, коммунистты хицауады периоды фæцис ам арæзтад. Йеуæд цы хæдзæрттæ сарæзтой, уый фæстæ ницы.» - дзуры Тамаз.

Уый уый дæр фæхъуыды, кæцæй цæуы Къæбулты сыхы истори.

Таурæгъмæ гæсгæ, Къæбулты мыггаджы фыдæлтæ Джеры рдыгæй ралыгъдысты Бнелеты дзуары бынтæм.

Тамаз куыд дзуры, ай коммунистты агъоммæ æрцыдис. Коммунистты фæстæ та, Къæбулты Никъо ныллыгъдис уырдæм, кæм ныр Къæбулты сых у æвæрд.

Изольда Окрошиашвили ацы хъæуы 1981 азæй цæры. Уый æмæ йæ æмкъай æмкъласæттæ уыдысты. Бæрзонд къласты Скърайы хъæуы ахуыр кодтой.

«Уæлдайдæр зын цард 1990-æм азты æрцыдис. Уымæ æфтыдис мæгуырдзинад дæр, рухс нæ уыдис, ницы. Хæццæдзинады фæстæ дæр райдодтой адæм хъæуæй лидзын.» - дзуры Изольда. Абон та йын ныфс ис, уырдыгæй чи алыгъд, уыдон тагъд куы æрæздæхой сæ къонамæ.
Print