Ног хабæрттæ
“Тынг мæ фæнды алчи йæ хæдзармæ куы рæздæха” – Сатердзейы хъæу
Æввахсæй иу азы размæ, Карелæй Дзамагоммæ немæ иу адæймаг рараст. Гуердзинеты йонг, Сатердземæ, дам, цæуын.

“Хъæуы цалдæр адæймаг стæм, фæллой дарæм, царды фæдыл цæуæм.” – загъта нын нæ балццон уæд. Гуердзинеты Дзамайы доны былыл æрхызт æмæ йæ фæндаг къахæй адарддæр кодта.

Йеуæд ахъуыды кодтам, зæгъгæ, Сатердзейы хъæу æввахс, кæмдæр 1-1.5 км-ы дарддзæджы уыдаид.

Цалдæр рæстæджы фæстæ , уырдæм къахæй ацæуын сфæнд кодтам. Фæлæ нын загътой, цæуын, дам, бирæ рæстæг бахъæудзæн, уымæн æмæ уый онг кæдæр 4 км дам у.

Карелы транспорт агурын байдыдтам. Таксискъæрджытæ, стыр хæдтулгæтæ кæмæ уыд, уыцы дыууæ адæймагмæ фæдзырдтой:

“Мæн не вдæлы, Саркъейы дæн, стæй уырдыгæй Хъинцъисмæ кæнын адæмы” – дзуапп нын радта иу скъæрæг.

Стæй иннæ скъæрæгмæ дæр фæдзырдтой – “Суанойыл дæн, уырдыгæй нæ зонын кæд æрцæудзынæн” – ахæм дзуапп нын радта иннæ скъæрæг дæр.

Афтæмæй уыцы бон Карелы хæдтулгæ не ссардтам. Туристон агентады цур ацыдыстæм, фæлæ уым ничи уыдис информаци куы райстайккам. Цалдæр рæстæджы фæстæ ноджы сфæнд кодтам ацæуын. Карелы нæ бацæдис кодтой иу адæймагимæ, кæцы Сатердзейæ у. Æрмæст ын артаг балхæдтам, Гуердзинеты ныл фембæлдис æмæ акодта Сатердземæ.


100 м-ы ахизыны фæстæ бамбæрстам тынг зын æмæ ахъаззаг фæндаг кæй уыдис нæ размæ. Скъæрæг йæ мидбылты худтис, мах нырма быдыры уæвгæйæ куы бамондаг уыдыстæм уындтæй.

“Нырма кæм æстут. Фендтаг ноджы нæ разы ис” – дзуры нын нæ фысым.

Уым, фæндаг дыууæ дихæй кæм цæуы, фæлгæт у ныммонтажгонд. Ацы фæлгæты та Мады Майрæмы дзуарныв у æвæрд. Иу фæндаг цæуы Сатердземæ, иннæ та – Картамæ. Картайы сауджынтæ цæрынц.

Ныллæуыдыстæм даргъ хæрдыл. Нæхи хæдтулгæ та хивæндау цæуы размæ. Нæ сæтты цъыфæй. Уыцы бон къæвда уыдис æмæ зæхх дæр хуылыдз уыд. Цæуæм æмæ хъуыдытæ кодтам, ардæм хъуамæ рацыдайккам къахæй?!

“Мæ хицон æссыд къахæй” – дзуры фысым. – “кæм дæр афтæ сахат æмæ рдæг ын бахъуыд.”

Руис-Урбнисы епархийы Сатердзе тынг зынгæ бынат у. Уырнынонтæ ардæм арæх. Гыццыл хъæуы цалдæр кувæндон ис.

Фыццаг кувæндон Андрей Фыццагхуынды номыл у. Ам 4-уæладзыггон комплекс аразынц. Фыццаг уæладзыджы кувæндон у, иннæ уæладзгуытыл та гыццыл уæттæ. Ам сауджынтæ цæрдзысты.

Нырма æнæфауд агъуысты рудзынгæй диссаджы рæсугъддзинад зыны.



Цалынмæ хъæумæ бацыдыстæм, ноджы иу аргъуан ауыдтам, кæм дзы 10-онг хъæдын коттедж лæууыдис. Ацы коттеджты дæр, къелитæ цы хонынц, сауджынтæ цæрынц.

Ахызтыстæм монастырон территорийæ æмæ бацыдыстæм хъæумæ, Къуртъанидзеты хæдзармæ.

Нæ фысым Нуну Къуртъанидзейыл æввахсæй 70 аз цæуы. Йæ радзырдмæ гæсгæ, йе ‘фсин æмæ йæ хицауы бинонтæ 1954 азы быдырмæ, Карелмæ лидзæг фæкодтой.

“Лидзæг сæ куы акодтой, цы фæйнæг æмæ æрмæг сын уыдис, алыцыдæр Карелмæ аластой. Уымæй самадтой нæуæг хæдзæрттæ быдыры. Мæн ме ‘мкъай 1970-æм азты æрбакодта чындзы ацы бинонтæм. Карелы цардыстæм. Мæ хицау æмæ ме ‘фсин ардæм 1984 азы рæздæхтысты. Сарæзтам ног хæдзар æмæ байдыдтой цæрын. Мах дæр-иу æссыдыстæм. 2000-æм азты фæзиан сты мæ хицау æмæ ме ‘фсин æмæ уый фæстæ æдзухæй ам дæн.” – дзуры нын Нуну Къуртъанидзе.

Дзургæйæ нын фенын кæны алфæмбылай æмæ ноджы уыцы нæуæг хæдзæрттæ, кæм дзы сахарæй ссæугæ бинонтæ цæрынц. Нуну Къуртъанидзейæн ныфс ис æмæ 12-дæр бинонтæ æрæздæхдзысты Сатердземæ
Print