Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цыппарсывæллонджын бинонтæ «Арæнон зонæйы» – Уæллаг Арцеу
Бураты Цезары æмæ Къæбулты Залинайы бинонтæ Уæллаг Арцеуы хъæуæй дæрддзæф цæры. Ацы хъæу дихгæнæг хаххы цур ис Цхинвалы районы.

Дэ-факто Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй сфидаргонд нормæтæм гæсгæйæ, бинонтæ «Арæнон зонæйы» бахаудысты.

Банер хæдзары цур хæрзæввахс лæууы. Куыд Залина цхинвайлаг журналисттæн бамбарын кодта, афтæмæй банеры æмæ хæдзары ‘хсæн элетродæттæг хаххы æртæ цæджындзы лæууы.

Бинонтæ бирæ азты дæргъы бæллынц, цæмæй сын хæдзар уа Цхинвалы кæнæ Цхинвалы горæты æдде, æгас бинонты бюджет у 4,5 мин сомы (рубли), пенсийы хуызæй æмæ сабитæн рахицæнгонд иу мин сомы.

Æдæппæт бинонты æфтиаг 5 500 рубли у, кæцы национ банкы абоны курсæй 161.7 лари уыдзæн.



Уæллаг Арцеу арæн кæны Гуры муниципалитеты Куешы хъæуимæ.

Лæппутæй хистæр Илья 12 аздзыд у, Владимер æмæ Давитыл дæс æмæ авд азы цæуы. Сæ иунæг хо та – Виктория сеппæтæй чысылдæр у.

Кæстæр лæппутæ иттæг хорз ахуыр кæнынц, уарзынц ныв кæнын, Илья æмæ Владимер хорз арæхсынц спортырдæм. Уыдон Цхинвалы скъолæ-интернаты ахуыр кæнынц æмæ сæ хъæумæ æрмæст сабат-хуыцаубоны æркæны сæ фыд.

«Интернаты нæхи хорз хатæм, æмбæлттæ нын ис, хорз нын хæрын кæнынц. Æрмæст-иу мæ изæры хæдзармæ фæфæнды», - дзуры хистæр лæппу Илья.

Æрмæст, куыддæр æрталынг вæййы, лæппутæ, уæлдайдæр хистæр, «Паддзахадон хæдзары» сæхи иунæгæй фенкъарыц æмæ-иу мысынц хъæуы æдде сæ чысыл агъуысты уæвыныл, сæ ныййарджытимæ æмæ сæ чысыл хо – Викайы фарсмæ уæвынмæ фæбæллынц.

Агъуыст быдыры

Хæдзарæй цалдæр километры радиусмæ нæдæр хæдзар ис æмæ нæдæр сыхæгтæ.

«Ам ничи цæры, ардыгæй Уæллаг Арцеуы хъæу цыппар километры дæрддзæфмæ ис, æхсæвы тъураты ниуын хъуысы ардæм, кæцырдæмфæнды акæсай, арæн у, фосы дæр нæхæдæг аскъæрæм, цæмæй уыцырдæм ма бахиза. Арæныл æнцонæй ахиздзæн, фосæн нæ бамбарын кæндзынæ арæнон зонæйы нысаниуæг» - зæгъы Залина.



Хæдзары хицау куы нæ вæййы хæдзары, уæд куыдз æмæ гæды Залина æмæ йæ чысыл хъæбулы Викъайы сæйраг хъахъхъæнджытæ сты.

«Хæдзар зæххыл лæууы, ам алыран дæр уымæл у. Хъарм боны дæр пецы сарт кæнын. Сырх Дзуары миссийæ ратгæ сугтæ нæ фаг кæнынц зымæгæн, сывæллæтæн дæр нæй кæм æрулæфой ахæм бынат», - зæгъы Залина.

Бинонтæ ныр цалдæр азы Цхинвалы хицауадæй æххуыс курынц, фæлæ сын нырма ницы баныфсæвæрдтой.

«Мах нæ домæм хæдзар Цхинвалы центры, курæм иу уатон фатер кæнæ къаннæг хæдзар горæты æдде, цæмæй иу сывæллæты скъолæйæ хæдзармæ ракæнæм. Скъолæ-интернат нын æххуыс кæны. Сывæллæттæ уым сахуыр сты æмæ сын фарсхæцынад дæр ис», - банысан кодта журналисттимæ ныхасгæнгæйæ бинонты мад.



«Къуырисæры ме ‘мкъай сывæллæты Цхинвалмæ акæны скъолæмæ, майрæмбоны кæнæ сæ сабаты ракæны фæстæмæ. Сывæллæттæ-иу хæдзармæ цæуын фæфæнды, чысыл Викъайæн хъазæнтæ дæр нæй. Фæнды нæ, сабидонмæ йæ бакæнæм, фæлæ нын уый фадат нæй, сабиты фæнды цæуой ленгкæнынмæ, хъæбысæйхæцынмæ, фæлæ сæ чи кæндзæн?», - æмбарын кæны Залина.

Æрмæст æртæаздзыд рæсугъд Викъайы нæ цымыдис кæны хæдзарон проблемæтæ; уый æнæмæтæй хъазы йæ фæныкхуыз гæдыйы лæппынимæ.

Алцыппæт æнæрастæй ацыд.

2019 азы Цезар фæрынчын. Ахсæны операци æмæ хирургион терапийы курстæ уымæн нæ раздæхтой раздæры æнæниздзинады уавæры.

«Уæд мæ хæстæг, кæцы удæгас уыд æмæ Мæскуыйы цардис, операцийы хæрдзтæ уый бафыста. Операци йын Гуырдзыстоны сарæзтой. Пандемийы рæстæджы та мæ мад фæзиан, бынтон æнæхицауæй баззадыстæм», - мысы Залина.

45 аздзыд Цезарæн операцийы æмæ химиотерапийы курсты фæстæ йæ бон кусын нал у. Уымæ иудадзыгæй хъусдарын хъæуы, хъæумæ журналистты æрцæугæ боны дæр уый анализтæ аразынмæ уыдис.

«Цалдæр бонмæ йæ томографи дæр бахъæудзæн, сæкæры æмвæзад 20-мæ хæццæ кæны. Цæлмартæн (грыжа) йæ хъыг дары æмæ йын нормалонæй цæрыны фадат нæ дæтты, куыстыл ма чи дзуры. Чысыл раздæр ын 3,5 мин рублийæ хос балхæдтон, хæс райстон афтæмæй», - зæгъы Залина.

Цыппар æмæ æрдæг мин рубли пенси у, иу мин рублийы бæрц сабиты æххуыс у, хæлцады пакеттæ Сырх Дзуары миссийæ æмæ чысыл фермæ – æуый у сæ бонджындзинад, кæцыйы фæрцы бинонтæ тыххæйты дарынц сæхи.

Бураты æхсæзлæгон бинонтæй æрмæст мадæн у йæ бон кусын.





Куешы скъолæ, кæцы Уæллаг арцеуаг сабитæм æнхъæлмæ кæсы

2008 азы августы хæсты агъоммæ, Уæллаг Арцеуы хъæуæй Куешы астæуккаг скъолæйы 35 сабийы ахуыр кодта. 2021 азы та Куешы скъолæ дыууæ ахуырдзау каст фæцис, кæцытæ фæстаг рæстæджы Уæллаг Арцеуæй цыдысты.

Хæсты фæстæ, хъæуы ныууагъта цæрджыты фыдæр хай æмæ Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территоримæ ахызтысты. Иннæ цæрджытæ, сæйрагæй, этникон ирæттæ та, хъæуы баззадысты.

«Кæцытæ нæ хицауады контролгонд территоримæ рахызтысты, уыдонæн цæрæн хæдзæрттæ æндæр æмæ æндæр территорийыл радтой, кæмæн Гуры, кæмæн æндæр ран æмæ уый тыххæй ахуырдзауты дæр акодтой семæ. Уæллаг Арцеуы ма чи баззад, уыдоны хъæбултæ сæ ахуыр адæрддæр кодтой махмæ. Ныртæккæ, мæ бон нæу зæгъын, исчи ма ис æви нæ æндæр сабитæ Уæллаг Арцеуы, ацы дыууæ ахуырдзауы йеддæмæ. Æндæр махмæ ничи фехъусын кодта», - загъта нын нырма ноджы 2020 азы Куешы астæуккаг скъолæйы директор Бибилаури Лела.



Куешы астæуккаг скъолæйы директор, Бибилаури Лела зæгъы, цæмæй августы хæсты фæстæ, ситуаци цæхгæр фæивта. Ацы дыууæ хъæу уыйас æввахс сты кæрæдзимæ, æмæ 1990-азты гуырдзиаг-ирон конфликты фæстиуæгæн дæр нæ фескъуыдта æмахастдзинад.

2008 азы августы хæсты агъоммæ, Уæллаг Арцеуы хъæуæй сабитæ æрвылбон цыдысты скъолæмæ. Иттæг æввахс у ацы хъæу æмæ нæдæр уыдис проблемæ уæдмæ ницыхуызон, хæсты фæстæ, бæлвырдæй фæивта ситуаци. Абон иунæг саби дæр нал цæуы Уæллаг Арцеуæй мах скъолæмæ», - загъта нын Бибилаури Лела.

Нырма ноджы 2020 азы, Куешы ног скъолæйы бæстыхай АИШ-ы уæдыккон минæвар куы байгом кодта, уæд Бибилаури Лела официалонæй фехъусын кодта, цæмæй скъолæмæ кæй цыдысты оккупацигонд хъæутæй дæр сабитæ, сæрмагондæй дыууæ ахуырдзау æмæ уыдонæн стыр бузныг загъта иузæрдыгдзинады тыххæй.

Мах ацы хатт тилифонæй ныхас кодтам Бибилаури Лелаимæ, кæцы нын загъта, цæмæй уыцы дыууæ ахуырдзау скъолæ каст кæй фесты, æмæ абон ситуаци уыйбæрц вазыгджын у, цæмæй уæдæй фæстæмæ Уæллаг Арцеуæй Куешы скъоламæ ахуыр кæнынмæ цæуæг ничиуал разынд.

«Ацы сабитæ каст фесты скъолæ. Уымæй фæстæмæ, мах скъолæмæ уырдыгæй ахуыр кæнынмæ ничиуал æрбацыд», - зæгъы Бибилаури Лела.



Уæллаг Арцеуы æмæ Куешы кæрæдзийæ донхорыггæнæн къанау дих кæны. Тирифоны къанау ацы фадыгыл а.х. арæнон хаххы нысан кæны. Ахизæн чысыл хид, кæцы иунæг-иу цæдисгæнæг уыд хъæуты ‘хсæн, нал ис, систой йæ. Территорийы Уæрæсейы оккупацион тыхты бæрнонтæ контроль кæнынц.

Сабитæн сæ бон у Куешы астæуккаг скъолæйы ахуыр кæнын, æниу сын ацы фадат Уæрæсейы æфсæдтонтæ нæ дæттынц. Куешы скъолæйы та, алы уавæртæ дæр ис, цæмæй Къæбулты Залинайы хъæбултæ дæр уым сахуыр кæной, æниу, куыд сæхæдæг цхинвайлаг журналисттæ фыссынц, уымæ гæсгæ, дихгæнæг хаххы цурмæ æввахсы тыххæй, уыдонмæ æрцахсынæй æртхъирæнтæ кæнынц а.х. арæнхъахъхъæнджытæ.

Куыддæр Куешы ног скъолæ арæзт æрцыд, АИШ-ы минæвары хæсты æххæстгæнæг Елизабед Руд дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауадæн уадзæн пункты бакæны ‘рдæм æрсидт:

«Æз ноджы иухатт сидын Цхинвалы дэ-факто хицауадмæ байгом кæна уадзæн пункттæ, цæмæй цæрджытæн радтой сæрибарæй змæлды æмæ нормалон царды амалдзинад», - фехъусын кодта Елизабед Руд Куешы хъæуы.

Скъолæ АИШ-ы хицауады æххуысæй, цалцæггонд æрцыд. Раст, скъолæйы расидт минæвары хæсты æххæстгæнæг дэ-факто хицауадæн, цæмæй тырной адæймæгты гуманитарон уавæрты фæхуыздæр кæныныл.

«Иугонд Штаттæ мæт кæнынц ситуацийы фæфыддæры тыххæй дихгæнæг хаххы цур, сæрмагондæй, хъуыддаг куы хауы ног сындзтелты арæзтмæ, уæлдайдæр уыцы бынæтты, кæцыйы Тбилис рагæй контроль кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фыддæр кæны гуманитарон ситуацийы дыууæ фарсæн дихгæнæг хаххы æмæ сын аразы цæрджытæн зындзинæдтæ алы æрдæмадæй. Мах ноджы иухатт сидæм Цхинвалы дэ-факто хицауадæн, цæмæй байгом кæна ацы уадзæн пункттæ, радтой фадат адæймæгтæн сæрибарæй змæлыны, радтой сын фадат адæймæгтæн, медицинон æххуыс райсын кæй хъæуы уыдонæн, цæмæй райсой æххуыс, æмæ иумæйагæй ма хъыг дарой адæймæгты нормалон цардæн», - фехъусын кодта минæвары хæсты æххæстгæнæг.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.