«Фыссын уый ныфсæй æмæ йæ бакæсдзыстут... Æз Гуры районы цæрын,
арæнгæрон хъæуы... Мæнæй дыууæ хъæуы дæрддзæфдæр Тирдзнисы хъæуы
цæры Къусрадзеты бинонтæ, кæцы фондз уæнгæй конд у, уыдон цæрынц
тынг уæззау уавæрты. Цалдæр боны размæ йæ фехъуыстон, цæмæй ацы
бинонтæ чысыл хъæдын хæдзары 7 азы дæргъы кæй цæры.
Дыууæ фарастæм къласы саби, сæ мадимæ, сæ нанаимæ æмæ дадаимæ иумæ.
Фæндыдис мæ фенын сæ цæрæн уаты æмæ уавæрты, 2009 азы «Æхсæнадæмон
æххуысгæнджыты камитет æмæ динондзинад» баххуыс кодта уыдонæн æмæ
сын сарæзта, хæдзар, кæцыйы арæзтад кæронмæ æххæстгонд нæу.
Бæстыхай дыууæ фатерон у, нæй ын дуар æмæ рудзгуытæ...
Хъæдын хæдзары мад нæ зайы, уымæн æмæ дзы бынат нæй æмæ æхсæв
æрæдгарæзт бæстыхайы сбон кæны.
Уыдонæн зымæг зындонимæ ассоцир кæны. Мады хатæны мит афтæ уары
куыд дуармæ. Исынц социалон æххуыс, фæлæ сæ дада рынчын у æмæ
хостæн бахъæуы социалон æххуысæй цы суммæ исынц уый æрдæг, нæй сæм
æхца, цæмæй хæринаг балхæной.
Сæ нанайы сын куы бафарстон, зæгъгæ, цы у се ‘рвылбонон хæринаг,
уый мын кæугæйæ дзуапп ратта, цæмæй абон уыдон æвæццæгæн ницы
бахæрдзысты, уымæн æмæ сæм дзулы æхца дæр нæй...
Бафарстон сæ, зæгъгæ уын кæд хъыг нæ уыдзæн, уæд уын дзаумæттæй
уæддæр баххуыс кодтаиккам, æмæ 13 аздзыд саби йæ кæуын нал
баурæдта... æз сын фæхатыдтæн сæ рттивгæ цæстыты, дзырд «æххуыс»
куыддæр загътон...
Социалон хызы Джалабадзе Нинийы рапарахатгонд пост æмæ къамтæ стыр
резонанс расайдтой. Къусрадзеты бинонты уавæры фæдыл телеуынынад
дæр бацымыдис кодта. Сæ цæрæнуатмæ Гуры муниципалитеты гæсад дæр
æрцыдис. Аскъуыддзаг ис хæрзиуæгадон концерт ауадзын.
2016 азы 3-æм мартъийы та, ацы бинонтæ Гуырдзыстоны премьер-министр
Квирикашвили Георги бабæрæг кодта.
Квирикашвили Георги мадæн, кæцы йæ рынчын моимæ, хъæбулимæ æмæ
хъæбулы хъæбултимæ иумæ дихгæнæг хаххы цур цæры, баныфс æвæрдта,
цæмæй сын сæ хæдзары кæронмæ саразынынæн баххуыс кæндзæн.