Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Къæлиндар
|
Ног хабæрттæ
«Ничи нын ис хицау» — чемерттаг Къасрадзе Сулхан хицауады æнæхъусдарды фæдыл
Чемерттаг Къасрадзе Сулхан ныртæккæ цæры Къаспы муниципалитеты,
Метъехы лигъдæтты цæрæнуаты. 2008 азы хæсты фæстæ йæхи фæлвæрд
царды æмæ абоны царды уавæрыл ныхас кæны, уый ныхасмæ гæсгæ, уæд
хъæу стыр тæссагдзинады бын уыдис, абон та бынæттон цæрджытæ
хицауадæй æнæхъусдард æнкъарынц сæхи.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис. Уым иу сывæллон фæзиан, фыд аирвæзт. Йæ мад уырыссаг уыд æмæ семæ уырыссагау ныхас кодта, фæлæ йæ уыдон хъуыды дæр не ркодтой. Сидзæр сывæллонмæ сæ кæсгæ дæр ничи бакодта», — дзуры Къасрадзе.
Уый ныхасмæ гæсгæ, хæсты рæстæджы æгас хъæу Чемерты стыр мæсыгы сæхи æмбæхстой. Уым сæхи æдасдæрæй хатыдтой, уымæн æмæ æдзух æхстытæ уыд бомбæтæ калдтой.

Къасрадзе Сулхан абон дæр стыр зæрæдæрыстæй ныхас кæны хицауады тыххæй. «Кæй аххос у уæдæ, Къобахидзе дыууæрдæм куы кæны? Æрбацыд уый ардæм искуы? Федтон æй цæстæй?» — фæрсы уый
Къасрадзе нын фенын кодта йæ ног арæзт дыргъдон дæр. Дзуры, цæмæй алцыдæр йæхи тыхтæй кæй аразы, æмæ йын æххуыс кæй никæмæй ис:
«Чи ис ам махæн хицау? Лигъдæттæ æнæхицауæй, æнæркастæй баззадыстæм, чидæриддæр нæм йæ хъус æрдара, мæ сæр сæ нывонд уыдонæн, кæцыфæнды хицауад ма уæд, фæлæ нæ хъыгагæн фæрсгæ дæр ничи кæны».

Зæхкусæг ма конкретон проблемæты дæр ранымадта. Куыд зæгъы, афтæмæй хъæдмæ бацæугæйæ æфхæрд цæуы иварæй, йæ тыллæгæн ын æвæрæн бынат нæй, ацы азы та йын нæ уайы ауæй кæнын дыууæ сæдæ асыкк фæткъуытæ.
«Хицауад мæ бафæрсдзæн истæмæй? Цы бакæна зæхкусæг? Уый æрбæстон кæнын гæнæн уыдаид заводтæ куы кусиккой, цыранмæ дыргъы дон радтаиккам» — зæгъы уый.
Къасрадзе мысы, цæмæй хæсты агъоммæ уымæн кæй уыд стыр хæдзар æмæ стыр ныккæнд (падвал). Абон та йын ис æрмæстдæр чысыл æвæрæндон, цыран æвæры консервтæ. «Ай цард у?» — æвæры фарста.
«Ам гамгебели дæр ис æмæ сакребуло дæр, фæлæ ничи тырны зæхкусæгæн баххуыс кæна. Ничи нын ис хицау», — зæгъы Къасрадзе Сулхан.

Æндæр æмæ æндæр
Популярон ногдзинæдтæ
![]() |
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |