Цхинвалы тамакойы дымыны ныхмæ закъонпроектыл кусынц
А. х. Хуссар Ирыстоны æхсæнады æмбырдгæнæн бынæтты тамако дымыны ныхмæ сты.

Закъоны райсты фæстæ тамако дымын гæнæн уыдзæни æрмæст дæр уыцы рæтты, цыран уыдзæн специалон бынат кæнæ та дуармæ.

Ай тыххæй информаци ирон агентад «Осинформ» парахат кæны.

Раджы дэ-факто парламент райста закъон æнæзындгонд Хуссар Ирыстоны территоримæ æрбахæссыны, æфснайыны æмæ пайдагæнæны сæхгæды тыххæй, ахæм тамакотыл цахæмтæ сты «сниус», «насвай» æмæ æндæр хæццæ дымæн фæрæзтыл.

Дэ-факто парламенты æнæниздзинады камитеты сæрдар Козонты Аланы ныхасмæ гæсгæ, ацы закъонпроекты нысан у æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæнын тамакойы фæздæджы уæлархайдæй.

«Тамакойы фæздæджы зиангæнæг уæлархайдмæ гæсгæйæ, закъон тамако дымыны бар нæ дæттдзæн сабиты фæзуаттыл, паддзахадон бæстыхæйтты, æхсæнадон уагдæтты, æхсæнадон транспорты, социалон лæггады бæстыхæйтты, скъолæты æмæ æндæр территорийыл» - зæгъы Козонов.

Print