Ног аргъуандоны сауджынты аргъуыд гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгтыл æххæст æрцæудзæнис
Гуырдзиаг-ирон аргъуан Мцхетæйы арæзт цæуы.

Арæзтадон куыстытæ 2015 азы райдыдта. Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуан байгом кæнын сплангонд у ацы азы 6-æм майы.

Фыццаг аргъуыд аргъуаны гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгтыл уыдзæни.

Ай фæдыл информаци агентад «Эхо Кавказа» парахат кæны.

Агентады информацимæ гæсгæ аргъуаны арæзтады райдайæг гуырдзиаг меценат Звиад Читишвили у, æхцайы фæрæз уый æмæ гуырдзаг æмæ ирон растцытгæнæг уырнонтæ иумæйагæй æрæмбырд кодтой.

Бындур ныккалыны рæстæджы делегаци æрхуыдтой, куыд Цæгат Ирыстонæй, афтæ а. х. Хуссар Ирыстонæй дæр.

Аргъуаны арæзтады инициатортæ зæгъынц, цæмæй аргъуан Гуырдзыстоны цæрæг ирæттæн растцытгæнæг авдæн хъуамæ суа æмæ райгуырæн бæстæйы сакъадæх хъуамæ уа уыцы ирæттæн, кæцытæ Гуырдзыстонмæ æрцæуынц.

Ирыстоны диаспорæйы сæрдар Гуырдзыстоны коммæгæс Сохъуырты Георги «Эхо Кавказа»-имæ ныхас кодта аргъуаны нысаниуæгыл:
«Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуан арæзт цæуы ирæтты æмæ гуырдзиæгты иумæйаг тыхтæй. Гуырдзыстоны уæвæг Сыгъдæг Георгийы номыл алкæцы аргъуандонæй хаст ис фæйнæ дуры, кæцы пайдагонд æрцæудзæнис аргъуаны арæзты. Аргъуан мидæгæй нывгонд æрцæудзæнис, пайдагонд æрцæудзысты гуырдзиаг æмæ ирон национ орнаменттæ. Ацы аргъуан уыдзæнис нысаниуæгджын дыууæ нацийы историйы, уымæн æмæ Гуырдзыстоны аргъуыд никуы цыд ирон æвзагыл», - загъта Сохъуырты Георги.

Аргъуаны арæзтадæн æххæст Гуырдзыстоны каталикос патриарх Илия – 2-аг раарфæ кодта. Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны раздзæуæг Владикавказы гуырд Теймураз Шиошвили уыдзæнис.

Print