Гурмæ ‘ввахс, Цъминдацъхъалийы котеджты цæры Тутарашвили Вахтанг,
кæцыйæн йæ хъæбул, 1989 азы, Тамарашены хъæуы цур фыццаг хъаугъайы
рæстæджы, 17 аздзыдæй фæмард.
Ныртæккæ, бинонты уæнгтæ премьер-министры æмæ президенты номыл
курдиат æрвитынц. Уыдон уыцы æххуысы курынц, кæцыйы хæсты
фæмард¬уæ¬вæг бинонтæ æр-выл мæй исынц.
Тутарашвили Вахтангæн зæгъынц, цæмæй йæ фырт Вепхиа тохы рæстæджы,
нæ фæмард.
17 аздзыд Тутарашвили Вепхиа 1989 азы 26-æм декабры Тамарашены
бахизæны цур ирон криминалон къорды уæнгтимæ фæбыцæуы рæстæджы,
фæмард.
Ирон фарс, Цхинвалы уæды прокуратурæ лæгмарды фæдыл гуырысхойаг
алкæцы гойма-джы дæр æрцахста. Тамарашены хъæумæ зианы ныгæды бонмæ
Гуырдзыстоны уæды рæстæджы компартийы нымæрдар Гумбаридзе Гиви дæр
æрцыдис.
Тутарашвили Вахтанг: «Мæ хъæбул 90-æм азты фæмард, 26-æм декабры.
Фыццаг амæттаг уыд Тамарашены хъæуы. Уым ис йæ уæлмæрд. Августы
хæсты рæстæджы алцыппæтдæр ныууагътам æмæ рацы¬дыстæм уырдыгæй. Ацы
сывæллоны мæлæт махæн тынг уæззау маст уыд, фæлæ ныртæк¬кæ цы
æххуыс дæттынц, 1000 ларийы уый махæн нæ дæттынц. Цæмæннæ нын
дæт¬тынц ацы æххуысы, нæ зонын. Афтæ нын загътой, формæ №501 дам
уын нæй. Уыцы рæстæджы ацы фæрмæ №501 уæй кодтой. Уым чи доны
фæхуыдуг, чи йæхи йæхæдæг амардта, ныр уыдоны бинонтæ æххуыс исынц
хицауадæй. Уæд сæрмагондæй лæг æрвыст уыд, кæцы лæвæрдта ацы
фæрмæйы, фæлæ уый та æхца аразынмæ фæци. Уыцы рæстæджы мæнмæ æхцайы
фæрæз нæ уыдис æмæ нæ райстон ацы формæ, ныр цы бакæнон? Мæ хъæбулы
зианмæ æнæхъæн Гуырдзыстон æрцыд Тамарашенмæ. Йæхæдæг Гумбаридзе
(компартийы нымæрдар) уыд хисты боны.
Райсом куадзæны бон у æмæ уæлмæрдмæ нæ ацæудзыстæм. Йæ номыл мын
фыс æлхæд ис, ам æй хъуамæ аргæвдон. Æртæ хъæбулы мын уыди. Лæппу
æмæ ма мын чызг баззад. 17 аздзыд уыдис Вепхиа, куы мын æй амардтой
уæд. Фыццаг ацы хабар уыд, æмæ йæ мæлæты фæстæ фæндæгтæ сæхгæдтой,
Цхинвалмæ нæ нал уагътой æмæ иу рахызтыстæм хæхтыл сусæгæй æмæ иу
афтæ Гурмæ æрцыдыстæм.
Уым нын иу ирон хæстæг ис. Уæлмæрды ныв дæр систа æмæ йæ рарвыста,
Æнæвнæлд у. Сыгъдæг æй кæны, йæ хъус æм дары, арæх нæм дзуры
тилифонæй, уæ зæрдæ дам ма хсайæд, алцы дæр дам йæ нывыл у.
Хорз æмахастытæ нын уыдис, хæларæй цардыстæм. Иу рæстæджы автобусыл
куыстон, ирæтты кодтон Лиломæ, бабазар иу кодтой, стæй иу сæ
фæстæмæ ныккодтон, хæрзæввахс уыдтæн ирæттимæ. Куы йæ зыдтаиккой
уыдон, æмæ мæ хъæбул уыди, бæлвырд æй нæ амардтаиккой.
Уавæр куы схæццæ ис, цыдысты хъæумæ æмæ иу адæмы хъыг дардтой,
истой сын сæ фæллой, надтой сæ æмæ сæм марынæй æртхъирæнтæ кодтой.
Уый фæстæ мын мæ фырты амардтой. Цыппарæй уыдысты, ирæттæ сæ
сæхæдæг æрцахстой марджыты. Уый фæстæ фæндæгтæ нал уыд æмæ нæ
ирæттæ нал уагътой».