«Ойы фембæлдзынæн Путинимæ, æнæвизæ режимы дæр æрхæсдзынæн,
территорион
æнæхъæндзинады дæр сæндидзын кæндзынæн».
Бурджанадзе Нино – политикон змæлд «Нино Бурджанадзе демократон
Гуырдзыстон».
«Æнæмæнгæй фембæлдзынæн Уæрæсейы президентимæ. Æнæвизæ режим
дæр æрхæсдзынæн, Уæрæсейы базары байгомы дæр æрхæсдзынæн æмæ
æнæмæнгæй райдайдзыстæм бадзырдтæ территорион æнæхъæндзинады
сæндидзын кæныны фарстæйы фæдыл. Уый разныфсæвæрд уыдзæн
æнæблокон статусы расидын. Мæн фæнды гуйрæгтæн зæгъын æрфыссой
сæ къух нæ инциативæйыл, цæмæй парламенты, хатыр бакæнут ацы
ныхасы тыххæй, фæлæ иуæй иутæн сæ фыдзы раз авæрæм ацы
гæххæтт, кæцытæ дзурынц, цæмæй Гуырдзыстоны цæрæг адæмы дам
«Нато» хъæуы æндæр ницы, зæгъгæ. Æрфыссут уæ къух æнæблокон
статусыл, цæмæй æнæблокон статусы расидынæй махæн нæ бон суа
бауырнын кæнæм Уæрæсейæн уый, цæмæй мах уыдонимæ
фæнды хæлардзинад. Цалынмæ Уæрæсе хъуыды кæны, æмæ
Гуырдзыстоны территорийыл æрлæудзысты америкæйаг æфсад,
Усупашвилийы ныхасмæ гæсгæ, кæнæ ракетæтæ, Аласанийы ныхасмæ
гæсгæ, уæдмæ уырыссаг æфсад ардыгæй никуыдæм ацæудзæнис. Мæнæн
ис шанс сымахимæ иумæ, цæмæй мах райдайæм бæстæйы
сиукæнынады процессы. Æз уын зæрдæвæрын уымæй, æмæ мæ
хицауадмæ æрцæуыны фæстæ бæстæйы сындзджын телтæй æмбæндтæ нал
уыдзæнис. Æз уын ныфсдæттын уымæй, цæмæй арæн фæстæмæ уыдзæн
уыцыран цыран раздæр уыди. Гуырдзыстоны æмæ Иры афтæхонгæ арæн
ма хъуамæ уа, фæлæ хъуамæ уа Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны арæн. Æз
уын зæрдæвæрын уымæй, æмæ æз сымахимæ иумæ, сымах æххуысæй,
мах сæндидзын кæндзыстæм æууæнкдзинады хидты, кæцы ныссастис
мах æмæ ирæтты хсæн, фæлæ уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ у æфхæрд
æрцæуа уыцы адæймаг æмæ адæймæгтæ, кæцытæ фынæй Цхинвалыл
бомбæтæ æркалдтой, кæцытæ уый фæстæ æхца фыстой
цæйдæрты тыххæй. Нал мæ фæнды алцы дзурын».