Къаспы муниципалитеты Чобалауры хъæуы Кокойты Нугзар иунæгæй
цæры.
Мæ хъæбултæ Цæгат Ирыстоны Владикавказы горæтмæ хæсты фæстæ
алыгъдысты цæрынмæ. Ивгъуыд азы декабры мæйы, мæ бинойнаг дæр
ацыдис.
Йæ райгуырæн хъæу нæ уадзы, фæлæ, йæ цæрæн хæдзар кæлæддзаг у,
къултæ хæлынц, царæй дон тæдзы.
Гамгеобайы йын загътой, цæмæй хуыздæр уыдзæн йæ хъæбултæ йын куы
баххуыс кæной. Социалон агентад та йын 2013 азæй æххуыс нал
ратта.
Кокойты Нугзар нырма уыцы кары нæй, цæмæй пенси райса, æмæ уый
тыххæй социалон æххуыс куры. Дзуры, цæмæй Къаспæй Тбилисы онг
ныццæуа нæй йын фæндаггаг æхца.
Социалон агентады Шида Картлийы информацион центрæн загътой, цæмæй
Кокойты Нугзарæн йæ бон у æмæ бадæтта курдиат. Бæрæггæнæнты базæйы
уый нырма регистрацигонд у йæ бинойнагимæ иумæ.
Бинонты уавæры ивындзинадмæ гæсгæйæ, социалон куыстуаты агентад та
ногæй басгардзæнис.
Документты æртымбыл кæнын æмæ бавдисынæн, ын æвæццæгæн,
муниципалитеты гамгебелы минæвар баххуыс кæндзæнис