Ног хабæрттæ
Хубулури Темур Къаралеты лигъдæттимæ фембæлд
«Гуырдзиаг бæллицц-демократон Гуырдзыстон» Гуры районы мажоритарон депутаты кандидат Хубулури Темур компактон цæрæн бынаты цæрджытимæ фембæлдис.

Мажоритарон депутаты кандидат лигъдæттæн хицауады плæнттæ базонгæ кодта.

«Нæ хицауадæн приоритетон у лигъдæтты хъæугæдзинæдты æмæ хæрзæбоны фарст. Паддзахад адарддæр кæндзæнис лигъдæтты цæрæнуæттæй сифтонг кæныны эфективон политикæйыл кусын. Иуыл æввахсдæр периоды фæуыдзæн аст 10-уæладзыгон бæстыхайы арæзтад 480 бинонтæн. Уæлæмхасæй, 2017 азы Гуры арæзт фæуыдзæн 32-фатерон ног арæзт корпусы ремонт. Ацы проекты фæлгæтты иуыл къаддæр 3000 лигъдон бинонтæн лæвæрд æрцæудзæнис цæрæн хæдзæрттæ. 24 000-æй фылдæр лигъдон бинонтæн, кæцытæн сæрма-гонды ис лæвæрд цæрæнуæттæ, афтæ ма уыдоны рдыгæй скæнгæ фатерты хицæутты æмбæлттæн сæрмагонды лæвæрд æрцæудзæнис иумæйаг пайдагæнæны бынæттæ дæр. Адарддæр кæндзысты сæрмагонд хæдзæрты хицæуттæй уыцы цæрæн уæтты æлхæнын, кæцыты лигъдæттæ цæрынц. Ацы проекты фæлгæтты, иуыл къаддæр 1500 лигъдон бинонтæ хæдзæрттæй ифтонггонд æрцæудзысты. Паралеллонæй, цæуы ахæм куыст, иуæрдыгæй, донортимæ, фæлæ, иннæрдыгæй та, инвестортимæ, цæмæй сæрмагонд æмæ æхсæнадон партниордзинады фæлгæтты арæзт æрцæуа ног цæрæнуат лигъдæттæн куыд горæтты, афтæ хъæуты», – загъта уый.

Print