Гуры муниципалитеты Корды хъæуы тъуратæ роды бахордтой.
Ай тыххæй Шида Картлийы информацион центрæн территорион органы
минæвар Багъашвили Мурман радзырдта.
Уый ныхасмæ гæсгæйæ, хъæддаг сырдтæ хъæугæрон цæрæг иу хæдзары
фосмæ скъæтмæ балæбурдтой.
Корды хъæу дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæу у æмæ оккупацигонд, цæрджытæй
сафтид Ереды теммæ арæн кæны.
«Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хъæуты цæрджытæ нал ис, фæстаг цалдæр
азы хъæутæ сафтид сты, æмæ уырдыгæй сырдтæ сарæх сты. Фарон дæр,
æндæраз дæр, фиксиргонд æрцыд ана¬логион цау. Ныр тъуратæ кæй род
бахордтой, уыцы бинонтæ хъæугæрон цæрынц. Фос скъæ¬ты æдде
баззадысты. Цæрджытæ дæр сырдтæй тæрсынц æмæ сæхи хахъхъæнынц», –
зæгъы Багъашвили Мурман.