Футболон клуб Цхинвалы «Лиахви» дзуапп дæтты Гуырдзыстоны футболы
федерацийы дисциплинон æмæ хъæстыты æвзарæг къамитеты скъуыддзагæн,
кæцымæ гæсгæйæ Цхинвалы «Лиахви» иваргонд æрцыд 10 000 ларийæ æмæ
йын фæцух кодтой 6 кула.
Дисциплинон æмæ хъæстыты æвзарæг къамитет УЕФА-йы фæлитой ставкæты
базынды системæйы хыгъдæй разамынд кодта.
8-æм ноябры, фыццаг лигæйы хъазтыл Хоны «Имереты» æмæ Цхинвалы
«Лиахвийы» матчы фæстиуæгыл (5:1) æрцыд гуырысхойаг манипулир
кæнынад, кæцы бæлвырдгонд цæуы. Дисциплинарон къамитет уæлæмхасæй
базонгæ хъуыддагимæ, байхъуыста фæрстæм æмæ рахаста ахæм
скъуыддзаг:
Матчы фæстиуæг нæ банымадтой. Хоны «Имерет» рапорты фæд-фæдыл
дыккаг хатт бахауды фæстæ æмæ æндæр уавæртæм гæсгæ ист у хъазтæй,
банымадтой ын нырмæ цы кулæтæ æрæмбырд кодта уыдон æмæ йын дарддæры
матчты нымад æрцæудзæнис 0:3 фембылд. Командæйы менеджер
Чакъветадзе Сосойæн бар нал радтой, цæмæй ма хайад райса футболимæ
бастгонд хъуыддаджы.
Футболы клуб Цхинвалы «Лиахви» банысангонд факты фæдыл йæ
тыхстдзинад равдыста æмæ зæгъы алы бадзырдыл æмæ фæстиуæгыл кæй ис
манипулир кæнын. Гуырдзыстоны футболы федерацимæ æмæ æмбæлон
органтæм курдиат бадæтта, сбæрæг кæной банысангонд матчы æмæ аккаг
тæрхоны мадзæлттæ ауадзой.
Цхинвалы «Лиахви» æмкуыст кæны футболы федерациимæ æмæ алы хатт дæр
цæттæ у бах-хуыс кæна фæдагуырдæн, цæмæй куынæггонд æрцæуа алыхуыз
фидыдтытæ гуырдзиаг футболы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фыццаг лигæйы ивгъуыд сезоны,
2015 азы 29-æм ноябры ауадзинаг матчы Хобы «Къолхет» æмæ Цхинвалы
«Лиахви»-йы хсæн гæнæнуæвæг фидыдмæ гæсгæ уагъд нал æрцыд.
Футболы федерацийæн информаци «Лиахвийы» минæвæрттæ бадæттой, цæй
фæстиуæгæн дæр Гуырдзыстоны футболы федерацийы президент
Къобиашвили Леуан йæхæдæг ныццы-дис Хобмæ ситуацийы базоныны
фæдыл.
Ацы рæстæгмæ нырма æнæзонгæ у чи архайдта фæлитой бадзырд
саразыныл. Футболон клуб Цхинвалы «Лиахви» курдиат бадæтта
Гуырдзыстоны футболы федерацимæ уæлдæр фæны¬сан¬гонд цаутимæ иумæ,
цæмæй ма ноджы иу хатт æркæсой æмæ сбæрæг кæной матчы, кæцы
гæнæнуæвæг фидыдмæ гæсгæ уагъд не рцыдис.