Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур кæй æрцахстой, уыдон æхсæн Цхинвалы районы æмбæстæгтæ фылдæрæй уыдысты
Административон арæнмæ ввахс сарæх уæвæг ахстытæм æнæкæсгæ, Эргнеты абон 72-æм ауагъд бадзырдыл банысан кодтой, цæмæй фæстаг периоды мидæг ситуаци стабилон у.

Ай фæдыл курдиат Евроцæдисы хъусдарæгон мисси парахат кæны.

Курдиатмæ гæсгæйæ, фæрстæ тæвд хаххæй пайда кæныны фæдыл, ноджы цæттæдзинад зæгъынц.

Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыстуаты пресс-куысты бæрæггæнæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны централон хицауады минæвæрттæ æрцахстытæн аргъ кæнынц, куыд стабилондзинады æмæ сабырад халыны æртхъирæнтæ.

«Фембæлдыл централон хицауады минæвæрттæ, афтæ ма, Цхинвалы ахæстоны, æнæзакъонæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг Гиунашвили Георгийы фарстæйыл æруынаффæ кодтой æмæ фиксиргонд æрцыд, цæмæй уый ныхмæ аххасæгтæ æнæбындур, æрымысгæ сты æмæ уымæ гæсгæйæ, æнæмæнгхъæугæ у, Гиунашвилийы ссæрибар кæнын», - банысангонд ис паддзахадон æдасдзинады куыстуаты курдиаты.

Цхинвалы прокуратурæ уый аххосджын кæны, дэ-факто республикæйы ныхмæ, сарæзт анипаддзахадон архайды тыххæй.

Цхинвалы минæвар Санахъоты Давит йæ хъус æрдардта Эргнеты территорийыл административон арæны демаркацийы æнæмæнгдзинады тыххæй.

Уый ирон журналисттæн ратгæ информацийы загъта, цæмæй æнæмæнгхъæугæ кæй у арæнон нысæнтты смонтаж кæнын Эргнеты цур, куыд уый Знауыры районы арæзт æрцыд демаркацийы фарстыл Гуырдзыстоны хицауад та ацы хатт дæр не сразы.

Санахъоты Давиты ныхасмæ гæсгæ, фæстаг иу мæйы дæргъы администрацион арæны цур 28 адæймаг æрцахстой.

«Адонæй, 10 Гуырдзыстоны æмбæстаг у», - загъта Санахъоты Давит.

Уымæ афтæ кæсы, цæмæй дихгæнæг хаххы цур, арæны нысангæнæн нысæнтты æрывæрынæй, дыууæ фарсырдыгæй дæр æмбæстæгты ахстытæ фæкъаддæр уыдзысты.

Санахъоты Давит зæгъы, цæмæй Гуырдзыстоны централон хицауады минæвæртты рдыгæй спайдагонд терминтæ æнæрайсгæ сты.
Уæлдайдæр та, Цхинвалы хицауадæн ахæм терминтæй пайда кæнын бынтондæр æнæрайсгæ у, цахæмдæриддæр у «фæстæмæ балхæнын». Ам уыцы суммæйыл дзырд цæуы, кæцы ахст æмбæстаг, Цхинвалы тæрхондоны аскъуыддзагæй, ивары хуызæй фиды.





Print